Æрбалæууыд уалдзæг æмæ уыимæ æрбалæууыд бæлæсты хус къалиутæ æхсæдыны рæстæг дæр. Уыцы куыстытæ æрмæст хъæууон цæрджытæ нæ кæнынц, горæты уынгты цы бæлæстæ ис, уыдон дæр домынц зилын. Чи сæ зæронд кæны, уыдоны лыг кæнын, калын хъæуы, иннæты та – æхсæдын. Уыцы куыстытæ та хауынц горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цъæхдарæны хайады кусджытæм. Уыдон стыр куыст кæнынц нæ горæты рæсугъддзинадыл. Фæлæ сын сæ куыстæй арæх райгонд нæ вæййынц иуæй-иу цæрджытæ – «бæлæсты æгæр сæлвынынц», зæгъгæ.

Фæлæ специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй уый у æнæмæнг процедурæ. Уымæн æмæ нæ горæты уынгты цы бæлæстæ сагъд ис, уыдон сты рагон, бæласы хус къалиутæ та æхсæст куынæ æрцæуой, уæд уалдзæджы бæлас сыфтæр нæ ракалдзæнис, ног таутыл та рацæудзæнис æвзонг къалиутæ æмæ бæлас бирæ февзонгдæр æмæ фæаивдæр уыдзæнис.

Нæ горæты цы бæлæстæ ис, уыдонæй бирæтæн 2008 азы хæсты бахъыгдард сты сæ цæнгтæ æмæ сæ зæнгтæ дæр. Бирæ хъизæмæрттæн æвдисæн сты нæ горæты уынгты сагъд бæлæстæ. Цæстытыл абон дæр ауайынц, Ногдзауты парчы, Джиоты Аланы уынджы æмæ æндæр рæтты дæр ахизæнтæ куыд нал уыдис фæлдæхт бæлæстæй. Абон дæр нæ горæты бирæ ис нæмыгдзæф хæстæфхæрд бæлæстæ. Уыдонæн рæстæджы бон нæу схос кæнын. Æмæ искæдæй искæдмæ æхсæст куынæ цæуой сæ къалиутæ, уæд бахус уыдзæнис сæ уидаг дæр.

Бæлæсты æрмæст æхсæдын нæ хъæуы, фæлæ ма сæ – бындзæфхæдты чъырæй цæгъдын дæр.

Сусæггаг нæу, бæлæсты уидæгтæ бæрæг кæй бафхæрд сты уынгтæ цалцæг кæныны рæстæджы дæр. Æрмæст ивгъуыд аз нæ горæты капиталонæй цал-цæггонд æрцыдысты 10 уынджы. Ацы аз дæр та уыцы куыст дарддæр цæуы.

Ныртæккæ бæлæсты хус къалиутæ æхсæдынц хæрзарæзтады хайады кусджытæ. Бæлæсты хус цæнгтæ ралыг кодтой БАМ-ы районы бирæуæладзыгон хæдзæртты рæзты дæр. Уый фæстæ цадæггай рахиздзысты горæты уынгтæм æмæ уым дæр бæлæсты сæ хус къалиутæй ссæрибар кæндзысты.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.