Сфидар кодтой 2018-2019 азтæн инвестицион программæ

 

Нымад бонтæ ма баззад æмæ кæронмæ бахæццæ уыдзæн 2017 аз. Уыимæ фæуд кæны 2016-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы æмгъуыд дæр, кæцыйы фæлгæтты арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты бирæ ахсджиаг объекттæ. Фæлæ ацы программæйы фæлгæтты Уæрæсейæ æххуыс ууыл нæ фæуд кæны. Бакуыст æрцыд радон, 2018-2019 азтæн ног Инвестицион программæ. Уый райстæуыд, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы 18-æм рабадты, кæцы уагъд æрцыд 13 декабры Цхинвалы.

Рабадтæн сæрдариуæг кодтой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Хлопонин.

Рабадт гом кæнгæйæ, Пухаты Эрик раарфæ кодта уæрæсейаг делегацийы уæнгтæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Æхсæнхицауадон къамисы форматы æмгуыстадæн ис ахсджиаг нысаниуæг дыууæ бæстæйы ‘хсæн ахастытæ рæзын кæныны, Хуссар Ирыстоны сæндидзын кæнын æмæ рæзты хъуыддаджы. «Æхсæнпаддзахадон ахастытæ фидардæр кæнын æмæ Уæрæсеимæ  нæ стратегион партнеримæ – миграцион процесстæ рæзын кæнын Хуссар Ирыстонæн сты ахсджиагдæр фæдыздæхтытæ. Хъахъхъæнынады идейон тыгъдад аразын æмæ социалон-экономикон къабазы интеграци, кæцы нысан ис Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды, дзурæг сты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн уникалон ахастытыл», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты æххæстцæуæг мадзæлттæ иумæ хорзæрдæм æндавынц, куыд Хуссар Ирыстонæн йæхиуыл иумиагæй, афтæ йæ цæрджыты фæрныгадыл дæр.

Хицауады Сæрдар ма банысан кодта, мадзæлттæ ист кæй цæуы экономикæйы реалон секторы рæзты, Инвестицион проекттæ æххæст кæныны, хæрзвадат инвестицион уавæртæ хисæрмагонд инвестицитæ æрбакæнынæн аразыны фæдыл.

«Нæ æмгуыстадæн цы æнтыст ис, уый ирдæй зыны арæзтадон-æндидзынгæнæн процессы фæстиуджытыл, æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырады, амалиуæгады æмæ æндæр къабæзты интеграцион ахастыты рæзтыл», – загъта Пухаты Эрик.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты æппæт арæзтадон куыстытæ дæр финансгонд цæуынц æнæкъуылымпыйæ æмæ уый та нысан кæны, æппæт фадæттæ дæр кæй ис, цæмæй уыдон фæуой гъæдджынæй æмæ афоныл. Хицауады Сæрдар сæрмагондæй банысан кодта, Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ ист кæй цæуы,  фæлæ, æгæрыстæмæй уымæ нæ кæсгæйæ дæр Уæрæсейы ‘рдыгæй финансон æххуыс кæй нæ къаддæр кæны æмæ Александр Хлопонины номæй бузныг загъта Уæрæсейы разамынадæн.

«Уый у махмæ, республикæйы разамынадмæ стыр æууæнчы нысан, кæцыйы аккаг мах, куыдфæнды ма уа, уæддæр хъуамæ разынæм æмæ дзы спайда кæнæм нæ адæмы хæрзиуæгæн», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Йæ рады Александр Хлопонин бузныг загъта хуссарирыстойнаг фарсæн, хорз сæ кæй райста, уый тыххæй æмæ банысан кодта, Æхсæнхицауадон къамисы фæлгæтты иумæйаг куысты фæстиуджытæ кæй уыдысты æвæрццаг.

«Уæрæсе йæхимæ цы хæстæ райста, уыдон практикон æгъдауæй иууылдæр æххæст цæуынц æххæст гуырахстæй, афтæ Хуссар Ирыстон дæр. Абон мах хатдзæгтæ аразæм 2015-2017 азтæн Инвестпрограммæйæн, кæцы æххæст æрцыд эффективонæй. Афтæ ма фидар кæнæм 2018-2019 азтæн Инвестпрограммæ. Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн кæй хицæн кæны, уыцы фæрæзты гуырахст у дзæвгар  4 миллиард сомы æмæ ныр мах хъæуы стыр куыст бакæнын снысангонд мадзæлтты сæххæст кæныны фæдыл», – загъта Александр Хлопонин.

Рабадты куыд банысан чындæуыд, афтæмæй 2018-2019 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг инвестицион программæмæ хаст æрцыдысты 51 мадзалы, кæцыты нымæцы сты инфраструктурæйы объектты, скъолаты, сывæллæт-ты цæхæрадæтты, донифтонгады æмæ газифтонгады хызæгты арæзтад.

Ног инвестпрограммæйы приоритетон здæхтытæй баззайдзысты горæты уынгтæ, фæндæгтæ æмæ цæрæнуаты арæзтад.

Рабадты кæронбæттæны къухтæ фыст æрцыдысты Æхсæн-хицауадон къамисы 18-æм рабадты суагъæйыл, афтæ ма Хуссар Ирыстоны фидæны газификацийы программæ реализаци кæнынимæ баст товартæй базар кæныны режимы тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Хицауад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады ‘хсæн 2012 азы 2 марты Сразыдзинадмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй суагъæйыл дæр.

Рабадты фæстæ Пухаты Эрик æмæ Александр Хлопонин дзуаппытæ радтой журналистты фарстытæн. 2016-2017 азтæн Инвестпрограммæйы фæдыл куысты фæстиуджытæ цахæм уыдысты, ахæм фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Александр Хлопонин банысан кодта, зæгъгæ, уыдон банымайæн ис хорзыл. Ацы программæмæ хаст æрцыдысты 117 мадзалы, уыдонæй 105 мадзалы реализаци æрцыдысты æххæстæй. Сæ иу хай та рахызт Инвестпрограммæйы радон этапмæ. Афтæмæй нæ куыст рауадис æнтыстджын. Ног Инвестпрограммæйы тыххæй дзургæйæ Хлопонин банысан кодта, зæгъгæ, мах бирæ бакуыстам йæ бацæттæ кæныныл. Куыд ма загъта, афтæмæй уымæн рахи-цæн æрцыд 4 миллиард сомы, уыдонæй 3 миллиард сомæй фылдæр хицæн цæуынц 51 мадзалы тыххæй. Уыдонæй 40 объекты хауынц инфраструктурæйы объекттæм, скъолаты, фæндæгты, донифтонгады, коммуникацион хызæгты арæзтадмæ. 10 объекты та сты ахæмтæ, кæцыты арæзтад рахызтис ног Инвестпрограммæмæ. 1 миллиард сомы та рахицæн æрцыдысты республикæйы территорийыл Инвестицион проекттæ æххæст кæныны нысанæн. Нæ разы лæууы стыр хæстæ, банысан кодта Хлопонин, фæлæ нæ, зæгъгæ, ис ныфс, уыдон дæр æххæст кæй æрцæудзысты.

2018-2019 азтæн Инвестпрограммæмæ цахæм ахсджиаг объекттæ хаст æрцыдысты, уый фæдыл Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, æвзæрст цыдысты республикæйæн ахсджиагдæр æмæ приоритетондæр мадзæлт-тæ. Куыд зонæм, афтæмæй нын сывæллæтты рæвдауæндæттæ нæ фаг кæнынц æмæ ма ноджыдæр арæзт æрцæудзæнис 2 рæвдауæндоны, горæты та нын проблемæ ис донифтонгады хъуыддаджы æмæ уымæ гæсгæ программæмæ хаст æрцыдис Уанат-Цхинвалы донуадзæны арæзтад. Арæзт æцыдысты горæты централон уынгтæ, ныр дарддæрарæзт цæудзысты иннæ уынгтæ дæр. Дарддæр арæзт цæудзæнис Гуфта-Къуайсайы фæндаджы дыккаг этап, Гром-Цъинагары фæндаг, кæцы ис арæнгæрон зонæйы. Дарддæр æххæст цæудзæн цæрæнуатон арæзтад. Бирæ аразинæтæ ис, фæлæ куыд загъта, афтæмæй, æвзæрст æрцыдысты иууыл приоритетондæртæ. Хицауады сæрдары ныхæстæм гæсгæ иннæ аразинæгтæ дæр дарддæр арæзт цæудзысты Инвестицион программæйы фæлгæтты.

Фарст лæвæрд æрцыд республикæйæн вертолет рахицæн æрцæудзæн æви нæ, уый тыххæй. Уый фæдыл Хицауады Сæрдар загъта, зæгъгæ, фарст скъуыддзаг цæуы Уæлвæткон уавæртыминистрады хаххыл. Вертолет кæй хъæуы республикæйы, уый банысан кодта Александр Хлопонин дæр. Уый уæлдайдæр хъæуы тагъд медицинон æххуысы рæстæджы æмæ республикæйы иууыл дæрддагдæр бынæттæм тагъддæр бафтыны тыххæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.