20 апрелы Медиа-центр «Ир»-ы ауагъдæуыд тымбыл фынг ахæм темæйыл: «Æвзæрстытæ – 2017. Хатдзæгтæ æмæ прогнозтæ». Тымбыл фынджы куысты хайад райстой эксперттæ, дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ.

Мадзал уагъта Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ. Уый куыд загъта, афтæмæй алы æвзæрстытæ дæр вæййынц фæлварæн. Æвзæрстытæ сты размæдзыды бæрæг къæпхæн. Ацы аз Хуссар Ирыстоны цы æвзæрстытæ ацыдысты, уыдон  дæр фенын кодтой не ‘хсæнады æвæрццаг миниуджытæ, уыимæ иумæ ма сæвзæрын кодтой бирæ фарстатæ дæр,  кæцытæм æнæмæнгæй хъæуы хъусдард аздахын æмæ сæ рæстæгыл аскъуыддзаг кæнын. Иумиагæй сисгæйæ, æвзæрстытæ ацыдысты æмбæлон æмвæзадыл, æнæ эксцесстæй æмæ иу турæй. Дарддæр нæ бæстæ цæрдзæн ног этапы, ног хæслæвæрдтимæ.

Гаглойты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы æвзæрстытæ рабæрæг кодтой, нæ æвзарæн процессы нормативон-барадон базæйы проблемæтæ, кæцыты хъæуы аскъуыддзаг кæнын. Æвзæрстытæ вæййынц персонификацигонд, ома, æхсæнад кандидатты æвзары сæ программæтæм гæсгæ нæ, фæлæ персонæмæ гæсгæ.

Медиа-центры президенты хъуыдымæ гæсгæ, æвзарæн кампанийы рæстæджы æмбæлон æмвæзадыл нæ бакуыстой  дзыллон информацион фæрæзтæ дæр, æвдыст нæ цыдысты, уыцы рæстæджы республикæйы дæр æмæ горæты дæр цы цаутæ цыд, уыдон. Æмбæлон информаци кæй нæ хæццæ кодта æхсæнадмæ, уый æвзæрын кодта æндыгъддзинад.

Информацион фæрæзтæ иувæрсыгонæй кæй куыстой, æрмæстдæр иу кандидаты кæй рекламæ кодтой уый банысн кодтой, мадзалы иннæ хайадисджытæ дæр.

Журналист Кошты Къоста куыд банысан кодта, афтæмæй æвзæрстыты агъоммæйы кампани райдыдта тынг æвзæр. Фæлæ адæм уæддæр фенын кодтой технологитæ, æгæрыстæмæй «чъизи» технологитæ дæр адæмыл кæй не ‘ндавынц. Уый бузныджы ныхæстæ загъта, митингты рæстæджы фæтк чи хъахъхъæдта, уыцы  тыхон структурæты минæвæрттæн. «Уыцы цаутæ фыдбылыз кæй нæ расайдтой, уый уыд тыхон структурæты рæнхъон сконды фæрцы. Уыдон дæр уыцы адæмы минæвæрттæ сты, æмбæрстой æмæ архайдтой, цæмæй адæм кæрæдзийы ныхмæ ма фæуыдаиккой. Уый тыххæй сын стыр бузныг», – загъта Кошты Къоста.

Мадзалы рæстæджы дзыллон информацийы фæрæзты куысты тыххæй бирæ кæй дзырдæуыд, уый фæстиуæгæн Цхуырбаты Залинæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны журналистты ‘хсæн нæй консолидаци. Уый параллелтæ сарæзта 2001, 20011 æмæ 20017 азты æвзæрстыты процессты ‘хсæн æмæ фæндон бахаста, цæмæй экспертты æмвæзадыл уыцы процестæн анализ арæзт æрцæуа.

Æхсæнадон змæлд «Дæ равзæрст – Ирыстон»-ы лидер Джуссойты Алан уыцы фæндоныл сразы, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æппæт уыцы æвзæрстыты рæстæджы хицауиуæгады сæргъ фæлæууы иунæг  иу командæ, кæцы æруадзы иугъуызон рæдыдтытæ. «Уыцы командæ раздæры æвзæрстыты рæстæджы куыд фембылд, афтæ та фембылд ныр дæр», – банысан кодта Джуссойты Алан.

Политолог Æлборты Динæйы хъуыдымæ гæсгæ, уыцы æвзæрстыты ‘хсæн ис ноджы иу æнгæсдзинад, уый та у протестон хъæлæсдæттын.

Дарддæр мадзалы раныхас кодта эксперт, журналист Уазæгты Юри. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы æвзæрстыты фембылд хицауиуæгады бæрæг модель, кæцы арæзт цыд Хуссар Ирыстоны.

«Хицауиуæгадмæ бауагъдæуыд бæрæг къордтæ, кæцыты ‘хсæн дих æрцыдысты, Хуссар Ирыстоны цы хорздзинæдтæ ис, уыдон. Ныр куы фæдзурынц фæстаг фондз азы либерализацийы тыххæй, уæд банысан кæнын хъæуы, æцæгæй йын йæ хорздзинæдтæй бæрæг адæймæгтæ кæй пайда кодтой. Республикæйы æмбæстæгтæ та иуварсгонд æрцыдысты. Уавæр куыд фенын кодта, афтæмæй адæм нæ ныббыхстой, æппæт процестæй дæр  гуымир æгъдауæй иуварс кæй æрцыдысты, уый, æмæ йæ фенын кодтой æвзæрстыты рæстæджы. Мæнмæ гæсгæ, æппæт уыдæттæй хъæуы хатдзæгтæ саразын», – загъта Уазæгты Юри.

Мадзалы раныхас кодтой иннæ хайадисджытæ дæр, уыдон дзырдтой, Централон æвзарæн къамисы куысты цы згъуыдтæ уыд, уыдоны тыххæй дæр, афтæ ма референдумы тыххæй дæр. Загъдæуыд ма, зæгъгæ, фæстаг рæстæджы æвзæрстытимæ референдумтæ кæй баиу кæнынц, уыцы практикæйыл къух сисын хъæуы, ома уый закъонмæ гæсгæ раст нæу.

Тедеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.