Табу дæ бæрзонд номæн, Дунесфæлдисæг иунæг кадджын Хуыцау! Бузныг дын, армыдзаг, фæлæ хæрзты хуыздæр, æхсарджынты æхсарджындæр Ирыстонæн дæ цæст æвæджиауы хæрзтæ кæй уарзы, уый тыххæй! Ирыстон æмæ ирон аивадæн удуæлдай лæггад чи кæны, фæлæ «бафæлладтæн» кæмæй нæ фехъусдзынæ, ахæм лæппутæ йын кæй балæвар кæныс, уый тыххæй! Уæлдайдæр ахæм лæппутæ, ацы æнæхайыры азтæ кæуыл нæ тых кæнынц, йæ дадайы кары дæр æвзонг лæппутæ кæмæ батæхуды кæной…Сæрмагонд бузныг дын, ирон аивады æфсондз кæуыл сæвæрдтай æмæ уыцы аивады фыдæнхъæл чи нæ фæкодта, уыцы æфсондз æвдайаздзыд æвзонгæй, йæ фæрнджын удыхъæды æвидигæ фарн æмæ дæ лæвар курдиаты фæрцы ирон аивады хæрзæбонæн чи хæссы, уыцы цæхæрцæст лæппу Уанеты Æхсары тыххæй!

Алчи дæр бузныг вæййы йе сфæлдисæгæй, цард ын кæй радты, уый тыххæй,фæлæ алкæй къухы нæ бафты йæ уды рухсæй цардæн йæхи дæр рæсугъд кæнын… Æхсары къухы бафтыд! Йæ курдиаты цæхæр, йæ куыстхъомдзинад æмæ ирон сценæмæ æнæкæрон уарзондзинады фæрцы.

Куыд нæ национ аивад æмткæй сисгæйæ, афтæ хъæздыг у ирон театралон аивад дæр йæ диссаджы курдиатджын цырагъдарджытæй, бæрзонд æмвæзадыл аивады фæрцы нæ æгас зæххы къорийæн чи зонын кæны, нæ фыдæлты æнæмæлгæ аивад нын фæцудын чи нæ уадзы, ахæмтæй. Уыдоны хуыздæртæй сæ иу Уанеты Æхсар у. Хуыздæрты номхыгъды та йæ йæ æрдзон курдиат æмæ хæдгъуыздзинад сæвæрдтой. Æхсар никæй фæзмы – нæ йæ хъæуы æндæр актерты ссадвæдыл цæуыны сæр, ис ын йæхи «æз», йæхи уынынад æмæ йæхи сæрмагонд æрмдзæф. Никæимæ дæр æй баргæ акæндзынæ – ирон театралон аивады йæ оригиналондзинады фæрцы ссардта йæхи, æрмæстдæр йæхи чи у, æрмæстдæр йæхиуыл чи фидауы, ахæм сæрмагонд бынат:

Æхсар у – Æхсар!

Уый тыххæй у зынаргъ æмæ уарзон адæмæн, ирон сценæмæкæсæгæн. Уый тыххæй у адæмон артист.

О, Æхсар Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист дæр у æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист дæр. Хъæрæсе-Черкесийы сгуыхт артисты ном дæр ма хæссы! Фæлæ йын уыцы кадджын нæмттæй иу дæр куынæ æрцыдаид лæвæрд, уæддæр æй афтæ уарзид, уартæ йæ хæрзæвзонгæй чи айста йæ зæрдæмæ, уыцы ирон сценæмæкæсæг. Уымæн æмæ цыфæнды ролы дæр хъазгæ нæ кæны – цæргæ кæны сценæйыл. Кæй ролы бацæуы, уый цард æмæ уый хъысмæтæй. Йæ цинæй æмæ йæ рыстæй, йе ‘фсарм æмæ йе ‘гъдауæй.

Адæмон – уый æнæкæрон стыр æмæ уæззау бæрндзинад у. Фæлæ Æхсары тæлтæг уæхсджытæ никуы ма фæтасыдысты уыцы бæрндзинады уæзæй. Йæхи базонынæй фæстæмæ, йæ мидисджын сфæлдыстадон фæндагыл куы ныллæууыд, уæдæй фæстæмæ. Уартæ ма суинаг лæппу куы уыд, хистæрты цур зарын ма æфсæрмы куы кодта, уæдæй фæстæмæ. Йæ уд, йæ дзæцц уыдис кафын æмæ зарын. Скъолайы ахуыры азты рæстæджы дæр кафт æмæ зарæг йе ‘взонгады æмбæлццæттæ уыдысты. Скъолайы фæстæ, Советон Æфсады куы службæ кодта, уæд дæр цæстæвæрæн уыдис йæ диссаджы курдиатæй, йемæ чи службæ кодта, уыдонæн, алы æмæ алы адæмты минæвæрттæн. Уæдæ, Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны дæр вокалы хайады ахуыр кодта. Фæлæ… Зард æмæ мын кафт Хуыцауæй лæвæрд сты, кæдæм мын ирвæзынц, зæгъгæ, æвæццæгæн, афтæ ныдздзырдта йæ цардбæллон зæрдæмæ æмæ куыдфæстагмæ равзæрста театралон аивад. Мæскуыйæ Ирыстонмæ æрцæуæг къамисы уæнгтæ Мæскуыйы уæлдæр театралон ахуырад райсынмæ цы курдиатджын фæсивæды равзæрстой, уыдоны ‘хсæн фæцис Æхсар дæр. Æмæ ацыд уыцы фæндагыл, кæд ын нæ номдзыд композитор Æлборты Феликс йæ разы бæндæнтæ айтыгъта, архайдта, цæмæй йæ, куыдфæндыйæ дæр, вокалон аивадыл бафтыдтаид, уæддæр Æхсар ацыд йæ равзæрст фæндагыл. Æмæ уый дæр нæ банымадта фагыл, фæстæдæр ма режиссеры дæсныйад райсынмæ дæр рабаста йæ гæрзтæ – уый дæр мæскуыйаг уæлдæр ахуыргæнæндоны, Культурæйы институты.

Æмæ æппæт уыдæтты фæстæ аныгъуылд, йæ сæр кæм хъуыд, уыцы сфæлдыстадон куысты.

Симды куы бацæуай, уæд дзы си-мын хъæуы. Дæ ныфс куы бахæссай сценæмæ рахизынмæ, дæ удæн удмæ æцæгæлон чи уыд, ахæм адæймаджы удысконды бацæуынмæ, уæд хъуамæ фыдæнхъæл ма фæкæнай, цы фæл-гондзы бæрны бацыдтæ, уый дæр, æмæ дын дæ «кæйдæр цардмæ» чи кæсы, уыцы театрдзауы дæр. Æмæ ма иу хабар: Æхсар йæхæдæг дæр нал хъуыды кæндзæн, йе сфæлдыстадон куысты рæстæджы æдæппæт цал ролы ахъазыд, уый. Уыцы рольты ‘хсæн уыдис, уырыссаг, кавказаг, бирæ æндæр бæстæтæ æмæ адæмты драматургимæ гæсгæ æвæрд спектакльты рольтæ дæр. Куынæ сæм рæхстаид, сценæмæ сæ æмбæлон æмвæзадыл рахæссын йæ бон куынæ цыдаид, уæд-иу ын сæ йæ бæрны нæ бакодтаиккой амæй-ай зындгонддæр режиссертæ.

Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр Æхсары удыхъæд æмæ удыскондыл ирон национ фæлгæндзтæ, хæрдгæхуыдау, куыд сфидауынц, уый æнахуыр æхцон у ирон аивадуарзаг зæрдæтæн. Æниу… Кæй зæгъын æй хъæуы, алы национ театры актер дæр фыццаграды хъуамæ тырна, йæ бæрныуæвæг «фæсарæйнаг» фæлгондзæн йæ национ хиæдтæ сценæмæ рахæссынмæ, фæлæ дзы кæмдæр, йæхи туг-стæгæн хицон чи сты, ахæм хиæдтæ дæр хъуамæ фæкæна. Тæбæхсæуты Балойы Отелло иннæ Отеллоты ‘хсæн хуыздæрыл нымад цæмæн уыд? Уымæн æмæ дзы бавæрдта ирон лæджы æхсар æмæ сæрыстырдзинад…

Ис уыцы сусæг-æргом арæхстдзинад актер Уанеты Æхсармæ дæр, фæлæ дзы уæддæр, йæ зындгонддæр æмæ уарзондæр рольтæй сæ иу – Фæныкгуызы куыд сирон кодта, уый диссаг уыд. Афишæйыл-иу, пьесæйы автортæ гуырдзиæгтæ кæй сты, уымæ фыццаг хатт чи фæкомкоммæ, уый хъуамæ бадис кодтаид, уый та куыд, ирон уацмыс нæу, зæгъгæ… Афтæ йæ ахъазыд Æхсар. Йæ алы дзырд, йæ алы нуары фезмæлд æмæ уæнгты фердæхтæй дæр дзы сарæзта сыгъдæг ирон типон комикон фæлгондз. Уый уыд, йæ рæстæджы ирон сывæллæттæ æмæ фæсивæды иууыл уарзондæр фæлгондз – йæ ныхæстæ йын ахуыр кодтой, йæ митæ йын фæзмыдтой…

Æмæ фылдæрæй фылдæр кодтой, Æхсары адæмæн чи бауарзын кодта, ирон сценæйыл ын йæхи сæрмагонд бынат чи ссардта уыцы фæлгæндзтæ.

«Дыууæ хойы», «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ», «Дон Карлос», «Фатимæ», «Усгур Гаци», «Фæныкгуыз», «Чепена», «Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы», «Сæтти æмæ Бæтти», «Усбирæгъ», «Къулыбадæг усы фырт», «Кæркгæсы чызг», «Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц», «Расыггæнджытæ», «Робинзонтæ», «Сугътаг фыдсылтæ», «Æз президент куы уаин»… Æмæ ноджы цал æмæ цал спектаклы ис ранымайæн, нæ театры репертуары цалдæргай азтæ чи батыдта, сценæйæ ацæуын чи нæ куымдта, Æхсары аив хъазт бæрæг кæм дардта…

Йæ хæдгъуыз æмæ ирд курдиатæй кæддæриддæр цæстуарзонæй лæггад кодта Æхсар йæ уарзон театрæн. Йæ размæцыды, йæ дидинæфтауæн азты дæр æмæ йыл знаджы азарæй фыдбонтæ куы ныккодта, уыцы дывыдон дуджы дæр. Нæ культурæйы сæйраг артдзæст, нæ театрæн йæ бæстыхай куы басыгъд æмæ куыстмондаг, куыстуарзаг коллектив цалдæр азы ратон-батойнаг æмæ кæйдæр къуындæг къуымты раппар-баппайраг куы уыд, уæд дæр.  Гал марæггаг ма хъуг дæр чи фыста, уыйау: театр, дам, хъуамæ саразæмы æфсон нæ мæгуыр адæмæн сæ маамæлайы къæбæры фаг мызды капеччытæ дæр тыхæйисæгау куы кодтой, фæлæ, уыцы æхцатæй – куыдзы гуыбыны хъуыр-хъуыр йедтæмæ кæй ницы райхъуыст, уыдæтты тыххæй дæр нæ удмарæг зæрдæхудт кæрæдзийæн удхæсджытæ куы фестын кодта, уыцы рæстæджы дæр…

Нæ зонын, цас раст уыд, афтæ чи загъта, зæгъгæ, сармадзантæ куы фæнæрынц, уæд музæ ныссабыр вæййы… Чизоны ис ахæм адæмтæ, сармадзанты нæрыны тасæй алцæуыл дæр къух чи сисы. Фæлæ ирон адæм никуы уыдысты ахæм, æмæ афтæ цæмæн хъуамæ бакодтаиккой Æхсар æмæ йæ фæлтæры аивадæн лæггадгæнджытæ дæр? Уазал æмæ стонгæй бирæгъ дæр тæрсы, фæлæ нæ фæтарстысты нæ аивады сæрхъызойтæ – иу чысыл-иу электроны рухс ферттывта, зæгъгæ, уæд та-иу театры дуæрттæ байгом сты!

 Афтæ ничи загътаид, уазал у, ничи фæтарстаид, исты йыл сæмбæлдзæн, уымæй… Æгæрыстæмæй, гуырдзы театр куы бацахстой æмæ йæ сæ фæстæ, хуыйæн йæ дæлæмæрхауинаг сфæлдисæг цы уаг æмæ æгъдау сфæлдыста, ахæм уагыл куы ныууагътой, уæддæр никæмæн амард йæ онг, уый нæ, фæлæ дывæр тыхтæй бавнæлдтой Æхсар æмæ йе ‘мзиууæттæ нæ удварны сæйраг артдзæст йæ къахыл слæууын кæнынмæ. Æхсар-иу боныгон посты лæууыд, изæры-иу йе ‘хсæнгарз бафснайдта æмæ – сценæмæ. Знаджы хæдæхсты къæр-къæр кæдæм хъуыст, къухтæ кæм салдысты, комы тæф кæм зынд, уыцы уазал сценæмæ. Æмæ куыд иннæ артисттæ, афтæ Æхсар дæр æнувыд лæггад кодта йæ уарзон сценæйæн. Цæмæй ма ахуысса, йæ фарн ма фæцуда, цыфыддæр знаджы фæндиаг ма фæуа. Уымæйдæр – удуæлдай лæггад… Хъæрмад цы у, уый чи нал зыдта, уыцы уазал сценæйыл тас куыднæ уыд адæймаджы æнæниздзинадæн, фæлæ, поэты загъдау – лæг кард лæджы хурхмæ кæм дары, уым нæй лæмæгъуæвæн лæгæн!.. Мæ зæрдыл нал лæууы, цы спектакль уыд, фæлæ иу хатт, цалынмæ æмбæрзæн нæ байгом, уæдмæ Æлборты Шоренæ фæскулисты Æхсарæн, йæ цыбырдыс хæдонмæ амонгæйæ, афтæ зæгъы: «Æхсар, дысджын хæдон уæддæр скæн, фæрынчын уыдзынæ». Æхсар æм йæ фæллад цæстытæ уайдзæфгæнæджы зылд бакодта æмæ афтæ зæгъы: «Спектаклмæ гæсгæ куыд æмбæлы, хъуамæ афтæ конд уон, аивад уазалы раз ницы аххосджын у…»

Куыд нæ хъуамæ уай сæрыстыр, дæ сæр бæрзæндты куыд нæ хъуамæ хæссай, ахæм æмфыдыбæстæйон, ахæм æфсымæрæй!

Ахæм у Æхсар. Ирон аивады æвæллайгæ зиууон, йæ фыдыбæстæйы иугъæдон фæдисон. Йæ сæйраг куыст сценæйыл ис, фæлæ дзы бирæ æндæр хъуыддæгты дæр никуы фехъусдзынæ, уый мæ куыст нæу, уый мæнмæ нæ хауы, зæгъгæ. Йæ сæйраг куысты æмрæнхъ уыд республикæйы Парламенты депутат дæр, адæмон театры аивадон къухдариуæггæнæг дæр. Йæ сæр кæм хъæуы, йæ бон хорздзинад саразын кæм у, уым йæхи нæ бамбæхсдзæн. Нæдæр мыггаджы ‘хсæн, нæдæр – Ирыстонæн иумиаг æхсæндзарды хъуыддæгты. Стæй йыл куыд тынг фидауы йæ ирон лæггад! Алцы дæр ын тадзгæ-баргæ, алцы дæр ын – æгъдауыл. Афтæ дæм фæкæсдзæн, цыма, Æхсар цы æртæ кæрдзынæй фæкувы, уыдон Хуыцаумæ хуыздæр фæзынынц, цыма, Æхсар цы Уастырджийы зарæг сисы, уымæн Уастырджи йæхæдæг дæр фæхъырны…

Æнæхъæн дунеон нысаниуæджы аивадон архайджытæй исчи Ирыстонмæ уазæгуаты куы æрцæуа, уæд ын Æхсарæй хуыздæр йæ размæ кæй хъуамæ арвитай, чи йыл хъуамæ фембæла Æхсары хуызæн рæсугъд? Уый æрцыдмæ дзæбæхæй фæцæрæд, фæлæ Иосиф Кобзоныл куыд фембæлд, афтæ…

Йæхæдæг дæр буц хъуамæ уа йæхицæй ахæм фидауцы адæймаг. Фæлæ ма дзы иу хабар ис: аивады цырагъдарæг, æхсæндзарды активон уæнгæн йæ бон нæ бауыдзæн йæ бæрныуæвæг уæз хæссын, йæ зæрдæ хæдзармæ, бинонтæм куы ‘хсайа, уæд… Хæдзары фарн æмæ амонд куынæ уа, де ‘нтыстæй куы никæй зæрдæ байрайа, дæ къуыхцыйыл куы ничи бамæт кæна, дæ къуымы хъармдзинад æмæ удæн æхцонхæссæг рæвдыд куы нæ æнкъарай, уæд адæймаг æнæбазыр цæргæс у, цыфæнды цæрдхъом курдиат дæр бамынæг уы-дзæн норст цæхæры стъæлфæнау. Æхсары йе сфæлдисæг нæ фæхъыг кодта бинонты амондæй дæр. Амонддæттæджы цæст ын цардæмбалæн Тедион Лианæйы хуызæн уæздан, ирон æфсармыл æнувыд сылыстæг кæй бауарзта, уыцы амонд ын йæ æрдзы ратгæ курдиатæй къаддæр нæ аразы йæ къух! Кæрæдзийыл æнувыд цардæмбæлтты хъæрмуд ахастмæ ма хъæбулты амондæй зæрдæрухсдзинад дæр куы бафтауæм, уæд цæрынæн æмæ фæлдисынæн цы хъæуы! О, хæдæгай, Æхсарæн йæ хъæбулы хъæбултæй сæ иу – Уанеты Сослан, ныридæгæн йæхицæй популярондæр у – спорт æмæ аивады алы хуызты цæстæвæрæн фæцис æнæхъæн дунейæн! Æмæ цы хъуамæ уа уымæй стырдæр амонд хæдзары, бинонты хистæрæн!

Æссæдз азы размæ, Æхсарыл фæндзай азы куы сæххæст, уæд ыл кæй ныффыстон, уыцы юбилейон уац балхынцъ кодтон ахæм ныхæстæй:

«Бирæ дзурæн ис Æхсары тыххæй, фæлæ ахæрынæй анхъæлмæ кæсын уыздæр у –  нырма йæм разæй бирæ юбилейтæ кæсы æнхъæлмæ… Ныр та уал ын мæ зæрдæйы æнæхиндæр æнкъарæнтæй зæгъын: Æхсар, дæ сæдæ азы юбилейы фынгыл Тедион йæхи армæй конд уæлибыхтæ цы æрæвæра æмæ уæд дæр Уастырджийы зарæг, дæ абонау æвзонг æмæ тыхджын хъæлæсæй цы ныццæлхъ кæнай, ахæм арфæ дæ уæд Дунесфæлдисæгæй!»

Абон дæр фæлхатт кæнын уыцы фæндиæгты, фæлæ сæм иу чысыл ивындзинадæн æнæбахæсгæ нæй – уыцы сæдæ азмæ ма æфтауын цыппор азы… Æссæдз азмæ иу мисхал дæр чи ницæмæй фæивта, уыцы хъандзалæлвæст лæппуйæн ма иу ахæм фæцæрын цас диссаг у!

Фæцæр, Æхсар! Дæ фæрнджын уды рæсугъдæй кæй рухс кæныс, уыцы Ирыстоны хурæй æфсæстæй, цы кæстæртæ дын ис æмæ Хуыцау бирæ фылдæр кæй хъуамæ фæкæна, уыдоны цинæй зæрдæрухсæй!

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.