Президент Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады рабадт. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы скондмæ Хуссар Ирыстон бацæуыны процесстæ райдыдтой æмæ сæ бакæндзысты логикон кæронбæттæнмæ.

«Ацы хъуыддагмæ мах цыдыстæм сæдæ азæй фылдæр. Нæ адæм æй хорз зонынц, цас зындзинæдтæ рацыдыстæм. Æппæт нæ интеллигенци алыгъуызон рæстæджыты тох кодта, цæмæй Хуссар Ирыстон уа Уæрæсейы сконды. Мах хъуыды кæнæм Ирыстоны историйы трагикон моменттæ. Райсæм 50-æм азты студентон змæлд, студентты къорд куы архайдта Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бахизыны фарстыл, кæцыйы фæдыл уыдонæн рахастой 15 азæй 25 азмæ ахæстоны фæбадыны тæрхон», – загъта уый.

Уыимæ иумæ Бибылты Анатоли банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тыххæй фæндон æмбарыны ахсджиагдзинад æмæ банысан кодта, кæцыдæр политикон тыхтæ йæ зыгъуыммæ кæй æмбарынц.

Хицауады уæнгтæм сидгæйæ, Президент æрдомдта æвзæрстытæм ма кæсын, фæлæ куыст дарддæр кæнын.

Уый æрхаста цитатæ Уинстон Черчиллы ныхæстæй, кæцы дзырдта: «Паддзахадон архайджытæ политиктæй хицæн кæнынц уымæй, æмæ фыццæгтæ хъуыды кæнынц сæ бæстæйы фидæныл, дыккæгтæ та – æрбалæугæ æвзæрстытыл».

Уый фæстæ рабадты хайадисджытæ æруынаффæ кодтой боны фæткыл.

Фыццаг уал æруынаффæ кодтой «2022 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Закъоны проектыл.

Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Тыбылты Фатимæйы ныхæстæм гæсгæ, «2022 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Закъоны проектыл бакусын у  бюджеты хæрдзтæ хицæн здæхтыты фæфылдæр кæныны фæдыл æнæмæнгхъæуæг æмæ хицæн здæхтыты ‘хсæн хæрдзтæ адих кæнын фидаргонд бюджетон ассигнациты фæлгæтты бюджетон фæрæзты сæйраг къухдариуæггæнджыты фæндонмæ гæсгæ.

Финансон документмæ ивындзинæдтæ бахæссын у Паддзахадон унитарон куыстуæтты субсидитæ фæфылдæр кæнын, кæцыты нымæцы сты «Энергоресурс – Южная Осетия», «Водоканал», Дзулфыцæн комбинат, столицæйы администрацийы хæрзарæзтады службæтæ.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, фарст у ахсджиаг æмæ хауы цæрæн минимумæй фылдæр æмбæстæгтæн куыстмызд фæфылдæр кæнынмæ.

«Сымах æй зонут, паддзахады системæйы ахæм категори нæ баззад, кæцытæ исынц цæрæн минимумæй къаддæр куыстмызд. Уыимæ иумæ курæг дæн уыцы категорийы кусджытæй, кæцытыл нæ парахат кæндзæн куыстмызд фæфылдæр кæныны хъуыддаг, уыдон сты бастдзинады, Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты кусджытæ. Фæлæ мæ фæнды банысан кæнын, уый кæй уыдзæн чысыл рæстæг. Мах æввахс рæстæджы ацы категориты фæдыл райсдзыстæм уынаффæтæ, æмæ æппæт хæстæ дæр скъуыддзаг æрцæудзысты», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Рабадты ма аскъуыддзаг кодтой Хицауады резервон фондæй 100000 сомы рахицæн кæнын Цхинвалы район администрацийы Зары хъæуы цæрæгæн материалон æххуыс бакæныны тыххæй, кæцыйы исад бахъыгдард ис 2020 азы 19 майы зынгсирвæзты рæстæджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.