Мæскуыйы уагъд æрцыд Уæрæсейы Федераци  æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл   Æхсæнхицаудон æнудæсæм къамисы рабадт, цыран  хайад райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли дæр.

Рабадты фæлгæтты фембæлдысты УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг, Æхсæнхицауадон къамисы уæрæсейаг хайы сæрдар Виталий Мутко, РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар, Æхсæнхицауадон къамисы хуссарирыстойнаг хайы сæрдар Пухаты Эрик,  уый фæстæ Къамис кусын райдыдта æххæст скондæй.

Рабадт гом кæнгæйæ, УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Виталий Мутко раарфæ кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ хуссарирыстойнаг делегацийæн æмæ банысан кодта, Инвестпрограммæ хорз темптæй реализаци кæй цæуы, уый.

«Ныры Инвестпрограммæ, кæцымæ хаст æрцыдсты 17 объекты, хорз темптæй æххæст цæуы. Программæйы фæлгæтты арæзт æрцыдысты инфраструктурæйы объекттæ, фæуд кæнынц нымæцон телеуынынад уадзыны куыстытæ, Ленингоры арæзт æрцыд скъола. Банысан кæнын хъæуы, Паддзахадон драмон театр сæндидзын кæныны фæдыл цы куыст æрцыд, уый,  кæцыйы байгом кæнын нымайын стыр цауыл. 2018 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты сæххæстгонд куыстыты гуырахст хынцгæйæ, йæ реализацийы æнтыст дызæрдыггаг нæу», – загъта Виталий Мутко.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ,  фембæлды хицæнæй уынаффæ цыд РХИ-йы æм-бæстæгты куыстмызд фæфылдæр кæнын, ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы райрæзты амæлттыл, фæндагон хызæгты, цæрæнуатон-коммуналон фадыг æмæ экономикæйы реалон секторы рæзты проекттæ хаст кæмæ æрцæудзысты, фидæны уыцы Инвестпрограммæ саразыны фæдыл æмфинанс кæныны бадзырд адард-дæр кæныны фарстытыл.

Бибылты Анатоли дæр раарфæ кодта рабадты хайадисджытæн  æмæ банысан кодта, Æхсæнхицауадон къамисы форматы дыууæфарсон æмгуыстад кæй хæссы хорз фæстиуджытæ, кæцы зыны Хуссар Ирыстоны цардархайады алы фадгуыты дæр.

«Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæнг Инвестпрограммæ реализаци кæныныл чи кусы, æппæт уыдонæн, Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн нæ бæстæты æхсæн æмархайды бæрзонд æмвæзады тыххæй. Уæрæсейы Федераци нын куы нæ æххуыс кæнид, уæд мах Хуссар Ирыстоны цы æввæрццаг процесстæ цæуы, уыдон нæ уыниккам.

Ныртæккæ 2018 азы Инвестпрограммæ æххæст æрцыд 70 процентæй, куыстытæ цæуынц рæвдз, афæдзы кæронмæ уый сæххæст уыдзæн 100 процентæй. Куыд Президент, афтæ æз райгонд дæн, программæ куыд æххæст цæуы, уымæй. Фидæны Инвестпрограммæйы стыр хæстæ нысан æрцыдысты. Æхцайы бæрцтæ бирæ сты, æмæ мæнмæ гæсгæ Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрад, УФ-йы Президенты Администрациимæ иумæйаг тыхтæй мах уыцы фарстатæ аскъуыддзаг кæндзыстæм. Зæрдæ рухс кæны, нæ бадзырдты фæлгæтты æнтыстджын куыст æххæст кæй цæуы, уымæй. Дзырд уын дæттын, Хуссар Ирыстон йæ хæстæ æппæт гуырахстæй кæй сæххæст кæндзæн. Уадз æмæ дарддæр дæр не ‘нтыстытæ дывæр кæной. Бузныг, Виталий Леонтийы фырт, æппæт рæгъмæ рахæсгæ фарстатæм стыр хъусдарды тыххæй», – загъта РХИ-йы Президент.

Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик банысан кодта дыууæфарсон ахастыты рæзты эффективондзинад æмæ бузныджы ныхæстæ загъта æфсымæрон Уæрæсейы къухдариуæгадæн æппæтварсон æххуысы тыххæй.

«Уæрæсейы Федерациимæ РХИ-йы размæцыды фарстаты фæдыл комплексон æмгуыстад размæ цæуы æмæ зынынц социалон-экономикон фадыджы йæ ахсджиаг позитивон ивындзинæдтæ. Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын уæрæсейаг коллегæтæн, æххæстгæнæг хицауады федералон органтæн, кæцытимæ нын сæвзæрыд æнгом, конструктивон ахастытæ. Ныфс мæ ис, уыдон дарддæр дæр ахæм æвæрццаг уавæры кæй рæздзысты æмæ ахъаз кæй уыдзысты нæ разылæууæг фарстатæ скъуыддзаг кæнынæн. Дзырд уын дæттын, 2018 азы Инвестпрограммæ гъæдджынæй æмæ рæстæгыл æххæст кæй æрцæудзæн»,  – загъта Пухаты Эрик.

 

СÆ КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ ÆНУДÆСÆМ ÆХСÆНХИЦАУАДОН КЪАМИСЫ РАБАДТЫ СУАГЪÆЙЫЛ

XIX Æхсæнхицаудон къамисы Пленарон рабадты рæстæджы уынаффæ цыд Хуссар Ирыстоны дарддæры рæзты фарстатыл.

Боны фæткы уыдысты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты нысанæн, уыцы нымæцы Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн 2015 азы 18 марты Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл  Бадзырд, афтæ ма 2018-2019 азты РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Ин-вестпрограммæ сæххæст кæныны тыххæй Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы финансон æххуысы фарстытæ.

Сæйраг докладтимæ раныхас кодтой УФ-йы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр, Æхсæнхицауадон къамисы уæрæсейаг хайы сæрдары хæдивæг Сергей Чеботарев æмæ РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ.

Дыууæ фарс дæр æркастыты цæрджыты цардифтонгады объектты эксплуатацийы структурæйы оптимизаци сæххæст кæнын, тарифон уаг дæттыны системæ æрбиноныг кæнын, цæрæнуатон фонды управленийы структурæ саразын, 2020-2022 азты Инвестпрограммæ саразыны амæлттæ, æнæниз-дзинад хъахъхъæнын æмæ ахуырады системæты фæхуыздæр кæныны плæнттæ æмæ æндæр фарстытæм.

Рабадты рæстæджы рахастæуыд Хуссар Ирыстоны пенсион системæ фæхуыздæр кæнын, экономикæйы реалон секторы уавæртæ саразын, хисæрмагонд инвестицитæ æрбаздахыны тыххæй инвестицион уавæртæ саразын, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады рæзты, уæлæмхас куысты бынæттæ саразыны тыххæй фæндæттæ.

2020-2022 азты социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæ саразыны амæлт-тыл дзургæйæ, рабадты хайадисджытæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй 2019 азы Инвестпрограммæмæ хицæн пунктæй хаст æрцæуа програм-мæйы арæзтадон объектты проектон-сметæйон документаци саразыны куыст.

Рабадты кæрон Витали Мутко æмæ Пухаты Эрик сæ къухтæ æрфыстой Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл XIX-æм Æхсæн-хицауадон къамисы рабадты суагъæйыл.

***

Æхсæнхицауадон къамисы рабадты фæстæ журналистты раз ныхас кæнгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Виталий Мутко банысан кодта Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон фадыджы æвæрццаг ивындзинæдтæ.

«Хуссар Ирыстонимæ æмархайды хорз æмвæзадмæ схызтыстæм. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ республикæйæн кæй рæзы йæхи экономикон потенциал, æфтиагон базæ», – банысан кодта Виталий Мутко.

2020-2022 азты Инвестпрограммæйы саразыны фарстыл дзургæйæ уый банысан кодта, нысангонд кæй æрцыдысты йе ‘ппæт контуртæ æмæ  гуырахстытæ.

«Хайгай уымæ æркæсдзыстæм Æхсæн-хицауадон къамисы иннæ рабадты рæстæджы, кæцы уагъд æрцæудзæн 2019 азы фыццаг кварталы. Фидæны Инвестпрограммæ æнæмæнгæй хъæуы сфидар кæнын, цæмæй æнæ къуылымпытæй райдайæм проектон-сметæйон документаци аразыны куыст»,  – загъта Виталий Мутко.

Бибылты Анатоли, журналистты фарстатæн дзуапп дæтгæйæ, фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон дарддæр дæр кæны фæндагон хызæгты, цæрæнуатон арæзтады, ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады системæтæ фæхуыздæр кæнын, кадрон потенциал фæбæрзонддæр кæныны куыстытæ.

«Республикæйы хъæуы хорз фæндагон инфраструктурæ, мах ацы фадыджы куыст дарддæр кæндзыстæм. Цæрджыты нымæц фылдæр кæны, æмæ уымæ гæсгæ аразын хъæуы сабидæттæ, цæрæнуæттæ. Афтæ ма хъæуы медицинæйы, ахуырады, кадрон потенциалы гъæд фæхуыздæр кæнын», – загъта Бибылты Анатоли.

Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны сæргъ-лæууæг банысан кодта финансон æмæ æххæст-гæнæн дисциплинæйы гъæды рæзт, кæцы суыдзæн 2018 азы Инвестпрограммæйы мадзæлттæ реализаци кæныны гарант.

 

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.