Рæзгæ фæлтæры æнтыстытæ, кæддæриддæр, адæймаджы зæрдæйæн хæссынц æхсызгондзинад, фæлæ ма уыцы æхсызгондзинад базыртæ басадзы, ныййарджытыл сæ хъæбулты æнтыстыты тыххæй куы базонынц, уæд.  Царды хуызтæ дæр ирддæр свæййынц, райдзастдæр æмæ сын фæхæссынц æхцондзинад, цин æмæ зæрдæрай.

Ахæм æнкъарæнтæй цух нæ баззадысты Хъодалаты Алан æмæ йе ‘мкъай Гуло дæр, сæ чысыл чызг Мария сæм фыццаг хатт гæххæтты гæбазыл  фыстæй æмдзæвгæтæ куы бавдыста, «Æркæсут-ма сæм, уæ зæрдæмæ цæуынц, мæхæдæг сæ æрымысыдтæн», – зæгъгæ, уæд. «Мæ дисæн кæрон дæр нал уыд, Мария мын куы равдыста цалдæр æмдзæвгæйы, уæд. Сæйраджыдæр уымæн, æмæ уыд нырма æртыккаг къласы ахуыргæнинаг. Ахуыр хорз кодта, фæлæ æмдзæвгæтæ фыссынмæ кæй рæхст, уый æз дæр æмæ йæ мад дæр никуы рахатыдыстæм» – загъта Алан.  Мария йæ фыццаг æмдзæвгæтæ йæ ныййарджытæн куы равдыста, уæд уыдонмæ иттæг хорз нæ, фæлæ фæкастысты тынг хорз, фæлæ ныййарæджы уарзондзинад æмæ хъомылгæнæджы æнкъарæнтæ, бар нæ радтой йæ аиппытæ йын раргом кæнын. Уый нæ, фæлæ раппæлыдысты сабийæ æмæ йын бацырын кодтой йæ тырнынад, баразæнгард æй кодтой цæмæй уый ноджыдæр куыстаид йæхиуыл, фыстаид сабийы æрмдзæфæй æмдзæвгæтæ. Уый стыр ахъаз фæцис Марияйæн, æмæ, æцæгæйдæр, не ‘рлæууыд уыцы цалдæр æмдзæвгæйыл. Мария йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уæд фыста йе ‘мбæлттыл, йæ зæрдæмæ-иу чи фæцыд, уыцы адæймæгтыл, æрдзыл, фæлæ æппæты фылдæр кæуыл фыста, уый уыд йæ райдиан кълæсты ахуыргæнæг Гæбиты Маринæ. «Цыппæрæм къласы нæм æр-барвыстой ног ахуыргæнæг – Маринæ Сурены чызджы. Уый афтæ фæлмæн æмæ аудгæ ахаст равдыста сабитæм, æмæ йæ махæй алчидæр бауарзта бирæ. Æрвылбон дæр-иу ыл ныффыстон æмдзæвгæтæ æмæ-иу ын сæ балæвар кодтон. Куы-иу мæ раппæлыд, уæд-иу мæм афтæ каст, дуне æгасæй дæр мæн у, æмæ тырныдтон, ног æмæ ног æмдзæвгæтæ йыл фыссынмæ», – загъта Мария. Ахуыргæнæджы æмæ ахуыргæнинаджы хъæрмуд ахаст сисс Марияйы курдиат æргомдæрæй райхалыны  сæйраг рахæцæн.

Мария æмдзæвгæтæ фыссыныл куы фæцайдагъ ис, уыцы рæстæджы нæ республикæйы уавæр райдыдта æндыгъдæй æндыгъддæр кæнын. Æнкъараг саби арф айста йæ зæрдæмæ зынвадат дуджы царды уавæрты адæмы тыхст, æййæфта зындзинæдтæ йæхæдæг дæр æмæ кæд йæ бон ницы уыд фæивын, уæддæр йе ‘нкъарæнтæ æмæ сæвзæргæ уавæрмæ йæ ахаст æвдыста йæ рæнхъыты. Фыста æмдзæвгæтæ æмæ уымæй йæ чысыл зæрдæ иста æнцойад.

Фæстæдæр, хистæр кълæсты ахуыр-гæнгæйæ, Мария æмдзæвгæтæ фыссынмæ бавнæлдта зæрдиагдæрæй. «Афтæ мæм  каст, æмдзæвгæтæ фыссын у мæ сæйраг хæс, æмæ кæд ме ‘мгæрттæй бирæтæм диссаг каст, уайтагъд-иу сыл куы афыстон рæнхъытæ, уæддæр мæнæн уый æппындæр зын нæ уыд. Уый нæ, фæлæ ма мæ ме ‘мдзæвгæтæй иуæй-иуты фæндыд зарæджы хуызы фенын дæр»,- загъта Мария. Уыцы хъуыдыимæ райхъал Марияйæн йæ миддунейы æвæрд ног курдиат – райдыдта нотæтимæ кусын æмæ йын бантыст йе’мдзæвгæтæн музыкæ нывæндын. Æвзыгъд чызгæн æрдз нæ бахæлæг кодта аив зарæггæнæжы хъæлæс дæр æмæ Мария йæ бæллиц сæххæст кæныны тыххæй бацыд Сывæллæтты сфæлдыстадон галуанмæ гитарæйыл цæгъдыны къордмæ æмæ Музыкалон ахуыргæнæндонмæ та – фортепьянойы къласмæ. Уым, музыкалон инструментыл цæгъдын куы сахуыр, уæд  райдыта йе ‘мдзæвгæтæ йæхи мелодитыл æвæрдæй зарын.  Ахæм архæстдзинад та, кæй зæгъын æй хъæуы, алкæмæ нæ вæййы, фæлæ Мария цæмæндæр, йæхи нæ банкъардта курдиатджыныл: «Нæдæр æмдзæвгæтæ  æмæ нæдæр музыкæ фысгæйæ, æз мæхи  нæ банкъардтон искæмæй хуыздæрæй. Æз аразын, мæ зæрдæйæн мын æхцондзинад цы хæссы, уый æмæ мын уайгæ дæр кæны æнцонтæй»,- зæгъы Хъодалаты чызг.

Мария кæд музыкалон аивады дунеимæ бабаста йæ цард, уæддæр ахуырмæ дæр у æвзыгъд. Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъола æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ бацыд ХИПУ-йы фæсарæйнаг æвзæгты факультетмæ æмæ ныртæккæ у æртыккаг къурсы студенткæ.  Уæлдæр ахуыргæнæдоны Мария фембæлд, йæхиау музыкалон аивадмæ цымыдисгæнæг æмгæрттæ Кокойты Аннæ, Æлборты Аланæ æмæ Багаты Ангелинæйыл æмæ уыдонимæ иумæ адарддæр кодта йæ архайд. Мария у уæлдæр ахуыргæнæндоны вокалон-инстру-менталон ансамблы сæйраг зарæггæнæг, композитор, æмæ ма хайад исы ахуыргæнæдоны царды дæр. Фыссы музыкæ æрмæст йæхи фыст ныхæстыл нæ, фæлæ æндæр авторты æмдзæвгæтыл дæр æмæ сæ афтæмæй хæссы аивадуарзджыты размæ.

Адæймаг цыфæнды курдиатджын ма уа, уæддæр æм, кæй зæгъын æй хъæуы, вæййы аиппытæ дæр. Уый æмбаргæйæ, Мария йе сфæлдыстадæн фыццаг аргъгæнæгæй ра-взæрста  музыкалон аивады зындгонд, курдиатджын композитор, зарæггæнæг Æл-борты Владимиры. «Мæ зарджытæ бахæссын Владимирмæ. Уый сын сраст кæны сæ аиппытæ, бахæссы сæм ногдзинæдтæ  æмæ сæ æркæны æмбæлон уагмæ.  Уый у фæлтæрд музыкант æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, зоны, хъусæджы зæрдæмæ зарæг куыд арфдæр бахъара, уый», – зæгъы Мария.

Мария нырма у æрыгон чызг, æрæджы банысан кодта йе 19 азы, фæлæ ныридæгæн цы æнтыстытæ равдыста, уыдон сты раппæлыны аккаг. Бакастæй у рæсугъд, миддунейæ – цымыдисон, уагахастæй – уæздан. Ахæм æрыгон кæстæрты æнтыстытыл та кæддæриддæр хъæуы райын, хъæуы сæ фарсмæ балæууын æмæ сын царды бæрзæндтæм сæ тырнындзинадæн ахъаз фæуын. Уыдон сты нæ рæзгæ бæстæйы рæсугъд фидæн аразджытæ, æмæ сын хъуамæ уа æппæт уавæртæ дæр  сæ дарддæры рæзтæн. «Уый цæмæй афтæ рауайа, æмæ ныртæккæ цы раст фæндæгтыл лæуд сты нæ фæсивæд, уымæй ма фæиппæрд уой, уый тыххæй сæйраджыдæр хъуамæ тырной сæхæдæг. Уый тыххæй мæ фæнды зæгъын, æмæ ныртæккæ махæн ис тынг хорз фадæттæ, æмæ сæ æххæстбæрцæй хъуамæ пайда кæнæм», – зæгъы Хъодалаты чызг.

Ис уавæртæ куыд спорты, аивады алы æмæ алы хуызты, зонад æмæ ахуырады æмæ æн-дæр фадгуыты дæр хиуыл бакусынæн. Уымæн æвдисæн сты фæстаг рæстæджы нæ фæсивæды æрвылбонон æнтыстытæ æмæ уыдоныл бындуриуæггæнгæйæ, фæзыны ныфсы æнкъарæнтæ, нæ чысыл Райгуырæн бæстæйæн кæй уыдзæн рæсугъд фидæн, кæй слæудзæн  фидарæй йæ къахыл æндæр размæдзыд бæстæты æмрæнхъ.

Марияйæн та нæ фæнды сæрмагондæй раарфæ кæнын, царды размæ кæй тырны, уый тыххæй. Дæхи фæндиаг æххæст кæнæт дæ рухс бæллицтæ æмæ сæйраджыдæр та у æххæст сылгоймаджы амондæй.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.