Æрмæст йæ иу скойæ дæр зæрдæ кæмæй баризы, уый у, кæуыл рацыдыстæм æмæ нын стыр хъизæмæрттæ чи бавзарын кодта, уыцы августы фондзбонон хæст.

Йæ уæззау цæфтæ йын йæхиуыл бавзæрста Къостайыхъæу дæр. Августы райдиан бонты дæр куыннæ, фæлæ 7 август æмæ уый фæстæ бонты хæстæн ферохгæнæн нæй. Хъæумæ æхстой æртæрдыгæй, уæззау æхсæнгарзы æхстыты нæрдæн кæрон нæ уыд. Иурæстæджы фæсабырдæр æмæ адæм æнхъæл уыдысты, фыдгул, зæгъгæ, æрсабыр, йæ гæрзтæ æрæвæрдта. Фæлæ уый уыд рæстæгмæ æмæ та ногæй сæ тых æвзарын райдыдтой хъæуыл, ницæмæй ауæрста знаг сабыр цæрæг адæмы ныхмæ. Мæнæ уæззау хæлæн æрмæг сæмбæлд Мамиты Уаликъойы дыууæуæладзыгон хæдзарыл æмæ йын тынг разиан кодта. Ацы ран æвирхъауæй фæмард, æгъдауджын æмæ адæмуарзон сылгоймаг, Уаликъойы хо Тамарæ. Уый ахуыргæнæг-хъомылгæнæгæй бирæ азты фæкуыста Карелы районы скъолатæй иуы æмæ æппæт йæ зонындзинæдтæ не ‘вгъау кодта рæзгæ фæлтæры ахуыр æмæ хæрзæгъдауы хъомыладæн. Хæдзар судзын райдыдта, бæргæ йæм фæзындысты зынгхуыссынгæнджытæ, архайдтой уыцы тæссаг уавæрты цырд, фæлæ сæ бон нæ баци йæ аирвæзын кæнын.

Æвыдæй нæ баззад сæ сыхаг æмæ æрвад Мамиты Петр æмæ йæ хæдзар дæр. Уый быдырæй æрбацыд, чысыл аулæфон, зæгъгæ, æмæ æрбадт æддейæ бæласы бын. Бирæ нæ рацыд, афтæ знаджы нæмыджы схъис сæмбæлд зæхкусæджы зæрдæйыл æмæ йыл баталынг йæ рухс дуне. Знаг тæригъæд кæм зоны, бинонтæ сæ судзаггаг мардыл хъарджытæ дæр нæма скодтой, афтæ сæ уæлхъус æрбалæууыдысты хотыхджынтæ æмæ сæ амидæг кодтой Гуырдзыстоны ахæстоны. Петры æмкъай Мамиты Дзерас-сæ, йæ дыууæ фырты Сослан æмæ Григори, ноджы ма цалдæрæй æрвыстой хъизæмары бонтæ. Уæддæр сæ амондæн, куыддæрты раирвæзтысты знаджы дзæмбытæй.

Ацы хъæуæй знаджы къухтæй сæ мæлæт ссардтой дзæвгар адæймæгтæ, зæрдæ уæлдай тынгдæр фæриссы кæстæрты мæлæты тыххæй. Томайты Æхсар йæ ныййарджытæн уарзон хъæбул уыд, ныфсы гуырд та хъæубæстæн. Йæ æфсæддон хæс æххæст кодта горæты, фæлæ куы базыдта, хъæу зын уавæры бахауд, уæд иу бон рацыд йæ ныййарджыты бæрæггæнæг. Фæндагыл баиу йе ‘мхъæуккаг Мæлдзыгаты Джемалимæ æмæ тагъд кодтой. Æрбахæццæ сты хъæуы кæронмæ, дардæй ауыдтой цалдæр адæймаджы, æнхъæл уыдысты, ома, нæхи лæппутæ сты. Знæгтæ æнцад лæууыдысты, ницы сæм дзырдтой. Куыддæр сæм æрбаввахс сты, афтæ сæ фехстой…

Фыдгулы фыдæвзарæнты ма ацы хъæуæй бахаудтой ноджыдæр Джиоты Вадик, Сабанты Гурам, Мамиты Къоте, Мæлдзыгаты Юри, Къудухты Шамил, йæ бинойнаг Мамиты Зарæ æмæ сæ фырт Алан, Гæджиты Верæ, Кобесты Нодар, Хуыбиаты Георги, Митя, Æлборты Павел æмæ бирæ æндæртæ. Дзæвгар цæрæн хæдзæрттæ та сыгъд æмæ пырх æрцыдысты, уыцы нымæцы Гæджиты Маир, Мамиты Æхсар, Бигъуылаты Евген, Хуыбиаты Альберт, Джиоты Мурат, Тегкаты Левайы æмæ æндæрты хæдзæрттæ.

Дзæвгар зиæнттæ ракодта августы хæст Къостайыхъæуæн, бирæ фыдбæллæхты бахаудысты йæ цæрджытæ, сæ хъæдгæмттæ абоны бон дæр нæма гас кæнынц.

                                                                            ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.