Президент Тыбылты Леонид кусæгон балцы уыд Знауыры районы хъæуты, æмæ йæ балцы фæлгæтты фембæлд Мугут æмæ Чъорбаулийы, æмæ æндæр хъæуты цæрджытимæ.

Мугут æмæ Чъорбаулийы хъæутимæ Президенты фембæлды рæстæджы дзырд цыдис Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фарстытыл. Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы къабазы хуссарирыстойнаг адæмы хъаруты фæрцы нæ къухты бафтыд зæрдæрухс-гæнæн æнтыстытæ.

Ацы хъæуты иууыл стырдæр проблемæ у, фæндæгтæ сæм кæй нæй, уый, æмæ бæстæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн цæттæгонд цæуы бындур, цæмæй æввахсдæр рæстæджы æрæвналой сæ цалцæг кæнынмæ, сæрмагондæй та бакондæуыд техникæ, цæмæй фæндæгтæ развæлгъау лæгъзгонд æрцæуой.

Президент Тыбылты Леонид æрымысыд, раздæры рæстæджы республикæйы районтæм бацæуæнтæ кæй нæ уыд. Ныр та фæндæгтæ арæзт æрцыд Ленингормæ, ныртæккæ арæзт цæуы фæндаг Къуайсамæ, æмæ, зæгъгæ, тагъд рæстæджы æппæт хъæутæм дæр айгæрстæуыдзæн хæрзвадат бацæуæнтæ.

Арæзтадон æмæ æндидзынгæнæн процесстыл дзургæйæ, Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, ацы азты дæргъы хъусдард аздæхтæуыд ахсджиагдæр фарстытæм, ныр та куыст цæуы ног программæтыл, уыцы нымæцы республикæйы рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ дæр. Уымæ хаст æрцæудзысты цæрæн хæдзæрттæ, фæндæгтæ æмæ æндæр арæзтæдтæ.

Стыр цинимæ фембæлдысты хъæуы цæрджытæ республикæйы районтæм æрдзон газ уадзыны хъуыддагыл. Ацы куыстытæ райдайдзысты 2017 азы æмæ аххæсдзысты 123  хъæуыл, уыцы нымæцы Знауыры районы хъæутыл дæр, æмæ 2021 азмæ та республикæ æга-сæйдæр ифтонг æрцæудзæн газæй.

«Рæхджы республикæйы алы хæдзармæ дæр æрдзон газ кæй бацæудзæн, уый дызæрдыггаг нæу», – загъта Тыбылты Леонид.

Дарддæр уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы хорз фæстиуджытæ сты канд нæ иумæйаг куысты фæрцы нæ, фæлæ Стыр Уæрæсейы æххуысы руаджы, æмæ, зæгъгæ, не ‘хсæн цы фидар ахастытæ сæвзæрд, уыдонæн хъæуы аргъ кæнын.

Хъæутæ сæндидзын кæныны фæдыл дзургæйæ, Тыбылты Леонид загъта, зæгъгæ, уый тыххæй арæзтæуы æппæтдæр, сæрмагондæй та хорз æххуыс цæуы фермерон хæдзарад-тæн.

«Фæнды мæ зæрдæ уын бавæрон, мах æппæтдæр кæй араздзыстæм, цæмæй хъæуы цæрджытæн куысты бынæттæ уа, æмæ адæм æрбаздæхой хъæумæ», – банысан кодта уый.Хъæумæ ныридæгæн дæр адæм чысылгай, фæлæ кæй здæхынц, уымæн та ахъаз фæци ФАП-тæ, рынчындæттæ, фæндæгтæ, скъолатæ æмæ сабидæтты арæзтад. Ацы куыст дарддæр дæр цæудзæн.

Чъорбаулийы хъæуы цæрджытæ Президентмæ бахатыдысты, цæмæй сын сарæзтæуа ног стадион æмæ сын уа, сæ улæфты рæстæг кæм æрвитой, ахæм бынат. Президент бузныг загъта уыдонæн сæ ацы хорз хъæппæрисы тыххæй, æмæ сын зæрдæ бавæрдта, æввахс рæстæджы кæй æрбацæудзысты специалисттæ йæ хæрдзтæ йын банымайынмæ, цæмæй рæхджы æрæвналой стадионы арæзтадмæ.

Мугуты скъолайы коллектив дæр бахатыдысты бæстæйы сæргълæууæгмæ сæ куырдиатимæ, æмæ уал раздæр бузынг загътой бæстæйы сæргълæууæгæн, скъолайы хъуагдзинæдтæм йæ хъусдарды тыххæй, стæй загътой, хъуаг кæй æййафынц æмбæлон ифтонгадæй, уыцы нымæцы музыкалон центрæй дæр. Президент сын ныфс бавæрдта, Президентон фонды руаджы уыцы фарст скъуыддзаг кæй æрцæудзæн.

***

Знауыры районы хъæуты цæрджытимæ йæ фембæлды фæлгæтты Президент Тыбылты Леонид фембæлд Зиулеты æмæ йæ алыварс хъæуты  Принеу, Уелит, Урсдон, Суадæттæ æмæ Бахъатыхъæуы цæрджытимæ дæр. Уыдон бæстæйы сæргълæууæгыл фембæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых æмæ бæгæныйы кæхцимæ. Тыбылты Леонид бузныг загъта уыдонæн, афтæ зæрдиагæй йыл кæй сæмбæлдысты, уый тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæддæриддæр цингæнгæйæ цæуы ацы бынæттæм.

Президент ацы хъæуты цæрджытæн дæр цыбыртæй радзырдта, фæстаг цыппар азы дæргъы республикæйы цы æвæрццаг ивындзинæдтæ æрцыд уый тыххæй, уæлдайдæр та хъæуы цард сæндидзын кæныны сæраппонд. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы æнтыст къухы бафтыд ног инфрастуктурæйы арæзтады фæрцы, стæй, сæйраджы та Уæрæсейы æххуысы фæрцы.

Уый куыд загъта, афтæмæй дарддæр дæр æххуыс цæудзæн иумæйагæй хъæуы адæ-мæн, стæй зæхкусæгон-фермерон хæдзарадтæн, техникæйæ уа, æви специалистты амынддзинадæй.

Тыбылты Леонид ма ракодта, цы ног кондадтæ нæм фæзынд, уыдоны кой. Уыдон хъуамæ сифтонг кæной цæрджыты ног куысты бынæттæй, æмæ уымæй дарддæр та хъуамæ сифтонг кæной фæлхасгæнджыты бынæттон хæрзгъæд продукцийæ. Ахæм кондад у, бынтон æрæджы Цхинвалы цы фыдызгъæл куыстгæнæн завод байгом, уый. Завод «Растдон» фæахъаз уыдзæн хъæуы цæрджытæн ставдкъах фос уæй кæныны хъуыддаджы.

Ацы хъæуты цæрджытимæ Президенты фембæлды дæр дзырд цыд респубикæйы хъæутæм æрдзон газ уадзыны фарстыл. Уымæй дарддæр ма адæм цымыдис кодтой ауадзинаг референдумы фарстытæм дæр.

Уый фæдыл Президент загъта, зæгъгæ, бирæ адæмтæ хъавынц сæхи бакæнынмæ нæ адæмы историон ном.

«Бæлвырд у, мах нæ бæстæйæн разада-хынмæ кæй хъавæм йæ историон ном  Паддзахад Алани, æмæ уыимæ мах иуварс нæ кæнæм Республикæ Хуссар Ирыстоны ном дæр, уымæн æмæ уыцы номимæ мах рацыдыстæм нæ хæдбардзинад баныма-йыны даргъ фæндагыл», – загъта уый.

Кæронбæттæны, алы фембæлды рæстæджы дæр Президент Тыбылты Леонидмæ хъæуты цæрджытæ лæвæрдтой сæ зæрдæрисгæ фарстытæ æмæ сын уый дæр лæ-вæрдта бæстон дзуаппытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

 

***

4-æм апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæн фембæлд уыдис Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты кусджытимæ, цыран уый лæмбынæг æрдзырдта йе ‘взæрстыты агъоммæйы программæйыл. Фембæлды ма хайад райста Президенты уынаффæгæнæг æмæ йе ‘ууæнчы адæймаг Коцты Къоста дæр. Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт æмæ цыбыртæй радзырдта архайæг Президенты куысты стыр æнтыстытыл, адæмы бæрны кæй бацыд æмæ цæсгомджынæй  кæй æххæст кæны йæ разылæууæг хъуыддæгтæ, æппæт уыдæттыл æмæ дарддæр ныхасы бар радта Президенты æууæнчы лæг Коцты Къостайæн.

Коцты Къоста радзырдта фемблды нысаниуæгыл, æвзæрстыты ахсджиаг политикон нысаниуæгыл æмæ референдум ауадзыны хъуыддагыл, банысан кодта Тыбылты Леониды иу-зæрдион, фæстиуæгджын æмæ æнтыстджын куыст. «Мах абонæй нæ зонæм Тыбылты Леониды. Уый республикæйы цæрджытæ ноджы хуыздæр базыдтой фæстаг фондз азы мидæг йæ хорз куыст æмæ хъуыддæгтæй. Республикæйы ацы фондз азы дæргъы арæзт æрцыд 434 объекты æмæ уыдон та цъус не сты. Ныртæккæ дæр Тыбылты Леониды  программæмæ цы плæнттæ хаст ис, уыдон дæр сты оптимистон æмæ республикæйы цардыл бандавдзысты хорзæрдæм. Дарддæр нæ бæстæйы сæргълæууæг куыд кусдзæн æмæ йæм цы плæнттæ ис, уыдон тыххæй уын йæхæдæг бæстондæр радзурдзæнис æмæ уын дзуапп ратдзæнис уæ сæвзæргæ фарстытæн дæр», – загъта Коцты Къоста.

Тыбылты Леонид йæ ныхасы райдиан, фыццаджыдæр, бузныг загъта, рæстæг кæй ссардтой æмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. «Æз дæн Хуссар Ирыстоны адæмы сæвзаргæ Президент æмæ фондз азы дæргъы куыстам иумæ. Нæ куыстæй цы разынд, уый уæхæдæг зонут æмæ уынут æмæ йыл бирæ дзурон, уый та нæ уыдзæнис тынг раст. Фæлæ уæддæр цалдæр ныхасы зæгъдзынæн. 2012-æм азы кусын куы райдыдтон, уæд цы уавæрты куыстон, уый хъуамæ сымах зонат. Нæ уыдис æнцон рæстæг. 2011 азы ноябрь-декабры мæйты Хуссар Ирыстоны цы хабæрттæ цыдис, адæм кæрæдзийы ныхмæ куы систы, уæд не ‘хсæнады нæ разындис ахæмтæ, кæцытæ хъуамæ загътаиккой, зæгъгæ, цытæ аразæм. Адæм æй сæхæдæг дæр куыд зонынц, афтæмæй нæм фæстаг цалдæр азы уавæр у сабыр æмæ стабилон. Уый тыххæй та мах бахъуыд бирæ тыхтæ, цæмæй рахызтаиккам уыцы уавæрæй æмæ паддзахад слæууыдаид уыцы фæндагыл, кæцы фæндагыл лæуд стæм нырмæ дæр. Нæ паддзахад дарддæр дæр стыр ныфсимæ кæсы фидæны цардмæ æмæ нырмæ цы нæ бантыст саразын, уыдон кæй хъæуы дарддæр кæнын. Абон бирæтæ критикæ кæнынц архайæг Президенты, зæгъгæ, кадрон политикæ куыд æмбæлы афтæ нæу æмæ æндæр ахæм фарстыты. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæрсырдыгæй критикæ кæнын æнцон хъуыддаг у…Фæлæ ма акæсæм цы уыдис фондз азы размæ æмæ абон та цы уынæм», – загъта Тыбылты Леонид.

Уый ма дарддæр банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг цалдæр азы республикæйы къухдариуæгад бацархайдта æмæ æппæт дæр сарæзта, цæмæй нæ адæмы цард фæхуыздæр уа. Уымæй дарддæр Хуссар Ирыстонмæ æххуысы хуызы цы æхцайы фæрæзтæ фæцыдысты, уыдон нысанмæздæхтæй хардзгонд  цæуынц æмæ сæм стыр хъусдард  здæхт  цæуы.Тыбылты Леонид ма банысан кодта республикæйы къухдариуæгады приоритетон фæдыздæхтытæ. «Абон нæ горæты скъолайы агъоммæйы кары дыууæ мин сывæллонæн нæй уыцы фадат æмæ цæуой сывæллæтты цæхæрадæттæм,   – банысан кодта Президент. – Мах хъуамæ аразæм уавæртæ, цæмæй  нæ сывæллæттæ исой скъолайы кары агъоммæйы ахуырад æмæ хъомылад. Уымæ гæсгæ горæты план кæнæм, цæмæй ма бакæнæм уæлæмхас æртæ скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæ. Уыдонæй сæ иуы байгом кæндзыстæм  майрæмбоны, 7-æм апрелы.

Бæстæйы сæргълæууæг ма æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта 9-æм апрелы Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты æмрæнхъ уагъд кæй цæудзæнис референдум, ома, цæмæй раздахæм нæ адæмæн ахсджиаг историон рæстдзинад,  нæ бæстæйæн йæ раздæры историон ном. Уымæ гæсгæ архайæг президент бахатыд алкæмæ дæр, цæмæй æрцæуой æвзæрстытæм æмæ активон хайад райсой æвзæрстыты.

Кæронбæттæны зонад-иртасæн институты кусджытæ фарстытæ лæвæрдтой бæстæйы сæргълæууæгмæ æмæ сын истой лæмбынæг дзуаппытæ.

 

***

Уыцы бон ма Тыбылты Леонид фембæлдис Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты коллектив æмæ студенттимæ дæр, цыран æрдзырдтой президентон æвзæрстыты агъоммæйы актуалон фарстытыл. «Фæстаг фондз азы дæргъы арæзт цы æрцыдис, уый, сæйраджыдæр, ахъаз фæцис нæ республикæйы размæцыды хъуыддагæн. Бирæ арæзт æрцыдис æнæниздзинад хъахъхъæнынады сферæйы, ахуырады къабазы, культурæйы, арæзтады. 2012-æм азæй фæстæмæ мах иузæрдион куыст кæнæм нæ республикæйы райрæзтыл æмæ нæ къухты дæр бафтыдысты хорз фæстиуджытæ. Абон ма нын тынг ахсджиаг у нæ референдум ауадзыны хъуыддаг, цæмæй та кæддæрау хуыйнæм Паддзахад Алани æмæ уæм сидын, цæмæй саразат ахсджиаг нын чи у, уыцы къахдзæф æмæ схъæлæс кæнат. Æз арæх фæзæгъын, зæгъгæ, цард афтæ у æмæ президенттæ æрбацæуынц æмæ ацæуынц, фæлæ Паддзахад Алани та баззайдзæнис æнустæм», – загъта Тыбылты Леонид.

РХИ-йы университеты ректор Тедеты Вадим дæр йæ раныхасы стыр бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы сæргълæууæгæн æппынæдзух сæм лæмбынæг хъусдард кæй здахы æмæ сын кæй æххуыс кæны, уый сæраппонд. Дарддæр фембæлды хайадисджытæ сæ фарстытæ лæвæрдтой Тыбылты Леонидмæ æмæ сын радта дзуаппытæ.

Университетон ансамбль «Сæрмæт»-ы кафджыты къорд дæр сæ рады бузныджы ны-хæстæ загътой архайæг президентæн, уый фæрцы кæй ацыдысты æмæ хайад кæй райстой горæт Сочийы уагъдцæуæг конкурсы æмæ дзы кæй систы уæлахиздзаутæ дæр.

Университеты ахуыргæнджытæ дæр æмразыдзинады хъуыды загътой республикæйы ном раивыны хъуыддаг æнæмæнгхæуæг æмæ рæстæгыл кæй у, уый тыххæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.