Цæрджытæн алыгъуызон лæггæдтæ чи кæнынц, уыдон сæйраджыдæр сты нæ горæты Модæты ателье æмæ Цардуагон лæггæдты хæдзар. Ардæм æрвылбон дæр  æндæр æмæ æндæр хуыз лæггæдтæ сын бакæныны тыххæй æрбацæуынц канд Цхинвалы цæрджытæ нæ, фæлæ республикæйы районтæй дæр æмæ зæрдæрухсæй аздæхынц фæстæмæ. Уагдоны директоры хæстæ къорд азты æнæзæрдæхудтæй æххæст кæны, йæ куыст чи уарзы, ахæм адæймаг – Тасойты Анжелæ. Сæ бæрæгбоны хæдразмæ бахатыдтæн Тасойты чызгмæ, цæмæй радзура йæ кусджыты архайд æмæ ма сын дарддæр цы аскъуыддзаггæнинаг хæстæ ис, уыдæтты тыххæй.

Нæ горæты цы цардуагон объекттæ ис, уыдонæй иууыл рагондæр у Модæты ательейы бæстыхай, кæцы сырæзт ивгъуыд æнусы æмбисы. Кæй зæгъын æй хъæуы, дзæвгар азты уæвынады фæстиуæгæн мæгуырауæрдæм фæзынд куыд йе ддаг бакаст, афтæ ма мидæгæй кусæн бынæттыл дæр. Йæ уавæр бынтон февзæрдæр, 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы – гуырдзиаг хотыхджынтæ йыл нæ бацауæрстой. Цалдæр азы фæстæ бæстыхайы æддаг къултæ æрцыдысты цалцæггонд, сæрдыны куыстытæ æххæст æрцыдысты мидæгæй, стæй ма йын раивтой  йæ бахизæны дуар дæр. Кусджытæ сæхæдæг дæр бæстыхайы арæзтадмæ бахастой се ххуысы хай æмæ рудзгуытæ æмæ дуæрттæ раивтой ногтæй.

   Зæгъын хъæуы, хуыздæр уавæры кæй нæй бæстыхайы æмбæрзт дæр æмæ дзы уый фæстиуæгæн мæгуырау боныгъæдты дон фæхъары. Уыцы згъуыд аиуварс кæнын раздæр азты дæр йæ хъуыдыйы уыд Тасойты чызгæн, фæлæ йæ раивынæн хъуыд дзæвгар арæзтадон æрмæг æмæ æхцайы фæрæзтæ æмæ уыдонæй та æххæст ифтонг нæ уыдысты. Сæ тыхстдзинад фæрог кæныны тыххæй сын техникæйæ баххуыс кæндзæн горæты администраци, 850 квадратон метры уæлхæдзар ногæй раивыны тыххæй сын бадзырд ис подрядон организациимæ æмæ куыддæр фæхъæрмттæ кæна, афтæ æрæвналдзысты йæ агъуындынмæ. Æнæуый та Модæты ательейы æдæппæт фæллой кæны æмæ цæрджыты домæнтæ æрвылбон дæр æнæкъуылымпыйæ æххæст кæнынц 21 кусæджы, уыцы нымæцы хуыйджытæ сты 10 адæймаджы, стæй дзабырхуыйджытæ 3 адæймаджы, уазалгæнæнтæ цалцæггæнæг Коцты Славик, цардуагон лæггæдты техникæ цалцæггæнæг Одтаты Гела æмæ æндæртæ.

Егъаудæр у, Ю.Лужковы уынгыл цы Цардуагон лæггæдты хæдзар ис, уый æмæ йæ кусджыты нымæц  у 30 адæймаджы бæрц, уыцы нымæцы хуыйджытæ сты 15, ис ма дзы æмæ цæрджыты домæнтæ æххæст кæныныл зæрдиагæй архайынц телевизортæ цалцæггæнæг Быценты Славик, модельер Бекъойты Хох, магнитофонтæ цалцæггæнæг Дыгъуызты Славик æмæ æндæртæ. Зæгъын хъæуы, ацы ран намысджынæй йæ куыст кæй æххæст кæны республикæйы иунæг сылгоймаг дзабырхуыйæг Уалыты Фатимæ, кæцыйы куыстмæ нæй фау æрхæссæн æмæ дзы фæлхасгæнджытæ кæддæриддæр баззайынц райгондæй. Тасойты чызг ма радзырдта, горæты сын цы спецкомбинат ис, уый тыххæй дæр, кæцы тынг бахъыгдард хæсты рæстæджы æмæ абоны онг дæр нæма кусы.

                                                    ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.