Цхинвалы районы Культурæйы управлени (йæ хистæр Гаглойты Ростислав) хорз хъусдард здахы культурæйы артдзæстыты куыст æмбæлон æмвæзадмæ сисынмæ. Уымæ гæсгæ бынæтты сæ разамонджытæ æнкъарынц бæрндзинад æмæ архайынц куыст хуыздæр кæныныл. Уымæй дарддæр ма Управлени æрвылаз дæр бацархайы хæдархайгæ аивадон къордтæн æркаст ауадзыныл æмæ дзы рабæрæг вæййынц иууыл тыхджындæр коллективтæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ  ахæм æркастытæ ноджыдæр ахъаз кæй сты кæрæдзи фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнынæн.

Ивгъуыд аз пандемийы аххосæй æркаст нæ ауагътой. Фæлæ ныр уавæр  фæхуыздæр, куыст сцырын кæныныл бынæтты сæ аивадон разамонджытæ хъæппæрисонæй архайдтой æмæ æрæджы   радон, æхсæзæм æркаст ауагъдæуыд Тъбеты Культурæйы хæдзары. Уым сæ арæхстдзинад æвдыстой Къостайыхъæу, Тъбет, Зар, Дменис æмæ Хелцуайы хъæууон аивадон коллективтæ. Сценæмæ фыццаг рахызтысты Дменисы хъæуы артисттæ. Сæ программæйы уыдысты æмдзæвгæтæ хуыздæр кæсын, зарджытæ, скетч æмæ цалдæр кафты. Нæ мадæлон æвзаджы ахадындзинады тыххæй æмдзæвгæ «Не ‘взаг – нæ хæзна» аив бакаст Джиголаты Аланæ, не стыр поэт Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Халон æмæ рувас» та зæрдæмæдзæугæ радзырдта Дудайты Элинæ. Уый фæстæ зарынæй сценæмæкæсджыты сæ арæхстдзинадимæ базонгæ кодтой Уалыты Аслан, Сидæмонты Валерия, Дудайты Элинæ, Цхуырбаты Мая, Мдзинаришвили Лика æмæ Джиголаты Аланæ. Уыдон сæххæст кодтой «Сабийы зарæг» æмæ «Чызджыты зарæг». Вокалон къорды бацæттæ кодта Икъаты Ибрагим. Сæ арæхстдзинад ма равдыстой хъæлдзæг ныв «Горæттаг чындз»-ы хъазгæйæ хæдахуыр æххæстгæнджытæ дæр. Хореографийы жанрæй акафыдысты «Чызджыты кафт» æмæ «Хæххон кафт» æмæ дзы хайад райстой 15 æххæстгæнæджы. Кæфтытæ бацæттæ кодта сæ аивадон къухдариуæггæнæг Козаты Радик.

Сæ хæдфæстæ сценæмæ чи рахызт, уыдон та уыдысты Хелцуайы хъæуы хæдархайгæ æххæстгæнджытæ. Сæ репертуары уыдысты æмдзæвгæтæ «Малусæг æмæ гæлæбу» æмæ «Гæппой тæппуд», хорз сæ радзырдтой Асаты Зæринæ æмæ Дыгъуызты Георги. Къорды уæнгтæ ма сæххæст кодтой Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Цъиу æмæ сывæллæттæ»-йæ музыкалон сюжет, стæй равдыстой скетч «Нæ фехъуыстон ма зæгъ». Уый фæстæ зарæггæнджытæ сæххæст кодтой «Хуссар Ир», «Чысыл джигит» æмæ «Æмбалы зарæг». Сæ репертуар чысыл уыд Зары хъæууон Культурæйы уæнгтæн, фæлæ уæддæр сæ аивадон ралæуд уыд зæрдæмæдзæугæ. Уыдон азарыдысты иу зарæг æмæ равдыстой скетч «Гацыры хабæрттæ», сæ рольтæ хорз сæххæст кодтой Саулохты Гаянæ æмæ Гæбæраты Ариянæ.

Æркастмæ иууыл фылдæр номыртæ чи бацæттæ кодта, уый уыд Къостайыхъæуы Культурæйы хæдзары коллектив (аивадон разамонæг Куыдзеты Иннæ). Сценæйыл фыццаг сæ арæхстдзинад равдыстой кафджыты къорды уæнгтæ æмæ акафыдысты ирон дзыллон кафт «Симд». Сæ репертуары ма ноджыдæр уыдысты «Чызджыты кафт», «Авайраг кафт», «Ерысы кафт», «Чызджыты кафт» æмæ «Абхазаг кафт». Сæ репертуары уыд ахæм зарджытæ «Æнæ дæу» æмæ «Катюша», стæй фæндырыл сæххæст кодтой ирон мелодитæ.

Зæрдæ цæмæй барухс уыдаид, ахæм номыртæ рахастой сценæмæ Тъбеты Культурæйы хæдзары (хореограф Санахъоты Инал) аивадон къорды уæнгтæ. Галуанты Людæйы æмдзæвгæ «Симд» тынг хорз радзырдта Æлборты Алинæ, ноджы ма сæ программæйы уыдысты æмдзæвгæтæ «Кард» æмæ «Терчы был». Адæмы зæрдæмæ фæцыд зарæг «Терчы был», гуымсæгыл цæгъдджытæ та тынг аив сæххæст кодтой ирон мелодитæ. Хорз рауад сæ скетч «Фатерджын ус» дæр, ацы ран сæ фæлгонцтыл бакуыстой Къæбысты Димитр æмæ Кокойты Аллæ. Кафджытимæ хъæппæрисон куыст бакодта сæ разамонæг Санахъойы фырт æмæ уый фæбæрæг артистты ралæудæй дæр. Кафты номыртæ уыдысты «Симд», «Хонгæ кафт», «Нарты кафт» æмæ Хæххон кафт».

Жюрийы уæнгтæ хореографийæ фыццаг бынат саккаг кодтой Тъбеты кафджытæн, дыккаг уыд Къостайыхъæу æмæ æртыккаг бынат та бацахстой Дменис æмæ ансамбль «Малусæг». Вокал, аивадон бакаст æмæ театралон жанры фыццаг бынат лæвæрд æрцыд Къостайыхъæуы хæдархайгæ къорды уæнгтæн, дыккаг бынат бацахста Тъбет æмæ Дменисы Культурæйы хæдзар. Банысан ма кодтой Хелцуайы зарæггæнджытæ æмæ театралон жанрæй та Зары Культурæйы хæдзары зæрдæмæдзæугæ хъазт. Кæронбæттæны æркасты хайадисджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Гаглойты Ростик æмæ йæ уыдонæн бафæндыд дарддæры хуыздæр æнтыстытæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.