Хуыцаубоны  спортивон  комплекс  «Олимп»-ы ауагъдæуыдзæн турнир аивадон гимнастикæйæ. Уый тыххæй информацион агентад “Спутник”-ы пресс-центры  фехъусын кодта Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария йе ‘рвылкъуырион брифингы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзонг гимнасттæ равдисдзысты, ивгъуыд ахуыры азы рæстæджы цы сахуыр кодтой æмæ цы базыдтой аивадон гимнастикæйæ, æппæт уыцы рæсугъддзинæдты руаджы сæ фидар удыхъæд, сæ арæхстдзинад, сæ курдиат.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Цæгат Ирыстонæй æрцыд аивадон гимнастикæйæ уæлдæр категорийы тренер Нина Никитина æмæ къуырийы дæргъы уый кусы хуссарирыстойнаг æвзонг гимнасттимæ.

«Нина Никитина йемæ Хуссар Ирыстонмæ æркодта йæ гимнастты, кæцытæ турниры равдисдзысты сæ арæхстдзинад турниры уазджыты хуызы», – банысан кодта Хъотайты Мария. 

Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæмæй сæ хъомылгæнджыты, сæ ныййарджыты æмæ сæм чи æрбацæуа, уыдоны зæрдæтæ барухс кæной, уый тыххæй, хуссарирыстойнаг гимнасттæ сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, сæхи цæттæ кæнынц турнирмæ.

«Къуырийы дæргъы райсомы 9 сахатæй изæры 5 сахатмæ нæ гимнасттæ æнæрынцойæ кусынц сæхиуыл, цæмæй хорз сæххæст кæной сæ номыртæ, сæ арæхстдзинад аккагæй равдисой æмæ сæ табугæнджыты зæрдæтæ барухс кæной, уый тыххæй тынг тыхсынц», – загъта комитеты сæрдар.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд Хуссар Ирыстон фылдæр зындгонд у уæгъдибар хъæбысхæст, бокс, дзюдо, каратэ, æмæ æндæр спорты хуызы спортсментæй, уæд нæ республикæйы аивадон гимнастикæ та у  ног æмæ æнæахуыр спорты хуыз. Уымæ нæ кæсгæйæ, нæ гимнасттæ стыр æнтыстытимæ хайад райсынц Уæрæсейы Федерацийы алыгъуызон турнирты.

Дарддæр Хъотайты Мария радзырдта, республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны Аивадон гимнастикæйы федераци цы финансон æххуыс исы, уый тыххæй.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли 2019 азы онг Аивадон гим-настикæйы федерацийæн финансон æххуысы хуызы æрвылмæй дæр лæвæрдта 50 мин сомы. 2019 азы уыцы æххуыс фæфылдæр дыууæ хатты, ныр та æрвылмæй дæр аивадон гимнастикæйы фондмæ Президенты фондæй хынцыд цæуы 100 мин сомы. Куыд зонæм, афтæмæй гимнастикæ у зынаргъ спорты хуыз, хъæуы зынаргъ дарæс, зынаргъ булавæтæ, зынаргъ портитæ, уыимæ ма  сбортæ, спортивон ифтонггæрзтæ æмæ предметтæн дæр стыр хæрдзтæ хъæуы, уымæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдоныл баст у тренировкæты процесс дæр æмæ гимнастты æнтыст дæр», – банысан кодта комитеты сæргълæууæг.

Финансон æххуыс дыууæ хатты кæй фæфылдæр, уый руаджы дыууæ хатты фæфылдæр республикæйæн æддæмæ нæ гимнастты ацыд æмæ уым сæ цæттæдзинады æмæ профессионализмы æмвæзад фенын кæнын. Ацы аз нæ гимнасттæ хайад райстой алыгъуызон турнирты Краснодары крайы,  Цæгат Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары республикæйы, апрелы мæйы хайад райстой, Цæгат Ирыстоны цы турнир ауагъдæуыд, цыран хайад райстой Цæгат Кавказы републикæты минæвæрттæ, уым, æмæ  уырдыгæй æрхастой 10 сыгъзæрин майданы.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нæм аивадон гимнастикæйæ дарддæр кæй ис эстетикон гимнастикæ дæр, афтæмæй гимнастикæйы дыууæ хуызæн финансон æххуыс нæ фаг кæны, ома, кæд уыцы финансон æххуыс фаг кæны аивадон гимнастикæйæн, уæд эстетикон гимнастикæ та æййафы хъуагдзинад.

Аивадон гимнастикæйæ турнир уагъд цæудзæн спортивон гимнастикæйæ Советон Цæдисы спорты мастер,  Республикæ Хуссар Ирыстоны физикон культурæйы сгуыхт кусæг, Хуссар Ирыстоны аивадон гимнастикæйы секцийы бындурæвæрæг Гæбæраты Людмилæйы  рухс ном арыны сæраппонд.  

«Гæбæраты Людмилæ йæ цардæй ахицæн 5 азы размæ. Уый йæ хъомылгæнинæгты «бафæдзæхста» Хуссар Ирыстоны Аивадон гимнастикæйы федерацийы ныры сæргълæууæг Цхуырбаты Земæйæн. Цхуырбиан йæхимæ райста бæрндзинады стыр уаргъ æмæ аккагæй дарддæр кæны Гæбæраты Людмилæйы хъуыддаг.

Кæд Цхуырбаты Земæ йæхæдæг аивадон гимнастикæйы мастер нæу, фæлæ  эстетикæйы, уæддæр фондз азы дæргъы сахуыр кодта гимнастикæйы уыцы хуыз æмæ ныр  йæ тых, йæ хъаруйыл нæ ауæрдгæйæ, кусы чысыл гимнасттимæ æмæ йæ куыстæн ис фæстиуæг», – банысан кодта Хъотайты Мария. 

Кæронбæттæны комитеты сæрдар куыд загъта, афтæмæй аивадон гимнастикæйæ турнир уыдзæн тынг цымыдисон, номыртæ уыдзысты национ стилы.

«Турниры уыдзæн командон номыртæ дæр æмæ чысыл гимнастты хицæн номыртæ дæр. Æвдыст цæудзысты номыртæ предметтимæ – портиимæ, булаваимæ æмæ æндæр специалон предметтимæ.  Ацы турниры æвдыст цæудзысты национ стилы ног композицитæ, кæцытыл бакуыстой «Олимпы» хо-реографтæ. Уый фæстиуæгæн турнир уыдзæн тынг цымыдисон», – кæронбæттæны банысан кодта Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.