ГОРÆТ ЦХИНВАЛ

18 марты Хуссар Ирыстоны æнтыстджынæй, бæрзонд æмвæзадыл ацыдысты Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны æппæт территорийыл, цыран уыдис æртындæс æвзарæн фадыджы. Райсомæй адæм къордгæйттæй цыдысты æвзарæн фадгуытæм æмæ цины æнкъарæнтимæ арæзтой сæ равзæрст. Горæты Цхинвалы æвзарæн фадгуытæ дæр уыдысты бæрæгбонвæлыст, хъуыстис сæ музыкæйы зæлтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварад 18 марты йæ дуæрттæ уæрæхæй байгом кодта æвзарджытæн. Ацы бæстыхайы æрмæст минæварады кусджытæн нæ уыд фадат се ‘мбæстагон хæс æххæст кæнынæн, фæлæ Хуссар Ирыстоны цæрæг алы уæрæсейаг æмбæстагæн дæр. Адæм цыдысты чыртæ-чыртæй, æвзарæн фадыгмæ Стыр Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны фидæны рæзт æмæ рæсугъд сомбонæн хъæлæс раттынмæ. Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады Консулон хайады сæргълæууæг Сергей Алексеев нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ райсомæй раджы адæм слæууыдысты рады æмæ æнхъæлмæ кастысты, кæд байгом уыдзысты æвзарæн фадыджы дуæрттæ. «Æгæрыстæмæй, Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметовæн дæр нæ фæцис фадат иуыл фыццаг схъæлæс кæнынæн», – æхсызгонæй банысан кодта уый.

Æвзарæн къамисы сæрдар ма куыд дзырдта, уымæ гæсгæ фадыджы хъахъхъæд цыдысты æдасдзинады нормæтæ, суанг æнæмæнгхъæуæг медицинон æххуыс бакæныны онг.

Боны 12 сахатмæ адæм се ‘мбæстагон хæс фидынмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад: Президент Бибылты Анатоли йе ‘мкъаимæ, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæ чызгимæ æмæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр йе ‘мкъай æмæ йæ фыртимæ. Уыдон дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, хайад райстой ацы ахсджиаг политикон,  цауы.

Республикæйы сæргълæуджытимæ цы сылгоймæгтæ æрбацыдысты минæварадмæ, уыдонæн Марат Кулахметов  балæвар кодта дидинджытæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли йе ‘мбæстагон хæс бафидыны фæстæ Хуссар Ирыстоны информацион фæрæзтæн радзырдта, зæгъгæ, Уæрæсейы стыр æххуыс мах тынг æнкъарæм. Уымæ гæсгæ абоны æвзæрстытæй бæрæг уыдзæн нæ фидæны рæзты фæндаг. Бибылты Анатолийы хъуыдымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæн ис ахсджиаг нысаниуæг Хуссар Ирыстоны царды, уымæн æмæ абоны æвзæрстытыл баст у нæ фидæны райрæзт.

«Махæй алкæмæн дæр ис тынг хорз зæрдæйы уаг – куыдфæнды ма уа, уæддæр æв зæрстытæ, цыфæнды политикон баталитæ æмæ вазыгджын дебаттæм нæ кæсгæйæ, сты ма-хæн дæр бæрæгбонон цау», – банысан кодта уый.

Абон, зæгъгæ, æз æвзæрстытæм æрбацыдтæн ахæм зæрдæйы уагимæ, кæцыимæ цыдтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæм, уымæн æмæ алы адæймагæн дæр ахсджиаг у йæ приоритеттæ сбæлвырд кæнын. Йæ хъуыдымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæм цы бирæнымæц адæм цæуы,  уый ноджыдæр æвдисæн у уымæн, æмæ Хуссар Ирыстоны лæмбынæг хъусдард здæхт кæй цæуы, Уæрæсейы цы процестæ цæуы, уыдонмæ.

Кæбулты Маринæ

 

* * *

Профцæдисты хæдзары æвзарæн къамисы сæрдар Тонкоглас Аркади куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æмбæстæгтæ активонæй цæуынц хъæлæс дæттынмæ.

«Тынг æхсызгон мын у, райсомæй, æвзарæн фадыг куы байгом, уæдæй  фæстæмæ адæм активонæй кæй цæуынц æмæ сæ конституцион барæй кæй пайда кæнынц. Ис нæм, сæ бон æвзарæн фадыгмæ æрбацæуын кæмæн нæу, ахæмтæ дæр. Уыдон нæм æрбадзырдтой телефонæй, цæмæй сæм хæдзæрттæм барвитæм къамисы уæнгты  æмæ уыдон дæр хъæлæс радтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ фæндон сын сæххæст кæндзыстæм», – загъта Тонкоглас. Уый банысан кодта, зæгъгæ, æвзæрстытæ ацы фадыджы уагъд  цæуынц æнæ инцидентæй.

Æвзæрстыты тыххæй сæ хъуыдытæ дзырдтой æвзарджытæ дæр.

Гаглойты Роберт, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор: – Абоны бон махæн тынг ахсджиаг у. Алчи дæр æй зоны Владимир Путин дæр æмæ Дмитри Медведев дæр махæн цы ахсджиаг хъуыддаг сарæзтой. Уыдон куынæ уыдаиккой, уæд абон ацы æвзæрстытæ дæр нæ уыдаиккой нæ паддзахады территорийыл. Уый тыххæй æз дæр æмæ мæ бинонтæ дæр хъæлæс радтам Путинæн, уымæн æмæ уый куынæ уа, уæд дыууæ-æртæ азмæ Ирыстон дæр нал уыдзæн. Мæн уырны, æмæ хъæлæс дæттынмæ чи цыд, уыдонæй алчи дæр ууыл ахъуыды кодта æмæ хъæлæс дæр ратдзысты уыцы хъуыды бахынцгæйæ.

Дзабиты Вячеслав, зонад-иртасæн институты зонадон кусæг: – Ме ‘мбæстагон хæс сæххæст кæнын мæнæн тынг ахсджиаг у. Мæнмæ ис, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ уæрæсейаг æмбæстагдзинад дæр æмæ дыууæ бæстæйы раз дæр ме ‘мбæстагон хæс бафыстон.  Æз хъæлæс радтон мæ Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы  рæсугъд сомбоны тыххæй. Алчи дæр æй æмбары, Уæрæсейы Федераци фидар æмæ размæдзыд куы уа, уæд Хуссар Ирыстон дæр фидар æмæ ныфсджын уыдзæн. Хъæлæс та радтон ахæм принципмæ гæсгæ: «иу фæлтæрд хæлар дæс ног хæларæй хуыздæр у».

Уалыты Людвиг, дзулфыцæн комбинаты экспедитор: – Æз куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаг дæр  дæн æмæ ме ‘мбæстагон хæсыл нымайын дыууæ паддзахады дидинæфтыды тыххæй хъæлæс радтын. Абон нæ зæххыл мах сабыр арвы бын цæрæм Уæрæсейы Федерацийы адæмы æмæ къухдариуæгады фæрцы. Уæрæсейы Федерацийы фæрцы нæ сыгъд æмæ пырх горæт арæзт æрцыд. Мæн уырны, æмæ нæ адæм активон хайад райсдзысты ацы æвзæрстыты, уый уыдзæн нæ бузныджы ныхас Уæрæсейы къухдариуæгадæн.

Къæбулты Жаннæ, пенсиисæг: – Æз хъæлæс дæттын нæ республикæйы фидæны, нæ сывæллæтты фидæны тыххæй, ацы сабырдзинад æмæ хæдбардзинад нæ къухы кæй политикæйы фæрцы бафтыдысты, уый пайдайæн. Мæнæн тынг æхсызгон у, абон нын  нæ сабитæн рæсугъд фидæн кæй ис, сæ сомбон æбæрæг кæй нал у, уый. Сабыр арвы бын куы цæрæм, уæд нæ цард дæр, не ‘нæниздзинад дæр æмæ нæ сывæллæтты фидæн дæр уыдзысты хуыздæр. Ацы нысаниуæгджын бон мæ алкæмæн дæр фæнды фидар æнæниздзинад æмæ царды хæрзиу-джытæ.

Тедеты Эльзæ, горæты централон библиотекæйы кусæг: – Æз хъæлæс дæт-тынмæ æрбацыдтæн уый тыххæй, æмæ мæ уырны, куыд нæ паддзахады фидæн, афтæ Уæрæсейы фидæн дæр ирд æмæ рæсугъ кæй уыдзысты. Махæн нæ хъыс-мæт Уæрæсеимæ баст у, æмæ нæ ныфс дæр Уæрæсе у.  Абон нын нæхи нымад паддзахад дæр Уæрæсейы фæрцы ис. 2008 азы дæр Уæрæсейы абоны боны къухдариуæгад куынæ уыдаид, уæд махæн абон хъæлæс дæттыны бар дæр нæ уыдаид, бæрæг нæу нæхæдæг дæр кæм уыдаиккам, кæнæ уæвынад кодтаиккам, æви нæ.

Цхуырбаты Люся, пенсиисæг: – Мæн ныфс ис, æмæ дарддæр дæр нæ республикæйы зæххыл сабырдзинад уыдзæн, хъæлæс дæр уый тыххæй дæттын, цæмæй, 2008 азы 26 августы  размæ, дыууын азы бæрц, цы хъизæмæрттæ бавзæрстам, цы удхарæй цардыстæм, уый мауал феной нæ кæстæртæ, цæмæй нæ цард ноджыдæр фæхуыздæр уа.

Нартыхты Дуся, пенсиисæг: – Цæмæй нæ адæмы ‘хсæн иудзинад уа, хæст мауал уа æрмæст Хуссар Ирыстоны зæххыл нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр, адæймаджы бартæ дæлдзиныг ма цæуой, уый тыххæй абон æз дæттын хъæлæс.

Мамиты Лали, ахуырады квалификаци бæрзонддæр кæныны институты методист: – Æз хъæлæс радтон рæстдзинады, сабырдзинад æмæ æнтыстджын фидæны тыххæй. Махæн абон хорзæй цы ис, уыдон иууылдæр Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады фæрцы сты æмæ уый тыххæй мах бузныг стæм Уæрæсейы Федерацийæ æмæ нæ бузныджы ныхас уыдзæн, æвзæрстыты активон хайад райсын.

Горæты 6-æм астæуккаг скъолайы цы æвзарæн фадыг уыд, уырдæм дæр бирæ адæм цыд, уыдис дзы чысыл радтæ дæр. Æвзарджытæ уыдысты хъæлдзæг равгимæ. Кæрæдзийæн арфæтæ кодтой ацы нысаниуæгджын боны цытæн.

Осиаты Индирæ

 

ЦХИНВАЛЫ РАЙОН

Цхинвалы районы УФ-йы президентон æвзæрстыты фæдыл æвзарæн фадыг байгом Дменисы хъæуы  сывæллæтты цæхæрадоны. Ацы фадыджы дæр райсомæй хынцыд æрцыд æвзарджыты стыр активон хайадист.

Æвзарæн фадыджы сæрдар, УФ-йы минæварады 2-аг нымæрдар Андрей Ялыгин нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы фадыджы раз дæр райсомæй адæм æрæмбырд сты, цалынмæ йæ дуæрттæ нæма æрбакодта, уæдмæ. «Æнæаскъуыйгæйæ, бæрæгбонвæлыстæй цæуынц адæм æвзарæн фадыгмæ – чи лæвæрттимæ, чи та ирон традицион æртæ уæлибых æмæ дзаггарзимæ. Стыр райзæрдæйæ æмæ хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ цæуынц адæм, æмæ уый æхцон-дзинад дæтты махæн æвзарæн фадыджы уæнгтæн дæр», – дзырдта Андрей.

Банысан кодта, районы администраци, барвæтк хъахъхъæнджыты арæхстджын куысты, руаджы зæгъгæ,  фадыджы нæй бынат ницахæм эксцесстæн, фæткхалæн цаутæн. Алы æвзарæгæн йе ‘нæниздзинады аххосагмæ гæсгæ фадат нæ уыд æвзарæн фадыгмæ æрбацæуынæн. Уымæ гæсгæ æвзарæн фадыгæй  дыууæ адæймаджы цыдысты хæдзæрттæ махæм æмбæстæгтæм.

Æвзарæн фадыджы сæрдары ныхæстæм гæсгæ, боны æмбисмæ хъæлæсгæнджытæн се ‘мбис бафыстой се ‘мбæстагон хæс. Уый фæдыл бузныг загъта хуымæтæг æмбæстæгтæн, бæстæйы къухдариуæгадæн, чи сын æххуыс кæны, æппæт уыдонæн, уымæн æмæ  иумиаг хъуыддагыл архайæм не ‘ппæт дæр.

ЗНАУЫРЫ РАЙОН

Ацы районы æвзарæн фадыг та байгом районы администрацийы бæстыхайы.

Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минæварады къухдариуæггæнæг, Знауыры районы æвзарæн фадыджы сæрдар Михаил Степанов дæр банысан кодта æвзарджыты активондзинад.

«Активон æххуыс нын кæны бынæттон администрацийы къухдариуæгад, дæрддаг хъæутæм автобустæ æрвитынц æмæ адæмæн æнцонвадат у æвзæрстыты хайад райсын. Дыууæ бригадæйы кусынц, хæдзармæ цæуыны фæдыл куырдиæттæ кæмæй æрбацæуы, уыдон фæдыл. Бархалынæдтæ, фæткхалæн цаутæн дзы нæй бынат æвзарæн фадыджы», – банысан кодта Михаил.

Ацы æвзарæн фадыджы ма се ‘мбæстагон хæс сæххæст кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дыууæ ветераны. Сæ иу Балтайы хъæуы цæрæг – уымæ хæдзармæ бацыдысты æвзарæн фадыджы уæнгтæ, иннæ – районæн йæхи мидæг цæрæг, йæхæдæг æрбацыд фадыгмæ.

Уæдæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты 13 æвзарæн фадыджы активон хайад райстой Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн сæ 90 проценты.

Къæбулты Марина

 

ДЗАУЫ РАЙОН

Хуссар Ирыстоны цы 13 æвзарæн фадыджы байгом, уыдонæй сæ иу баконд æрцыд Дзауы районы администрацийы бæстыхайы.

Фадыгон æвзарæн къамисы уæнгтæ, йæ сæрдар Кисляков Сергейы къухдариуæгадæй æвзæрстытæм сæхи бацæттæ кодтой развæлгъау æмæ æмбæлонæй. Уыдон æвзарæн фадыг байгом кодтой райсомæй 8 сахатыл. Уый фæстæ æвзарджытæ æвзарæн фадыгмæ цæуын райдыдтой активонæй.

Кисляков Сергей нын куыд радзырдта, афтæмæй сæ фадыджы æвзæрстытæ ацыдысты æнæ фæткхалæн цаутæй. «Боны 11 сахатæй фыццаг сахатмæ нæм æвзарджытæ цыдис тынг бирæ. Хатыр курæм уыцы адæмæй, кæцыты бахъуыд алæууын рады дæр. Тынг разæнгардæй цыдысты дзауæгтæ, алчидæр сæ æххæст кодта йе ‘мбæстагон хæс, – загъта къамисы сæрдар.

Уый ма нын куы загъта, афтæмæй боны цыппар сахатмæ æвзарджытæй схъæлæс кодтой сæдæ процентмæ æввахс. «Дзауы махæн нæ хыгъды ис 1400 адæймаджы æмæ уыдонæй боны æмбисмæ схъæлæс кодтой 1100 æвзарæджы.

Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын, Дзауы администрацийы кусджытæн Магкоты Уырызмæджы сæргълæудæй. Уырызмæг махæн нæ фарсмæ ис æмæ ма нын æххуыс кодта развæлгъау æвзæрстыты дæр.

Уыдон уагъд цыдысты Синагур, Едыс, Ерманы, Рукъ æмæ Уанелы хъæуты.

Уавæрæй спайдагæнгæйæ, мæ фæн-ды бузныджы ныхæстæ зæгъын, тракторист кæй сыгъдæг кодта фæндæгтæ æмæ уый фæрцы махæн нæ бон ссис уы-цы дæрддаг хъæутæм  бацæуын, цæ-мæй адæм хайад райстаиккой развæл-гъау хъæлæс кæныны хъуыддаджы.

Уыцы хъæуты æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты бæрæгбоны хуызы. Махыл та æмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ, æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ. Сы-вæллæттæ нын равдыстой концерт дæр. Раст цыма се ‘ввахс адæм уыдыстæм, афтæ хорз нæ суазæг кодтой хæххон цæрджытæ», – загъта Кисяков Сергей.

Дзауы районы, цæмæй æвзæрстыты барвæтк хæлд ма æрцыдаид, уый тыххæй Мидхъуыддæгты министрад бацархайдтой æмæ куыстой фæтыхджындæргонд режимы. Уый фæдыл сын стыр бузныджы ныхæстæ загъта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг дæр. Уый ма нын радзырдта, æвзæрстытæм цы хъуыдытимæ æрбацыд æмæ хъæлæс кæныны хъуыддаг куыд цæуы, уый тыххæй. «Мах кæд-дæриддæр не ‘ргом Уæрæсейы Федерацимæ здахæм. Стыр ныфс нæ ис, уыдонæй, уымæн æмæ уыдон æххуысы руаджы абон мах цæрæм сабыр, хæдбар республикæйы. Уыдон махæн сарæзтой æппæт уавæртæ æмæ ма нæ хъæуы æрмæстдæр кусын æмæ нæ сомбоны цард аразын. Уый æмбаргæйæ, Дзауы районы фæллойгæнджытæ дæр активон хайад исынц УФ-йы президентон æвзæрстыты. Нæ активондзинадæй мах æвдисæм Уæрæсемæ нæ уарзондзинад æмæ нæ иу-зæрдион ахаст. Кæддæриддæр нæ зæрдыл дардзыстæм Уæрæсейы Федерацийы стыр æххуыс нæ республикæйæн. Мах рагæйдæр æмæ ныр дæр цæрæм уыдон цæрайæ æмæ ныфсæй æмæ нæ сомбон дæр уынæм уыдонимæ. Æз мæхæдæг æрбацыдтæн куыстмæ райсом 7 сахатыл. Хъæлæсгæнджытæй уы-ди ахæмтæ дæр, кæцытæ цæрынц Уæ-рæсейы, фæлæ сты дзауæгтæ æмæ хъæлæс дæр кодтой сæ  районы. Адæм цингæнгæйæ, стыр ныфсытимæ цæуынц æвзæрстытæм», – загъта Магкоты Уырызмæг.

Дзауы районы æвзарæн фадыгмæ фыццаг хъæлæс кæнынмæ чи æрбацыд, уый уыд районы куырыхон лæгтæй сæ иу Тедеты Маир. Уый арфæтимæ ныппæр-ста асыччы йæ бюллетень æмæ цы, фæндиагимæ æрбацыд, уый йын сæххæст – Уæрæсейы Президентæй æвзæрст æрцыд Владмир Владимиры фырт Путин.

 

Цхуырбаты Лариса

 

 

* * *

18-æм марты горæт Къуайсайы дæр, куыд нæ республикæйы иннæ рæтты, афтæ æвзарæн фадыг æрбайгом райсомæй 8 сахатыл. Æвзарæн фадыг уыд Культурæйы хæдзары. Уый ифтонг æрцыд нырыккон домæнтæн чи дзуапп кæны, ахæм ифтонгадæй. Хъахъхъæд цыдысты æппæт уагæвæрдтæ дæр.

Хæрзрайсом ма уыд, афтæ æвзарджытæ цæуын райдыдтой хъæлæс дæттынмæ. Æвзарæн къамисы сæргълæууæг нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй æвзарджыты нымæц уыд егъау, активонæй цыдысты æвзарæн фадыгмæ, уымæ гæсгæ æвзарæн райдыдта кусын фадыг йе ‘рбакондæй фæстæмæ. «Тынг активон хайад исынц Къуайсайы æвзарджытæ. Куыд зонут, афтæмæй Уæрæсейы Президент æвзарыны тыххæй хъæлæс радтын канд Къуайсайы цæрджытæн нæ уыд сæ бон, фæлæ ма дæрддзаг хъæуты цæрджытæн дæр,  кæй зæгъын æй хъæуы, уыдоны ‘хсæн дæр бирæ уыд уæрæсейаг æмбæстæгтæ, æмæ уый у се ‘мбæстагон хæс. Уый фæдыл нын егъау æххуыс бакодтой  бынæттон администрацийы кусджытæ, йæ сæргълæууæг Бæззаты Геннадийы сæргълæудæй. Йæ рады уый мах сифтонг кодта автобустæй, цæмæй дæрддаг хъæутæй æвзарæн фадыгмæ хъæлæс радтыны тыххæй ластаиккам æвзарджыты. Уый фæдыл цалдæр рейс сарæзтам уыцы хъæутæм. Сæрмагонд хъусдарды бын уыдысты, бæрæг аххосæгтæн гæсгæ йæ бон кæмæн нæ уыд æвзарæн фадыгмæ ‘рбацæуын, ахæм æвзарджытæ. Уыдон сæйраджыдæр сты зæронд кары адæм æмæ рынчынтæ. Уый фæдыл мах ацы æвзарджыты номхыгъд раздæр сарæзтам, цæмæй сыл æвзарæн фадыджы кусджыты иу хай æрзила æмæ сæ Конституцион хæс сæххæст кæной. Æвзарæн процессы тыххæй, мах æппæт информаци  лæвæрдтам Республикæйы централон æвзарæн фадыгмæ. Æвзарæн процессы рæстæджы фæдкхалæн цаутæ нæ уыд. Къуайса кæд Цхинвалæй дæрддзæф у, уæддæр йæ цæрджыты активон архайд  мах  дисы æппæрста», банысан кодта æвзарæн фадыджы сæргълæууæг.

Æцæгæйдæр бынаты фенæн уыдис, Къуайсайы цæрджытæ хорз зæрдæйы уагимæ кæй цыдысты æвзарæн фадыгмæ, уый. Æвзарджытæй бирæтæ сæ карницæмæ даргæйæ цыдысты уæнгрогæй, мидбылхудгæ, рухс æмæ сабыр фидæны сæраппонд схъæлæс кæныны ныфсæй. Фыццаг хъæлæс чи радта, уый уыдис 71 аздзыд Хуыгаты Инал. Уыцы бон æвзарджыты  зæрдæйæн æхцондзинад хастой æвзарæн фадыгæй цы ирон музыкайы зæлтæ хъуыстысты, уыдон дæр.

Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннади нын куыд загъта, афтæмæй Къуайсайы цæры 500 уæрæсейаг æмбæстаджы бæрц. 30 адæймаджы бæрц та дзы уыдысты рынчынтæ. Уыдонæ сæ бон нæ уыд æмæ сæхæдæг сæхи тыхтæй æрбацæуой æвзарæн фадыгмæ. Уымæ гæсгæ сæм хæдзæрттæм æвзарæн фадыджы кусджыты иу хай ацыдысты хъæлæс радтыны тыххæй. Æвзарæн компанийы размæ махмæ бахатыдысты æвзарæн фадыджы кусджытæ, цæмæй сын баххуыс кæнæм, кæй зæгъын æй хъæуы, мах сæм не ‘ххуысы къух фæдаргъ кодтам. Уымæ гæсгæ сын сæрмагонд автобус хицæнгонд æрцыд, цæмæй дард хъæуты цæрджыты ласой æвзарæн фадыгмæ, афтæмæй ма дард хъæуты цæрджытæй бирæтæ уыдысты сæхи сæрмагонд автотранспортыл дæр», – загъта Бæззаты Геннади.

Къуайсайы цæрджытæ Уæрæсейы Президентон æвзæрстытæм серьезон ахаст кæй равдыстой, уый бæрæг уыд æвзарæн процессы рæстæджы. Уыдонæй бирæтæ загътой, зæгъгæ, цæмæй бынаты, Къуайсайы схъæлæс кæной, уый тыххæй æвзарджытæй иуæй-иутæ æрцыдысты республикæйæн æддейæ.

– Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты фæстиуæг махæн комкоммæ дæр баст у нæ сомбоныл. Æвзæрстыты хорз фæстиуæг махæн у не стабилондзинадифтонггæнæг æмæ сабырадхæссæг. Ныфс мæ ис, хорз фæстиуджытæ кæй уыдзæн абоны æвзæрстытæн, – загъта Бæззаты Геннади.

Æвзарæн фадыджы раз мæн бацымыдис кодта, цы зæрдæйы уагимæ цæ-уынц æвзарджытæ æмæ цæмæ æнхъæлмæ кæсынц ацы æвзæрстытæм, уый.

Хуыгаты Суликъо, Къуайсайы астæуккаг скъолайы директор:

– Ацы бон мæнæн у бæрæгбон. Ацы егъау цау, канд Къуайсайы цæрджытæн егъау нысаниуæгхæссæг нæу, фæлæ æмткæй Хуссар Ирыстоны адæмæн дæр. Уæрæсейы Федераци махæн у нæ сæйраг стратегион партнер, кæцыйы фæрцы мах абон стæм, кæцыйы фæрцы мах нæ историйы бирæ трагикон цаутæ сфæрæзтам. Ныфс мæ ис, нæ сомбон кæй уыдзæн ноджы рæсугъддæр æмæ хуыздæр.

Танделаты Таисия, Къуайсайы цæрæг:

– Абон тынг ахсджиаг бон у, абоны æвзæрстытæн егъау нысаниуæг ис. Уæрæсе махæн у нæ иууыл ахсджиагдæр партнер, кæцы нын бакодта æмæ кæны абоны онг дæр егъау æххуыс. Уый махæн нæ интерестæ хъахъхъæны канд Уæрæсейы нæ, фæлæ æппæт дунейы политикон аренæйыл дæр. Мах нæ сыхæгты ‘рдыгæй бирæ зындзинæдтæ бавзæрстам, тынг бирæ æвзонг фæсивæд фесæфтам. Æмæ æрмæстдæр Уæрæсейы къухдариуæгады фæрцы абоны бон мах зæххыл ис стабилондзинад æмæ сабырдзинад.

Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты закъонмæ гæсгæ Къуайсайы æвзарæн фадыг æхгæд æрцыд изæры 8 сахатыл. Уый фæстæ æвзарæн фадыджы кусджытæ райдыдтой хъæлæстæ нымайын.

Танделаты Виленæ

 

 

ÆВЗÆРСТЫТЫ РАЗВÆЛГЪАУ ФÆСТИУДЖЫТÆ

Уæрæсейы Федерацийы минæварадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй развæлгъау зонæнтæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны хъæлæс радтой республикæйы цæрæг 17, 5 мин уæрæсейаг æмбæстаджы.

Уыдонæн сæ бирæ фылдæр хай – 92, 8% рахæцыдысты Владимир Путины кандидатурæйы æвварс. Уæрæсейаг минæварады сæ хъусдард аздæхтой æвзарджыты стыр активондзинадмæ, æвзарæн фадгуытæм æрбацыдысты 20%-æй фылдæр æвзарджытæ, 2012 азы президентон æвзæрстытæм абаргæйæ.

Минæварады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй УФ-йы президентон æвзæрстыты фæстиуджыты фæдыл кæронбæттæн зонæнтæ фехъусын кæндзысты фæстæдæр.

Хуссар Ирыстоны æвзарджыты активондзинадмæ сæ хъусдард аздæхтой Уæрæсейы Централон æвзарæн къамисы дæр. Æвзарæн къамисы уæнг Василий Лихачевы ныхæстæм гæсгæ, бæстæйæн æдтæйæ Уæрæсейы Федерацийы президенты æвзæрстыты иууыл активондæрæй хъæлæс лæвæрдтой Хуссар Ирыстон, Абхаз, Молдави æмæ Приднестровьейы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.