Æрæджы «Æхсæнадон хъуыдыйыл дзыллон информацийы фæрæзты æндæвдад»-ы темæйы тыххæй информа-цион агентад «Спутник  Хуссар Ирыстон»-ы цы тымбыл фынг ауагъдæуыд, уым хайад райстой профилон фадыджы къухдариуæггæнджытæ æмæ минæвæрттæ. Хъыгагæн, мадзалы куыстимæ базонгæ стæм интернеты руаджы, тымбыл фынджы куыстмæ паддзахадон газетты редакциты минæвæртты кæй  нæ фæхуыд-той, уый аххосæй. Æвæццæгæн æнхъæлдтой æнæ уыдоны хайадистæй ма-дзал цымыдисондæр уыдзæн. Кæд сæ нæ фæндыд мадзалы æрмæг газетты ныммыхуыр кæнын, уæддæр фæхонын хъуыд газетты къухдариуæггæнджыты, уымæн æмæ мадзалы дзырд цыд редакторты хæдцензурæйыл. Уыимæ иумæ газетты æрмæджытæ дæр æндавынц æхсæнады хъуыдыйыл, уымæй дæр интернеты æвæрд æрцæуынц æмæ сæ кæсынц уæрæх масштабы дзыллæтæ.

Мадзалы хайадисджытæ дзырдтой информацион хæсты мадзæлттыл æмæ информацион хæст куыд уагъд цæуы, уыдæттыл. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстон сæхиуыл бавзæрстой æгъатыр хæсты сæйраг æууæл – информацион хæсты фæстиуджытæ. Мадзалы хайадисджытæ банысан кодтой, Донбассы цæрæг æмбæстæгты мæлæтæй аивæрзын кæныны тыххæй Уæрæсе цы сæрмагонд операци уадзы, уый тыххæй йæ ныхмæ Ныгуылæн æмæ Америкæйы иугонд штаттæ, информацион хæст кæй самадтой, уый.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты къухдариуæггæнæг Хъотайты Марияйы ныхæстæм гæсгæ, кæд Хуссар Ирыстон чысыл паддзахад у, уæддæр йæ хъус лæмбынæг дары Украинæйы æрцæугæ цаутæм, Донбассы зæххыл, йе ‘мбæстæгты бахъахъхъæныны тыххæй Уæрæсе цы политикæ уадзы, уымæ.

Комитеты сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, 2008 азы августы хæсты рæстæджы дæр æмæ уый фæстæ дæр Уæрæсе цы ныфсхаст къахдзæфтæ сарæзта, уыдоны, кæцыты фæстиуæгæн Ныгуылæн дæр æмæ АИШ дæр хуссайраг ирæтты ныхмæ агресси чи сарæзта, уый не схуыдтой агрессор, фæлæ йе ‘мбæстæгты чи бахъахъхъæдта, уыцы Уæрæсейы.

Медиакъорд «Россия сегодня»-йы æххæстгæнæг директор Кирилл Вышневский радзырдта, 2014-2015 азты Украинæйы цы цаутæ цыд, уыдоны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Украинæйы дæргъвæтин рæстæджы информацион тыгъдады барæй арæзт цыд æндыгъд уавæр. Уый уыд информацион хæст, растдæр зæгъгæйæ та – гибридон хæст. Информацийы фæрæзты руаджы сæ адæмæй арæзтой зомбитæ.

Блогер Тыбылты Алан параллелтæ сарæзта Хуссар Ирыстоны æмæ Донбассы æрцæугæ трагикон цаутæм Ныгуылæны ахастæн. Ома, Хуссар Ирыстоны дæр æмæ Донбассы дæр сабыр цæрджытæ æмæ сывæллæттæ знаджы нæмыгæй куы цагъды кодтой, уæд сæ Ныгуылæн нæ уыдта, бæлвырддæрæй та йæ нæ фæндыд федтаид сæ.

Украинæ æмæ Гуырдзыстоны информацион хæстыты тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Президенты Администрацийы информацион-аналитикон управленийы сæргълæууæг Уазæгты Юри.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Украинæйы æмæ Гуырдзыстоны цы процесстæ цæуы, уыдонæн иу куратор ис, иу центрæй сын лæвæрд цæуы старты командæ.  Гуырдзыстоны æрцæуæг «уардиты революци» дæр æмæ Киевы «бурбын сырхгъуыз революци» дæр иу процессы цæгтæ сты. Уыцы куратор йæ разы æрæвæрдта хæс постсоветон тыгъдады бындзарыл фæивын æмæ, куыд Советон Цæдисы бындар, афтæ Уæрæсейы сæндидзын ма бауадзын. Уыцы куратортæ ацы бæстæтæн афтæ бакодтой, æмæ паддзахадты сæргъы слæууыдысты ахæм адæймæгтæ, кæцытæ куыстой бынæттон адæмы æмæ паддзахады интересты ныхмæ.

Æмбæрстгонд у, дæс азмæ  дунеон процессты Ныгуылæны роль дарддæр дæр къаддæрæй къаддæр кæндзæн. Уый тыххæй та, Уазæгты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, цæмæй нæ республикæйы æрцæугæ цауты тыххæй рæстагон информаци дунейы адæмты размæ  хаст цæуа, уый тыххæй агурын хъæуы æндæр информацион базæрттæ, дунеон информацийы сегменттæ.

Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Диакъонты Амираны ныхæстæм гæсгæ, коллективон Ныгуылæны бæстæтæ пайда кæнынц национализмæй. Загъта, зæгъгæ, иу наци иннæмæй  йæхи уæлдæр куы  æвæра, уый тынг æвзæр у. Гуырдзиаг æмæ украинаг национализмы кæрæдзи-мæ куы æрдарæм, уæд фенæн ис, сæ иуæй дæр æмæ се ‘ннæмæй дæр англо-саксонаг бæстæтæ сæ нысан сæххæст кæныны тыххæй кæй пайда кæнынц Уæрæсейы ныхмæ.

Цы интернет-ресурстæ ис, уыдон сты адæмы зондахастыл æндавыны инструмент англосаксонты иуполярон дунеæм-барынадæн. Уыдон æндавынц тыхджын бæстæты къухдариуæггæнджыты зондахастыл дæр.

«20 бæстæйæ тæрхонгæнджыты æппындæр не ‘ндæвта, 2008 азы Хуссар Ирыстоны цы æрцыд, уый. Бæрæг куыд у, афтæмæй уæрæсейаг æфсæдтæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты, Гуырдзыстон нæ республикæмæ куы æрбабырста, æрмæстдæр уæд. О, фæлæ тæрхонгæн-джыты уыцы цау фехъусын нæ фæндыд», – загъта Санахъоты Давид. Банысан ма кодта, Парламенты йæ раныхæс-тæ информацион фæрæзты кæй нæ рав-дисынц, уыимæ иумæ ма кæй не ‘вдисынц ахсджиаг цаутæ дæр. Цæвиттонæн æрхаста, Уæрæсейы казначействойы бæрæггæнæн куысты тыххæй Парла-ментмæ цы акт балæвæрдтой, уымæй спайда кæнын сæ бон кæй нæу, бæрндзинадмæ æркæнын кæй хъæуы, уыдон абон кæй нæуал кусынц, уый аххосæй.

Æрмæгыл бакуыста

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.