РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй министрады  фембæлд уыд министрады къухдариуæгад æмæ Уæрæсейы Федерацийы  ведомствойон  уæлдæр ахуыргæнæндæттæ Хуссар Ирыстонæй каст чи фесты, уыцы рауагъдонтимæ.

Сæ ахуыр æнтыстджынæй кæй фесты æмæ мидхъуыддæгты органты кусын кæй райдайдзысты, уый тыххæй Республикæйы Президенты  æмæ Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгады номæй рауагъдонтæн раарфæ кодта ведомствойы сæргълæууæг инæлар-майор Наниты Игорь.

«Хуссар Ирыстоны æмæ нæ хъайтар адæмы номæй кæй ахуыр кодтат уыцы ахуыргæнæндæтты, уый тыххæй  сымах сæрыстыр хъуамæ уат. Сымах серьезон фæлварæнтыл рацыдыстут æмæ аккагæй фестут номджын ахуыргæнæндæттæ», – загъта министр.

Наниты Игорь банысан кодта, Мидхъуыддæгты министрады раз цы хæстæ ис, уыдон.

«Нæ разы лæууынц тынг ахсджиаг хæстæ. Уыдон банысан кодта нæ паддзахады Президент Бибылты Анатоли. Фыццаджы фыццаг уыдон сты организацигонд фыдракæндты ныхмæ æгъатыр тох, æхсæнадон фæтк æмæ æмбæстæгты æдасдзинад хъахъхъæнын, закъондзинад æмæ службæйон дисциплинæ ма халын. Уыдон сты фыццаградон хæслæвæрдтæ, кæцыты хъуамæ æххæст кæнат сымах. Уырны мæ, сымахæй алчи дæр хаты,  цы бæрндзинад ыл ис, уый», – банысан кодта  Мидхъуыддæгты министр.

Уый ныфс бавæрдта рауагъдонтæн, алчи дæр сæ куыстæй ифтонг кæй æрцæудзæн.

«Профилон дæсныйадтæм гæсгæ сымахæн лæвæрд æрцæудзæн бынæттæ нæ ведомствойы алы дæлхæйтты», – банысан кодта Наниты Игорь.

Уыимæ иумæ Мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг æрсидт рауагъдонтæм, цæмæй ма тырной æвиппайды бæрзонд бынæтты кусынмæ.

«Нырма уал уæхи хъуамæ бафæлварат куысты. Хъуамæ сахуыр уат адæмы райсын, семæ кусын. Цæмæй практикон фæлтæрддзинад райсат, уый тыххæй уал  хъуамæ бакусат районон управлениты», – бамбарын сын кодта министр.

Йæ рады Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады Волгограды академийы рауагъдон Санахъоты Домбай бузныджы ныхæстæ загъта Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгадæн, Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады номджын уæлдæр ахуыргæнæндæтты сын ахуыр кæнынæн фадат  кæй радта, уый тыххæй.

«Мах тырныдтам, кæм ахуыр кодтам, уым нæ Райгуырæн бæстæ аккагæй равдисыныл. Нæ разы цы нысæнттæ уыд, уыдон сæххæст кодтам. Ныр нæ ныфс ис, практикон фæлтæрддзинад кæй райсдзыстæм æмæ республикæйы хæрзиуæгæн кæй кусдзыстæм, уымæй», – банысан кодта Санахъоты Домбай.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.