27-æм июны нæ республикæйы уæрæх банысан кодтой Фæсивæды дунеон бон. Нæ фæсивæды минæвæрттæ хистæр фæлтæрæй сæ бæрæгбоны цытæн райстой бирæ арфæйы ныхæстæ.

«Фæсивæды дунеон бон, — нæ бæрæгбон. Мах стæм нæ бæстæйы фидæнаразджытæ, уæн-донæй айтыгътам нæ базыртæ сабыр арвы бын, нæ разы æрæвæргæ хæстæ нæ къухы бафтыны тыххæй, цæттæ стæм тох кæнынмæ, нæ Райгуырæн бæстæйыл кæнæм зарджытæ. Мах æй зонæм, нæ царды сæйраг тых кæй стæм, кæцыты фидар базыртыл тæхыс ды, нæ зы-наргъ Ирыстон!». Ахæм рæсугъд æмæ ныфсджын ныхæстæй байгом ис фæсивæды дунеон боны цытæн нæ горæты Театралон фæзуаты уагъдцæуæг сæйраг мадзал.

Уыцы бон ма нысан цыдис æндæр бæрæгбон дæр, Фæси-вæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитет та нысан кодта йæ сы-рæзтыл 20 азы сæххæсты бон.

Мадзалмæ æрбацыдысты куыд фæсивæды, афтæ æхсæ-нады æндæр фæлтæрты ми-нæвæрттæ дæр.

Фæсивæды боны цытæн сценæйыл арфæйы ныхæстæ загъд æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номæй. Иууыл хуыздæр зæрдæйы фæн-диæгтæ загъд æрцыдис йæ номæй Ирыстоны фæсивæдæн. Уый йæ арфæйы фыстæджы ныфс æвæры, æппæт дæр арæзт кæй цæуы нæ фидæны фæлтæры хæрзиуæгæн.

Уый фæстæ та куыд Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы æмæ æгас дунейы фæсивæдæн сæ бæрæгбонон арфæ ракодта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыд-дæгты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей. Йæ ныхасы Сергей банысан кодта, зæгъ-гæ, æз, мæ куысты бынаты кусгæйæ, хорз зонгæ дæн фæсивæды зондахастимæ, æмæ, нæ фæсивæдмæ кæсгæйæ, мæн ныфс ис, не ’взонг паддзахадæн кæй ис рухс фидæн.

Ацы бæрæгбонон мадзалы сценæмæ ма хуынд æрцыдысты нæ республикæйы Фæси-вæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты бындурæвæрджытæ æмæ йæ раздæры сæргълæуджытæ, бирæ азты дæргъы рæзгæ фæлтæры хъомылады активон хайад чи иста, уыдоны иу хай: Плиты Серго, Джиоты Арянæ, Тедеты Гиви, Пæррæстаты Фати-мæ, Тедеты Руфин æмæ æндæртæ.

Сæ номæй Плиты Серго æмæ Джиоты Арянæ рæсугъд, арфæйы ныхæстæ балæвар кодтой рæзгæ фæлтæрæн. Уый фæстæ фæсивæдон политикæ райтынг кæнынмæ сæ хайбавæрд бахæссын æмæ комитетыл 20 азы сæххæсты юбилейы цытæн йæ раздæры сæргълæуджытæн комитеты номæй лæвæрд æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Фæсивæды бæрæгбоны цытæн уагъдцæуæг мадзалы ма хорзæхджын æрцыдысты нæ республикæйы культурæйы, аивады, медицинæйы фадыджы сæхи активонæй чи равдыстой, уыцы æвзонг специалисттæ.

Бæрæгбонон мадзалы фæлгæтты ма уагъд æрцыдис концерт дæр. Фæсивæдæн лæвары хуызы нæ республикæйы Президент æмæ Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты æххуысæй хуынд æрцыдысты румынаг зарæггæнджыты популярон къорд «Morandi» æмæ цæгатирыстойнаг зарæггæнæг Плиты Светланæ.

Концерт ацыдис бæрзонд æмвæзадыл, уæлдай æхцондзинад бæрæгбонмæ æрбацæу-джытæ райстой æвзонг зарæггæнджыты къорд «Morandi»-йы музыкалон номыртæй. Уый бæ-рæгæй зындис сæ къухæмдзæгъдыл æмæ зæрдæйы уагыл.

Фæсивæды боны цытæн уагъдцæуæг бæрæгбонон мадзæлттæ фесты фейерверкæй.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.