Хъæууон фæллойгæнджыты æрвылбонон аудинæгтæ дзæвгар сты, уыдонæй иуты сæхи тыхтæ æмæ хъарутæй скъуыддзаг кæнынц, иннæтæ сæххæст кæ-нын та зындæр сты æмæ уыцы хъуыддаджы се ‘нцой балæууынц æмбæлон организацитæ æмæ куыстуæттæ. Цæрджыты цардуагон фарстатæ æрбæстон æмæ фæхуыздæр кæныныл кусы Цхинвалы районы паддзахадон унитарон куыстуаты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад. Раст у, ацы хæдзарад йæхæдæг алцæмæй ифтонг нæу, цы алыгъуызон техникæйæ ифтонг уыд, уыдон ныр зæронд кæнынц – арæх фехæлынц, фæхъæуы сæ цалцæг кæныны сæр. Уыцы рæстæгмæ та иу кæнæ æндæр куыстытæ кæнынц фæстиат. Фæлæ уæддæр, уыдæттæм нæ кæсгæйæ, хæдзарады хъаруджын коллектив уыцы згъуыдтæ, гæнæн уæвгæйæ, иуварс кæны æмæ архайы, сæ разы цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон сæххæст кæныныл.

Куыстуаты кусджыты иу бригадæ ныртæккæ арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ кæны Зары хъæуы хъæууон администраци æмæ клубы бæстыхайы. Ацы бæстыхай æрцыд æдзæллаг уавæрмæ, дзуапп нал дæтта абоны домæнтæн æмæ уымæ гæсгæ зындзинæдтæ æвзæрстой йæ кусджытæ. Уавæр бахынцыд æрцыд æмæ дзы августы мæйы райдианы райдыдтой арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæйраг инженер Хуыбиаты Ахмæт куыд радзырдта, афтæмæй клубы арæзт æрцæудзæн хорз сценæ, уыдзæн дзы артисттæн, сæ дарæс кæм раивой, ахæм ха-тæн дæр. Зæронд астæрд скалдтой, бакодтой дзы æнæмæнгхъæуæг куыстытæ, ныр та йæ кæнынц бетон, уый фæстæ йыл айтындздзысты ламинат. Бæс-тыхайы мидæггаг къултæ дæр фæхуыздæр кæндзысты æмæ сæ уый фæстæ байсæрддзысты сойын ахорæнтæй. Уагъд æм æрцæудзæн электроны ног хæххы-тæ, ивын нал бахъæудзæн рудзгуытæ æмæ дуæртты, уымæн æмæ уыдон пластиконтæй раивтой 2010 азы. Æнæмæнгхъæуæг куыстытæ сæххæст кæндзысты, хъæууон администраци кæм уæвынад кæны, уым дæр.

Уымæй дарддæр ма коммуналон хæдзарады кусджытæ районы æппæт скъолаты дæр бакодтой рог цалцæггæнæн куыстытæ. Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы бæстыхайы ма ис сывæллæтты рæвдауæндон дæр, ам хъуамæ уа сывæллæтты хъазæн фæзуат æмæ уый дæр сараздзысты, куыддæр ахуырады министрад уый тыххæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæна, афтæ. Хæдзарад иуæй-иу хъæутæм аразы фæндæгтæ, кæм та куыстæуы нуазыны дон æруадзыныл æмæ афтæ дарддæр.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.