Джуссойты Константин ауагъта Инвестпрограммæ реализаци кæныны фæдыл æмбырд. Боны фæткмæ хаст æрцыдысты 2022 азы Инвестпрограммæйы объекттыл арæзтадон куыстытæ сæххæст кæныны гуырахсттæ æмæ æмгъуыдты ахсджиаг фарстытæ.

Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, арæзтадон фадыджы Инвестпрограммæйы реализаци домы лæмбынæг хъусдард.

Фæндагон объектты, сывæллæтты лагерь, цæрæнуатон хæдзарадты арæзтады тыххæй фехъусын кодта арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард.

Министр банысан кодта, зæгъгæ, куыстытæ æххæст цæуынц æмгъуыдмæ гæсгæ. Вокзалгæрон фæзуаты хæрзарæзтадыл дзургæйæ, нысан æрцыд, территори цæттæ кæй у асфальты фыццаг цъар сæвæрынмæ.

Хицауады сæргълæууæг æмбырды хайадисджытимæ лæмбынæг æруынаффæ кодта Дзауы районы сывæллæтты лагеры хъæрмуатæй сифтонг кæныны фарстыл. Афтæ ма æруынаффæ кодтой зæронд хиды демонтажы фæдыл куыстытæ райдианы тыххæй дæр.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, хиды æддаг хуызыл уынаффæ цæудзæн Культурæйы министрад æмæ æндæр профилон структурæтимæ.

Æмбырды хайад райстой Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивджытæ Гаглойты Сергей æмæ Гуыцмæзты Илья, Хицауады аппараты управленийы, паддзахадон унитарон куыстуæтты, арæзтадон организациты къухдариуæггæнджытæ.

Æмбырды кæрон Хицауады сæрдар подрядон компаниты къухдариуæггæнджыты зæрдыл æрлæууын кодта æххæсткæнынады документаци рæстæгыл саразыны æнæмæнгхъæуындзинад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.