Президент Гаглойты Алан фембæлд горæт Цхинвалы администрацийы цæрæнуатон фарстыты фæдыл æхсæнадон къамисы уæнгтимæ.

Хайадисджытæ Президентæн радзырдтой сæ куысты цы проблемæтимæ æмбæлынц, уыдоны тыххæй.

Къамисы уæнгты ныхæстæм гæсгæ, æввахс рæстæджы горæты цæрæнуатон фонд баххæст уыдзæн сæдæгай фатертæй, фæлæ уæддæр абоны онг рады лæуджыты номхыгъды ис дыууæ мин адæймаджы бæрц.

«Къамис æвзары документаци, рады лæуджыты цардуагон уавæртæ бабæрæг кæны, бинонты исад сбæрæг кæны. Цæрæнуат райсынмæ номхыгъды чи лæууы, уыцы æмбæстæгты исады тыххæй информацийы хъуагдзинадимæ æмбæлæм, афтæ ма нæ тыхсын кæны паддзахады балансмæ дыккагон цæрæнуат радтыны фарста. Юстицийы министрад архайы ацы фарстатыл, фæлæ механизм нырма фыст нæу», — загъта къамисы уæнг Цоциты Алан.

Президент раарфæ кодта къамисы уæнгтæн сæ куысты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы цæрæнуат хъуамæ дих цæуа закъоны фæлгæтты.

«Къамисы хæс у æппæт дæр афтæ саразын, цæмæй цæрæнуат райсой растдæр кæмæ æмбæлы, уыцы æмбæстæгты категориты минæвæрттæ. Уæ куыстыл æмæ уæ хæстæм бæрнон ахастыл баст у горæты цæрæнуатон фонд раст адих кæныны хъуыддаг», — загъта Гаглойты Алан.