Статистикæмæ гæсгæ  æгас дунейы 60 миллуан адæймаджы æппынæдзух пайда кæнынц наркотикон буарадтæй æмæ 300 милуанæй фылдæр та рæстæгæй-рæстæгмæ, ома куы сæм бахауы, уæд. Ӕрвылаз дæр наркотикон буарадтæй пайда кæныны фæстиуæгæн амæлы 200 мин адæймагæй фылдæр. Фæлæ æппæт ацы статистикон бæрæггæнæнтæ бынтон бæлвырд не сты, уымæн æмæ тынг бирæ адæм нæ сæттынц се ‘взæрдзинад арзыныл æмæ ма кæцыдæр паддзахадты къухдариуæггæнджытæ дæр æмбæхсынц сæ наркоманты нымæц, ома, нæм хъуыддаг афтæ тынг æвзæр нæу.

Ӕрмæст Уæрæсейы æрвылаз дæр наркотикон æмæ алыгъуызон психоактивон буарадтæй спайда кæныны фæстиуæгæн амæлы 450 мин адæймаджы бæрц. Ӕмæ уый, кæй сбæлвырд кæнынц, уыдон. Æрвылбон дæр Уæрæсейы наркоманты нымæцмæ бафты æввахс нымадæй 230 адæймаджы бæрц æмæ ныридæгæн сæ нымæц хизы 90 минмæ. Афтæмæй та сæ нымæц азæй-азмæ нæ фылдæр кæны. Диссаг!!! Ницы дзы ис диссагæй. Уымæн æмæ наркотик у марг æмæ дзы чи пайда кæны, уыдонæн бирæ цæрæнбон нæ вæййы. Ацы статистикæмæ ма куы бафтауæм, карз нозтгæнджытæй æмæ тамакодымджытæй цал адæймаджы амæлы, уæд уавæр бынтон мæгуырау у. Зæгъæм, æввахс нымадæй Уæрæсейы æрвылаз дæр карз нозтæй амæлы 400 мин æмæ дамако дымынæй та – 500 мин адæймаджы бæрц.

Ацы проблемæйæ æвыдæй нæ баззад нæ æрыгон паддзахад дæр, кæд æмæ махмæ йæ масштабтæ бæрæг къаддæр сты, уæддæр. Фæлæ мах нымæцæй хæрзцъус стæм æмæ ныл иу трагикон цау дæр тынг бандавы. Уæлдайдæр та наркомантæн сæ фылдæр хай æрыгæттæ вæййынц æмæ нæм хæстон архæйдтыты фæстæ æвыдæй цы фæсивæд баззад, уыдонæй иуæй-иутæ та наркотикты амæттаг бавæййынц. Нæ республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн  йæ фыццаг домæн барадхъахъхъæнæг органтæм у, цæмæй наркотикон буарадтæй ссæрибар кæной æхсæнады. Уымæ гæсгæ милицийы Наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны хайады кусджытӕ æппынæдзух тох кæнынц наркотикон буарадтæ парахатгæнджытимæ æмæ сæ æнæзаконæй чи пайда кæны, уыдонимæ. Уыцы хъуыддаджы сын æнтыстытæ дæр арæх вæййы, фæлæ уæддæр, хъыгагæн, фаронмæ абаргæйæ наркотикон буарадтæй пайдагæнджыты нымæц фæфыл-дæр ис æмæ уый та мæгуырау хабар у.

Ацы аз дæр та оперативон информацийы фæдыл рейдон азылдты фæстиуæгæн уголовон хъуыддæгтæ бакодтой 16 æмбæстагыл, кæцытæм ссардтой 200-мæ æввахс гæны къутæры. Уымæй уæлдай ма ссардтой 1700 гæны къутæрæй фылдæр, кæцытæн сæ хицæуттæ бæлвырд не ‘рцыдысты, фæлæ наркотикон буарадты скуынæг кодтой. 10 мæйы дæргъы ма оперативон-сгарæн мадзæлттæ уагъд цыдысты æндæр хуызы наркотикон, психоактивон æмæ адæймаджы цардæн тæссаг буарадтæ ссарыны тыххæй. Наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы хистæр Уалыты Русланы ныхæстæм гæсгæ ма рейдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы бакæнынц адæмимæ профилактикон куыст дæр, бамбарын сын кæнынц, цахæм бæрндзинад хæсдзæнис, наркотиктимæ йæ хъысмæт чи сбæтта, уый.Статистикæмæ гæсгæ гæн фылдæр хæттыты ссарынц республикæйы районты, уымæн æмæ ацы наркотик махмæ хорз зайы, стæй зилын дæр тынг нæ домы æмæ йæ хъæуты цæрджытæ сусæгæй байтауынц. Йæ тауджытæ сты дыууæ категорийы æмбæстæгтæ, – йæхæдæг дзы чи пайда кæны æмæ йæ уæй кæныны тыххæй чи байтауы. Иннæ наркотикты хуызты фылдæр хай та ссарынц горæт Цхинвалы. Æмæ уый диссаг дæр нæу, уымæн æмæ горæты адæм бæрæг фылдæр сты районты цæрджытæй, стæй ма дзы фæсивæд дæр фылдæр ис, кæцытæ сты наркотиктæй пайдагæнджыты сæйраг контингент.

Æхсæнады иууыл тæссагдæр проблемæ

2008 азы хæсты фæстæ нæм арæзтадон процессты фæстиуæгæн куыстагур цæуын райдыдтой фæсарæйнаг бæстæты минæвæрттæ (сæ фылдæр Азийы бæстæтæй), кæцытæ, пайда æмæ æххуысимæ, æрхастой зиан дæр. Уыдон сæхимæ тынг арæх пайда кæнынц, дымгæ кæцы тамако нæ кæныц («снюс», «насвай» æмæ æндæртæ), ахæмтæй, æмæ йæ семæ нæ республикæмæ дæр æрхастой. Цыбыр рæстæгмæ йыл нæ фæсивæд дæр фæцахуыр, æгæрыстæмæй ма дзы скъоладзаутæ дæр райдыдтой пайда кæнын, æмæ 2016 азы нæ Парламент фæндон рахаста, цæмæй фæсивæды фыдбылызæй бахъахъхъæныны тыххæй ацы зианхæссæг тамакотæн æмæ йæ синтетикон хуызтæн нæ бæстæмæ ма уа ласыны æмæ уæй кæныны бар. Ацы закъон стыр ахъаз фæцис не хсæнадæй ацы взæрдзинады хуыз скуынæг кæнынæн, фæлæ нырма дæр рейдон мадзæлтты рæстæджы бамбæлынц ацы тамакотæ парахатгæнджытыл. Разыны дзы ахæмтæ, кæцытæ нæ сæттынц иварæй дæр æмæ та цыбыр рæстæджы фæстæ сæ æнæзаконон архайд райдайынц. Зæгъæм, Фидауынгæнджыты уынгыл цы хæлцадон дукани ис, уым цалдæр хатты ссардтой ацы тамакотæй æмæ-иу сæ хицæуттæ ивар æрцыдысты, контрабандон товар та-иу куынæг æрцыд. Уæдæр нæ састысты æмæ дуканийы уæйгæнæджы дыууæ хатты арвыстой ахæстонмæ дæр. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сын ацы тамако уæй кæнынæй кæй ис стыр пайда æмæ уый тыххæй кæй сты разы ахæстонмæ ацæуыныл дæр. Æвæццæгæн райсын хъæуы карздæр закъон, цæмæй фыддæр æфхæрд æййафой æмæ мауал уæндой йæ парахат кæнын. Ныридæгæн уал административон æфхæрд баййæфтой æртæ адæймаджы.

Наркотиктæй æнæзаконæй чи пайда кæны, уыдон фыццаджыдæр се ‘нæниздзинад  æфхæрынц. Фæлæ сын басæттæн нæй, кæд æмæ дзы кæйдæрты ахæстонмæ дæр арвитынц, уæддæр. Азы дæргъы 60 адæймагæй фылдæр æфхæрд æрцыдысты наркотиктæй пайда кæныны тыххæй, кæцыдæртæ дзы бахаудтой дыгай æмæ фылдæр хæттыты дæр. Уымæй уæлдай ма дыууæ бынæттон цæрæгыл баконд æрцыдысты уголовон хъуыддæгтæ медицинон препарат «Лирика» æрласыны тыххæй. Басгæрстыты рæстæджы ма ноджы ссарынц «марихуана», «метадон», «баксолан» æмæ æндæр наркотикон буарадтæ, кæцыты хуызтæ бонæй-бонмæ кæнынц фылдæр.

Наркотиктæ уæй кæнын у иууыл пайдахæссæгдæр бизнес æмæ йæ скуынæг кæнын дæр уымæн зын у. Уæлдайдæр та бирæ паддзахадты къухдариуæггæнджытæ сæхæдæг дæр ацы бизнесы сусæгæй хайад исынц æмæ сæ нæ фæнды йæ фесафын. Уый фæстиуæгæн цæстмæ митæ фæкæнынц, – февдисынц, ома, мæнæ карз тох кæнæм наркотиктæ парахатгæнджытимæ, фæлæ æцæгæй та фæкусынц наркотикты бизнесы гуырахст фæфылдæр кæныныл. Зæгъæм, америкæйаг æфсад 2001 азы Афганистанмæ куы бабырста, уæд цыбыр æмгъуыдмæ ацы бæстæйы наркотикон зайæгойты быдыртæ цалдæр хатты фæфылдæр сты.

 Æввахснымадæй æрмæст криминалон элементтæн наркотикты бизнес хæссы 800 миллиард доллары бæрц. Зæгъæм, Афганистаны иу килограмм «героин» 9 мин долларæй куы балхæнай, уæд æй Мæскуыйы ауæй кæндзынæ 150 мин доллармæ. Уымæ гæсгæ саразæн ис хатдзæг æмæ паддзахадон структурæты дæр æмæ барадхъахъхъæнæг органты кусджыты ‘хсæн дæр разыны ахæмтæ, кæцытæ æхцайы тыххæй сæ цæстытæ бирæ цæуылдæрты сæхгæнынц.

Наркоманийæн йæ бæллæх уый мидæг ис æмæ, фыццаджыдæр, йæ ахæсты бахауынц фæсивæд. Ацы фæзынд банымайæн ис стыр трагедийыл куыд æрыгон адæймагæн йæхицæн, афтæ ма йæ бинонтæн дæр. Адæймагæн цудын райдайы йе ‘нæниздзинад, адæмы ‘хсæн сæгад вæййы, фæкæны æнæгъдау митæ, бахъыгдард вæййы йæ психикæ. Ахæм адæймагæн куыст ссарын дæр фæзын вæййы æмæ ма йæм исты дæсныйад куы нæ уа, уæд ын професси райсыны фадат дæр нал вæййы. Уымæй уæлдай ма сæдых вæййы æмæ раздæр хорз цы куыст зыдта, уым дæр йæ бон бакусын нал вæййы. Цыбырдзырдæй, йæхицæн дæр æмæ йе ‘ввахс адæмæн дæр æппынæдзух фæкæны маст æмæ сын фæхæссы æрмæстдæр фыдбылызтæ.

Иртасæн куыстытæ ауадзыны фæстиуæгæн ма ахуыргæндтæ рабæрæг кодтой, зæгъгæ, кæцыфæнды бæстæйы цæрджытæй 7 проценты бæрц куы райдайой пайда кæнын наркотикон буарадтæй, уæд уыцы паддзахад æнæмæнгæй ныппырх уыдзæнис, кæнæ та бынтондæр скуынæг уыдзысты куыд наци, афтæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.