Тæрхджыты кæддæры иугъæдон куыст æмæ кусджыты змæлд ацы заводы дæр ивгъуыд дуджы баззадысты. Æмæ кæд эмаль тел нал уадзы, уæддæр, архайы, цы чысыл гæнæнтæ йын аразынц йæ къух, уыдонмæ гæсгæ. Уый фæстиуæгæн уадзы продукци, абоны бон фæлхасгæнджытæ тынгдæр кæй агурынц, æхсызгонæн сæ чи хъæуы, ахæм. Уый Цхинвалы завод «Эмальпровод»-æй зæгъын, раздæры азты хъомысджын чи уыд, дардыл йæ рауадзгæ продукци æхсызгонæн кæй агуырдтой, уыцы нæр-гæ куыстуатæй.

Заводы кæртмæ бахизгæйæ мын дуаргæс ацамыдта, цы цех ма дзы кусы, уырдæм. Бахызтæн цехмæ, фæлæ нырма мæ хъустæ нæма ацахстой кусджыты уынæр. Кæройнаг бынатмæ бацæугæйæ, ауыдтон дыууæ нæлгоймаджы кусгæ æмæ уæд ме уæнгтыл æхсызгондзинады комулæфт æрбауылæн кодта. Уыдон уыдысты, фæлхасгæнджыты закъазтæ зæрдиагæй чи æххæст кæны, уыцы дыу-уæ кусæджы. Сæ иу хæцы, ныры рæстæджы тынгдæр кæмæй пайда кæнынц, ахæм итувæрд æмбæрзæн зестыл, иннæ та йæ лыг кæны. Куыд базыдтон, афтæ-мæй ацы арæзтадон æрмæг уадзы Новолипецкы металлургион завод æмæ дзы закъазмæ гæсгæ æрвиты «Эмальпровод»-мæ дæр. Æрмæг у гъæдджын, йæ бæзн та у 0,5мм æмæ тынг хорз у бæстыхæйтты уæлхæдзæрттæ агъуындынæн. Закъазмæ гæсгæ сын вагоны рарвитынц 60 тоннæйы, æрхæццæ йæ кæнынц Дзæуджыхъæумæ, уырдыгæй Цхинвалмæ та – автотранспорты фæрцы. Уый раздæр вæййы лæгъз, стæй йыл сæрмагонд тæрхы фæрцы куы бакусынц, уæд дзы райсынц уылæнтæгонд профнастил, ома йæ уылæнтæм гæсгæ вæййы шиферы æнгæс. Уыцы бон æххæст кодтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты закъаз, æрмæг сæ бахъæудзæн 500 метрмæ æввахс. Ацы куыстытæ сæххæст кæндзысты цыбыр рæстæгмæ. Продукци уадзыныл кусынц æрмæст дыууæ нæлгоймаджы – Хъоцыты Роланд æмæ Гогинов Мераб. Хъоцыйы фырт куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы нырыккон тæрх фаг у, цæмæй дзы кусой дыууæ адæймаджы, æмæ продукци та уадзой æнæкъуылымпыйæ. Куыстуат закъазтæ исы æмæ сæ гъæдджынæй æххæст кæны куыд организацитæ, куыстуæттæ, уагдæттæй, афтæ хицæн цæрджытæн дæр.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.