Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады Уæлдæр ахуырадон уагдæттæм цы хуссарирыстойнаг курсанттæ цæуы ахуыр кæнынмæ, уыдонæн æрæджы уагъд æрцыд цытджын Æфсæддон ардбахæрды церемони. Ацы æхсызгон мадзал ауагъдæуыд  Æнусон арты раз Кады аллейы. Фыдыбæстæйыл иузæрдион уæвыны тыххæй ард бахордтой 32 курсанты, уыдонæй 11-чызджытæ.

Ацы мадзалы хайад райстой РХИ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Виктор Федоров, РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры хæдивджытæ: инæлар-майор Тасойты Леонид æмæ булкъон Æлборты Игорь, РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Олег Сулимов, Уæлвæткон уавæрты министр Санахъоты Сергей.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Гимны зæлтæ айзæлыны фæстæ цытджын уавæрты Хъахъхъæнынады министрады фидæны офицертæн уыд  Æфсæддон ардбахæрд.

Бæстæйы Сæйраг уæлдæр командæгæнæг Президент Тыбылты Леониды номæй курсанттæн раарфæ кодта Олег Сулимов. Уый зæрдыл æрлæууын кодта, Æфсæддон ардбахæрд райсын кæй у кадджын æмæ бæрнон хæс, кæцы æвæры паддзахад æфсæддонтыл Фыдыбæстæ хъахъхъæныны тыххæй.

«Зынаргъ хæлæрттæ – ацы нысаниуæгджын бон, Æфсæддон ардбахæрды ныхæсты фæстæ сымах систут Фыдыбæстæйы æцæг хъахъхъæнджытæ. Ацы зæрдылдарæн боны фæстæ уæхи банкъардзыстут æцæг офицертæй. Уæ зæрдыл дарут фильм «Офицеры»-йæ зындгонд ныхæстæ: «Ис ахæм професси – Фыдыбæстæ хъахъхъæнын».

РХИ-йы Ветеранты советы сæрдары хæдивæг, отставкæйы булкъон Уалыты Гайоз дæр ветеранты номæй арфæ ракодта æвзонг курсанттæн. Мæнæн, зæгъгæ, æхсызгон у, ардбахæрды хайад кæй исынц фидар æмæ аккаг æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ.

“Мæ зæрдæ уын зæгъы, ныртæккæ уæ къухты цы æхсæнгæрзтæ ис, уыдонæй цæмæй тохы рæстæджы пайда ма цæуа, фæлæ уæм бахъуаджыйы рæстæджы уыйбæрц тых æмæ хъарутæ разынæт æмæ æвзæрмæбæллæг хуыдыг куыд æрцæуа”, – загъта Уалыты Гайоз.

Æвзонг курсантты хиуæтты номæй арфæ ракодта Цхуырбаты Рая. Уый сæрмагонд бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леони-дæн, хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагимæн, Хуссар Ирыстонæн аккаг фæлтæр схъомыл кæнынмæ тырнындзинад æмæ алыварсон архайды тыххæй. Бузныджы ныхæ-стæ загъта, æвзонг курсантты чи цæттæ кодтой, уыцы офицерты скондæн.

Курсанттæн йæ цæст бауарзта амондджын цардвæндаг. Сымах, зæгъгæ, слæууыдыстут царды фæндагыл. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бæрзонд ном кадимæ æмæ аккагæй хъуамæ хæссат. «Сымах хъуамæ иузæрдион уат уæ Райгуырæн бæстæйыл, кæддæриддæр йæ бахъахъхъæнынмæ, йæ номыл цыфæнды сгуыхтдзинæдтæм дæр – цæттæ.     Хъуамæ уæ зæрдыл дарат, хъæбатыр адæмы минæвæрттæ кæй стут, уый», – дзырдта Рая.

Зæрдыл æрлæууын кодта Хъахъхъæнынады министрады бындурæвæрæг Хуыбылты Валерийы сгуыхтдзинæдтæ. Йæ ном ын цы гимнази хæссы, уый рауагъдонтæ-курсанттæм бахатыд, цæмæй кадимæ æмæ аккагæй хæссой йæ рухс ном.

Курсантты номæй ныхасы рацыд Тыджыты Ионофан: «Мах абон нæ Фыдыбæстæйæн ныфс дæттæм: кæддæриддæр уыдзыстæм цæттæ йæ бахъахъ-хъæнынмæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы кад æмæ намыс дæлæ-мæ никуы æруадздзыстæм».

Курсантты номæй бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ Хъахъхъæнынады министрадæн, фадат сын кæй ис Уæрæсейы Уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты ахуыр кæнынæн, уый тыххæй.

Мадзалы фæстæ Цытджын караул, курсанттæ æмæ Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ Кады аллейы рацыдысты цытджын маршæй.

Хуссарирыстойнаг курсанттæ ахуыр кæндзысты Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады хуыздæр Уæлдæр ахуыргæнæндæтты – Санкт-Петербурджы Уæлдæр æфсæддонмедицинон академийы, Михайловскы артиллерион академийы, Санкт-Петербурджы Бастдзинады академийы, Мæскуыйы Æфсæддон университеты, Тюмены Уæлдæр инженерон æфсæддон-командон ахуыргæнæндоны.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.