Æрвылаз дæр Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ æрымысынц,  2008 азы августы Гуырдзыстоны уæды къухдариуæгад хуссарирыстойнаг ирæтты ныхмæ цы тугуарæн хæст райтынг кодта, уым фæмардуæвджыты рухс нæмттæ. Ирыстоны ног историйы ацы бонтæ фыст æрцыдысты сау дамгъæтæй. Радон хатт та Гуырдзыстоны хицауад бахъавыд ирон  нацийы скуынæг кæнын, æмæ тæппуд сырдтау бахъавыдысты сæ тугмондаг план æхсæвыгон сæххæст кæнын-мæ.

2008 азы 7 августы æхсæвы Гуырдзыстоны къухдариуæгад сабыр цæрæг адæмы ныхмæ райдыдта уæрæхмасштабон хæст. Райгуырæн бæстæмæ знаг бирæ хæттыты æрбавнæлдта йæ тугмондаг дзæмбытæй æмæ куынæг кодта ирон сабыр цæрæг адæмы стырæй, чысылæй. 1920 азæй суанг 2008 азмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгады фашистон политикæ ирон адæмæн бирæ æнамонддзинæдтæ æрхаста. Хуссарирыстойнæгтæй уыдон никуы ферох уыдзысты. Агрессор ацы хæстон операцимæ рагæй кæй цæттæ кодта йæхи, уый бæрæг уыд удæгас тыхтæй æмæ  æфсæддон техникæйæ, дæр. Уыдонæн сæ плæнттæ ныппырх сты, нæ адæмы иудзинад æмæ Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты  хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады  руаджы. Бирæ хъайтартæ фесæфта Ирыстон, бирæ хуссарирыстойнаг бинонты цард фестын кодта зындон.

Æрвылаз дæр августы мæйы æрбалæудимæ, æрхæндæг хуыз райсы нæ Райгуырæн бæстæ. Нæ республикæйы æмбæстæгты зæрдæтыл æрлæууынц  августы сау бонты цаутæ, знаджы сырдон митæ, Ирыстоны сæрибардзинады тыххæй знагимæ æнæмсæр тохы  хъæбатырæй чи фæмард, уыдоны нæмттæ. Цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр уыцы бонты æрцæугæ трагикон цаутæ рох никуы уыдзысты, æмæ цалынмæ Ирыстоны ирон адæймаг цæра, уæдмæ кад кæндзыстæм нæ хъайтартæн.

Куыд æрвылаз, афтæ ацы аз дæр Ирыстоны дзыллæйад æрымысыдысты 2008 азы августы хæстон архайдтыты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

8 августы горæт Къуайсайы дæр арæзт æрцыд мысæн акци 2008 азы августы хæстон архæйдтыты рæстæджы Райгуырæн зæхх знагæй ссæрибар кæныны фæстиуæгæн сæ сæртæ нывондæн чи æрхаста, уыдон рухс нæмттæ æрымысыны тыххæй. Акци бацæттæ кодта Къуайсайы администраци æмæ Культурæйы хайад. 8 августы изæрæй Къуайсайы къультурæйы хæдзары раз фæзуатмæ æрбамбырд сты Къуыдаргомы цæрджытæ. Фæзуатыл цырæгътæй фыст æрцыд 08.08.08. Егъау  телеэкраныл хъуыстысты фыдохы музыкæйы зæлтæ. Афтæ ма æвдыст цыдысты хæстон архайдтыты цыбыр сюжеттæ.  Акцимæ æрбацæуджытæ иууылдæр æвдыстой сæ рыст æмæ фыдох, уыдоны цæсгæмттыл бæрæг уыд, кæй та сын сног сты 2008 азы августы хæстон цаутæ.

Фыдохы акци бацæуæн ныхасæй байгом кодта Культурæйы хайады кусæг Зассеты Алан æмæ ныхасы бар радта Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæзаты Геннадийæн. Уый æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта хæстон архайдтыты цаутæ, банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстоны адæм бирæ азты дæргъы баййæфтой цалдæр агресси Гуырдзыстоны  æрдыгæй. 12 азы размæ дæр ирон адæм радон хатт  Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй бавзæрстой егъау хъизæмæрттæ. Загъта, зæгъгæ, та ирон адæмы та радон хатт бахъуыд знаджы ныхмæ æрлæууын стырæй, чысылæй æмæ уымæн аккаг ныхкъуырд раттын. Кæд знаг æвдыста йæ тых, йæ хæстон хъомыс, уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, нæ адæмы ныфс нæ асаст æмæ та  слæууыдысты радон хатт знаджы ныхмæ. Нæ фæсивæды патриотизм æмæ æхсардзинад ацы хæстон архайдтыты рæстæджы нæ сомбоны кæстæртæн суыдзысты бафæзминаг æмæ  цæвиттойнаг. Бæзаты Геннади ма йæ раныхасы загъта, зæгъгæ, кæд знаг æппæт дæр арæзта, цæмæй ирон адæмы, ирон нацийы скуынæг кæна, уæддæр нæ ирондзинады, сæ Фыдыбæстæмæ нæ адæмы уарзондзинады руаджы уыдонæн уый нæ бантыст. Йæ раныхасы рæстæджы уый бахатыд акцимæ æрбацæуджытæм, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой, Ирыстоны сæрибардзинады тыххæй сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы зынгхуыст хъайтарты рухс нæмттæ.

Горæт Къуайса æмæ Кировы скъолаты ахуыргæнинæгтæ бакастысты хæсты темæйыл фыст æнкъард æмдзæвгæтæ.

 Кæд 12 азы рацыд, уæддæр рох никуы уыдзысты ирон адæмæй августы фондзбонон хæсты цаутæ, æнустæм нæ зæрдыл дардзыстæм, уæлахиз нын чи æрхаста æмæ абон сæрæгас  кæй фæрцы стæм, уыдон нæмттæ. Нæ мысынады цæрæнбонтæм баззайдзысты уыцы трагикон бонтæ.

Танделаты Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.