Куыд зонæм, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис РХИ-йы президентон æвзæрстыты фæдыл закъондæттынадмæ бахаста ивындзинæдтæ. Уыцы ивындзинæдтæ цас рæстæгыл æмæ раст сты, уый фæдыл Мыхуыры хæдзары Дунеон пресс-центры уагъд æрцыд тымбыл фынг Президенты Администрацийы минæвæрттæ, партиты сæргълæуджытæ, экспертты хайадистæй.

Тымбыл фынг сорганизаци кодта æхсæнадон организаци – экспертон æмархайды центры сæргълæууæг Плиты Сослан, ахæм номимæ: «РХИ-йы æвзæрстыты закъондæттынад сног кæнын у сабыр президентон æвзæрстытæм фæндаг».

Тымбыл фынджы нысан уыд президентон æвзæрстыты хæдразмæ Хуссар Ирыстоны уавæрæн анализ саразын; 2011-12 азты æвзæрстытæм абаргæйæ, цæмæй уагъд æрцæуой сабыр æхсæнадон-политикон уавæрты; Централон æвзарæн къамис цы барасткæнинæгтæ бахаста, уыдон куыд бандавдзысты бæс-тæйы æвзæрстыты процессыл.

Парламенты Сæрдар, парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы хъуыдымæ гæсгæ, ивындзинæдтæ бахæссын хъæуы, фæлæ йæ хъуамæ æмбарæм, цæмæн æмæ сæ цæй тыххæй хъæуы, хъæуынц нæ æви нæ.

«Президенты бынатмæ хъуамæ раразмæ æрцæуой ахæм кандидаттæ, кæцы-тæ хъуамæ уой æцæгдæр зондджын, авторитетон адæм, кæцытæ æмбарынц, бæстæйы мидæггагон æмæ æддагон политикæйы цы цæуы, кæцытæ рæхсынц сæ хъуыды дзурынмæ æмæ фыссынмæ. Уымæ гæсгæ æвзарæн процессмæ хаст хъуамæ æрцæуа бæрæг ивындзи-нæдтæ.

Æхсæнад дæр хъуамæ æмбара, ахæм бæрнон бынатмæ кæцы æмбæстаджы равзарын хъæуы», – дзырдта Анатоли.

Республикæйы территорийыл æдзух цæрыны цензы фæдыл къухфыстытæ æмбырд кæныны фæтк æмæ механизмты хъуыддагмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл дæр йæ хъуыдытæ загъта Бибылты Анатоли.

Парламентон парти «Ныхас»-ы минæвар, депутат Бесаты Зитæ дæр у æвзарæн системæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фарс, фæлæ Централон æвзарæн къамис цыма фæтагъд кодта уыцы фарсты фæдыл. Уымæн æмæ Парламентмæ не ‘рбавдыста барасткæнинæгтимæ æххæст бæрæг критеритæ, зæгъæм, паддзахадон æвзæгтæ зоныны фæдыл. Уымæ гæсгæ нымайы афтæ, æмæ закъондæттынадон æмвæзадыл хъуамæ конкретонæй фыст æрцæуа.

Парти «Фыдыбæстæ»-йы лидер Гобозты Вячеслав республикæйы территорийыл æдзух цæрыны цензы фæдыл банысан кодта, зæгъгæ, нымады иуæгыл мæй ма хъуамæ цæуа нымад, фæлæ – бон.

«Командировкæ, ахуыр æмæ йе ‘нæ-низдзинады фæдыл республикæйæн æдтæмæ чи цæуы, уыдон паддзахадон органтæ хъуамæ æрвитой, цæмæй афтæ нымад ма æрцæуой, ома, уыцы рæстæг республикæйы бæрæг æмбæстаг нæ цард, цæмæй ма бандава цензыл. Уымæй дарддæр ын хъуамæ уа, цы уагдон æй арвыста, уырдыгæй æрвитæн гæх-хæт», – дзырдта Вячеслав. Хъуамæ хынцыд цæуой политикон, юридикон, территориалон фактортæ, цæмæй æвзæрсты-тæй æвзæрстытæм ма æвзарæм адæ-мы, фæлæ ма хъыг дара реалон политикон конкуренцийы.

«Адæмон парти»-йы лидер Плиты Александры хъуыдымæ гæсгæ цензæй мах бирæты цух кæнæм конституцион бартæй. Уый, зæгъгæ, демократи нæу, уыцы демократи нæ адæм аразын райдыдтой 90-æм азты æмæ иунæг хатт дæр нæ фæрæдыдысты. Уымæ гæсгæ цензыл хъæуы бакусын, уымæн æмæ адæймаджы конституцион нормæтæ æмæ бартæ цæуынц хæлд.

Коммунистон партийы лидер Коцты Станислав бакодта къорд амонæнтæ, куыд фæлтæрд парламентари, афтæ.

Цензы тыххæй ма фæндон бахаста, цæмæй хынцыд цæуа уый дæр, фиддон-тæ республикæйы территорийыл фиды, æви нæ.

Тымбыл фынджы куысты ма сæ хъуыдытæ, фæндæттæ рæгъмæ рахастой парти «Адæмы иудзинад»-ы лидер Чилæхсаты Владимир, «Ныхас»-ы лидер Æлборты Алан, «Ног Ирыстон»-ы лидер Санахъоты Дауыт, æхсæнадон змæлд «Ирыстон – дæ æвзæрст»-ы лидер Джусойты Алан, «Интеллектуалон ресурстæ»-йы центры къухдариуæггæнæг Дзугаты Къоста, эксперт Уазæгты Юри.

 

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.