Алы горæтæн дæр йæ рæсугъддзинадыл дзурæг сты æрмæст йæ аив арæзт бæстыхæйттæ, уынгтæ, фæзуæттæ æмæ сквертæ нæ, фæлæ ма уынгты сагъд бæлæстæ дæр. Нæ горæты уынгты бирæ ис алыгъуызон мыккаг бæлæстæ, уыдон ахъаз сты уæлдæф сыгъдæг кæнынæн. Нæ царды бирæ хъизæмæрттæн æвдисæн сты ацы бæлæстæ, сæхæдæг дæр нæ аивæрзтысты 2008 азы августы хæстæй. Мæ цæстытыл абон дæр ауайынц уынгты ахизæнтæ куыд нал уыд фæлдæхт бæлæстæй, снарядтæ кæй аскъуыдтой, сæ уыцы цæнгтæй. Абон дæр нæ горæты бирæ ис хæсты нуæст  кæуыл баззад ахæм бæлæстæ.

Бæлæстæ алы уалдзæг дæр домынц зилын. Чи сæ зæронд кæны æмæ йæ калын хъæуы, кæй та – æхсæдын. Ныр цалдæр боны ацы куыст кæнынц нæ горæты хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ. «Ныртæккæ у бæлæсты хус къалиутæ æхсæдынæн тынг хорз рæстæг. Уыдон уалдзæджы суадздзысты ног таутæ æмæ иуæй йæ къалиутæ  бирæ февзонгдæр уыдзысты, иннæмæй та фæрæсугъддæр уыдзæн æмткæй бæлас», – зæгъынц кусджытæ.

Бæлæсты хус цæнгтæ ралыг кодтой Сталины уынджы æмæ Пионерты парчы.  

Дарддæр ахиздзысты æндæр уынгтæм дæр. Æхсæст куы фæуой, уæд бæлæсты бынтæ ныххафдзысты, ссыгъдæг сæ кæндзысты, зымæджы ам сæхицæн ахстæттæ чи сарæзта, уыцы уырынгонтæй. Стæй сæ байсæрддзысты чъырæй æмæ бæлæстæ уалдзæджы сыфтæр куы ракалой, уæд сæ рæсугъддзинад æмæ сыгъдæг уæлдæфæй æхцондзинад хæсдзысты. Уæлдай ахъаз та уыдзысты æнтæф бонты сæ бынты, аууæтты цæугæйæ. «Цæрджытæй чидæртæ фæуайдзæф кæны, ома, æгæр цæмæн æхсæдут бæлæсты, мах сын бамбарын кæнæм, афтæ кæй æмбæлы, уый специалистты амынд кæй у. Фæлæ стæй уалдзæджы бæлæстæ куы рафтауынц, уæд та цин фæкæнынц, цæрджытæ», – зæгъы бæлæсты æхсæдæг кусæг.

Горæты администрацийы хæрзарæзты цы цъæхвæлыстгæнæн хайад ис, уыдон та æрæвналдзысты фæндæгты газонтыл дидинджытæ садзынмæ: «Канд централон уынгты нæ, фæлæ фæсфæд цы сквертæ сырæзт, уым дæр сагъд æрцæудзæнис алыгъуызон дидинджытæ. Цалынмæ ноябры мæйы зымæджы уазал бонтæ не ‘рбалæууынц, уæдмæ дидин фæдарынц уынгтæ», – зæгъынц Цхинвалы мэрийы пресс-службæйы.

Мах цымыдис кодтам уыйбæрц  дидинтæ Цхинвалы администраци кæм самал кæны, уымæ. Куыд ра-бæрæг, афтæмæй уыцы дидинджытæн сæ иу хайы райгуырæн бæстæ ис нæхимæ. Ам бынаты ис цалдæр сылгоймаджы, кæцытæ сарæзтой хъæрмуаттæ, уым ныссадзынц дидинджытæ æмæ сæ схъомыл кæнынц. Горæты администрациимæ саразынц бадзырдтæ æрвылаз   дæр æмæ сын схъомыл кæнынц фондз хуыз дидинджытæ.

Горæты администрацийы хæрзарæзтады хайады ма нын куыд загътой, афтæмæй, нæхимæ цы дидинджытæ схъомыл кæнынц, уыдон хуыздæр адаптаци кæнынц æмæ тагъддæр схæцынц. Фæлæ уыдон фаг кæй нæ вæййынц, уымæ гæсгæ дидинджыты æндæр æмæ æндæр хуызтæ æлхæд æрцæуы Цæгат Ирыстон, Кæсæг Балхъар æмæ æндæр сыхаг республикæты. Дидинджытæ ныссадзыны фæстæ та сæ, хъæуы сæндидзын кæнын, ууыл бирæ фæархайынц горæты хæрзарæзтады кусджытæ, фæлæ не ‘мбæстæгтæй иуæй-иутæ, искæй фыдæбон мурмæ нæ даргæйæ, арæх балæгæрдынц газонты æмæ скверты цы дидинджытæ сагъд вæййы, уыдоныл. Курæг уæ стæм, аудут искæй фыдæбоныл æмæ горæты рæсугъддзинадыл дæр!

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.