Ивгъуыд къуыри ма куыд хъусын кодтам, афтæмæй 19-æм октябры нæ республикæйы Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæргълæудæй бынæттон журналисттæ кусæгон балцы уыдысты Ленингоры районы. Сæ куысты рæстæджы журналисттæ бабæрæг кодтой бæгæныфыцæн завод «Æлутон».

Бæрæг куыд у, афтæмæй завод «Æлутон» арæзт æрцыд 1991 азы. Уагъд дзы цыдис бæгæны æмæ лимонад. 2008 азы хæстон архайдтыты размæ ацы завод уыд гурыдзиаг бизнесмен Цезарь Чочелийы хисæрмагонд куыстуат. Уыцы рæстæджы дæр дзы уагъд æмæ арæзт цыд бæгæны æмæ лимонад «Натъахтъари». Продукци ласт æмæ уæй цыд Узбекистан æмæ Казахстаны базарты. 2008 азы агрессийæ æрдæг аз раздæр Цезарь Чочели бæгæныфыцæн завод ауæй кодта Турчы бæгæныйы корпораци «Efes Pilsener»-æн, фæлæ ног хицæуттæн нæ бантыст заводы куыст рауæрæх кæнын, уымæн æмæ райдыдтой хæстон архайдтытæ. Æппæт уыцы æнамонд цауты фæстæ Ленингоры район баци Хуссар Ирыстоны дæлбар. Республикæ Хуссар Ирыстоны уæды премьер Вадим Бровцев цалдæр азы фæстæ скусын кодта бæгæныфыцæн завод.  Йе скусынæй æрдæг азы дæр нæ рацыд, афтæмæй нæ республикæйы прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг заводы архайды тыххæй æмæ уый фæстиуæгæн завод æхгæд æрцыд. Ныртæккæ дæр заводы территорийыл фенæн ис уæды уагъд бæгæныйы æвгтæ. Уымæй фæстæмæ завод нæ куыста. Фæлæ ацы аз заводæн фæзынд ног инвестор Джиоты Алыксандр. Заводы базæйыл арæзт æрцыд ног фирмæ ООО «Ирдон».

Ныртæккæ завод «Æлутон»-æн йæ генералон директор у не ‘мбæстаг Тедеты Тамерлан. Уый нын куыд загъта, афтæмæй инвестор Джиоты Алыксандыр заводæн ссис йæ арендатор æмæ сæндидзын кодта, заводы цы кусæн техникæ ис, уый.  Афтæ ма æрласта ног уадзæн хахх. Æрæджы заводы рауагъдæуыд 5 000 авджы лимонад æмæ минералон дон «Дзимыр». Уыдон реализаци æрцыдысты нæ республикæйы магазинты дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ. Æрмæст минералон дон æмæ лимонад уагъд æрцыдысты, «Æлутон»-ы нæ, фæлæ фирмæ ООО «Ирдон»-ы номæй.

Заводы хъомысад у стыр. Йæ бон у сахаты мидæг 6,5  мин авджы минералон дон æмæ лимонад уадзын. Зæгъæм, иу мæйы бæрц куы кусид завод, уæд, æвæццæгæн, нæ республикæйы магазинтæ цух нæ баззаиккой йæ продукцийæ. Ныртæккæ нæ республикæйы экономикæйы райрæзты министрад фæнд кæны нæ къухы цы документтæ ис, уыдон сратификаци кæнын, цæмæй нæ продукци ласт цæуа канд нæ республикæйы магазинтæм нæ, фæлæ ма Уæрæсейы Федерацийы горæттæм дæр. Афтæ ма нæ инвестор хъавы бæгæны æмæ арахъхъ рауадзынмæ, фæлæ уыдон рауадзын афтæ æнцон нæу, уымæн æмæ йæ къухы лицензи нæма ис. Инвесторы бирæ тых æмæ æхцайы фæрæзтæ бахъуыд завод скусын кæнынæн. Уымæн æмæ ацы заводы техникæ у зæронд æмæ йæ хъæуы ивын, – загъта Тедеты Тамерлан.

Генералон директор нын куыд загъта, афтæмæй минералон дон «Дзимыр» уагъд цæуы Ленингоры районы Дзебысаты хъæуæй. Уым ис дыууæ суары. Сæ иумæ, зымæджы æвзæр фæндæгтæ кæй вæййы, уымæ гæсгæ зын ссæуæн у, фæлæ бындæр кæцы суар ис, уымæ бацæуын æнцондæр у æмæ уымæ гæсгæ сæ бон у ацы суарæй æнæхъæн азы дæргъы пайда кæной.  Тедеты Тамерлан ма нын куыд загъта, афтæмæй заводы кусджытæ æрбацæуынц, завод продукци уадзыны фæнд куы скæны, уæд. Ныртæккæ завод, хъыгагæн, нæ кусы, фæлæ Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, завод скусдзæн  Инвестпрограммæйы руаджы.

 

ЦАХÆМ РЕЖИМЫ КУСЫ УАДЗÆН ПУНКТ «РАЗДАХÆН»

Бирæ азты дæргъы Ленингоры район уыд проблемон. Уымæн æмæ районы иу хай 1990 азæй 2008 азмæ уыд Гуырдзыстоны дæлбар. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тынг фæзынд районы хъæутыл. Уавæр хуыздæрæрдæм ивын райдыдта 2008 азы 26 августы фæстæ, Уæрæ-сейы уæды Президент Дмитри Медведев Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй куы фехъусын кодта, уæдæй фæстæмæ.  Ленингоры районы территорийыл Уæрæсейы арæнхъахъхъæнджыты æрлæугæйæ æдасдзинады тыгъдады сырæзт, районы цæрджытæн радта сабырад æмæ стабилондзинады гаранти.

Ленингоры районы уадзæн пункт «Раздахæн»-ы сæрты ахизæн ис режиммæ гæсгæ. Арæны сæрты ис хæссинæгтæ хæссæн иу адæймагæн æрмæстдæр 50 килойы бæрц бон иу хатт.  Хæссыны бар ис æрмæстдæр хæлцадон продукттæ. Арæнгæроны службæгæнджытæ нын куыд загътой, афтæмæй иуæй-иу хатт районы æмбæстæгтæ бон цалдæр хатты ахизынц арæны сæрты, цæмæй цы продукт ласынц, уый фылдæр бæрцæй æрбаласой. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон уымæй халынц арæны сæрты хизыны фæтк. Службæгæнджытæн сæ бон нæу ацы хъуыддаг рараст кæнын, уымæн æмæ продуктласджытæ цалдæрæй сæхиуыл адих кæнынц продукцийы уæз. Иуæй-иу хатт ма арæны сæрты ахизыны рæстæджы сæвзæры ахæм уавæр дæр æмæ æмбæстæгтæн сæ уадзæн гæххæтты æмгъуыд фæуд вæййы, фæлæ ацы фарстытæ скъуыддзаг æрцæуынц æмæ дыууæ фарс дæр æрцæуынц æмбæлон хатдзæгмæ.

Нæ службæ хæссыны рæстæджы иуæй-иу хатт мах сæмбæлæм ахæм хъуыддагыл дæр, æмæ арæны сæрты хизгæйæ, сабитæм нæ вæййы æмбæлон бæлвырдгæнæн гæххæтт, кæнæ сæ чи кæны, уыдонмæ нæ вæййы нотариалон бафидаргонд гæххæтт. Уый фæстиуæгæн мах райсæм æмбæлон мадзæлттæ æмæ фарст бынаты скъуыддзаг æрцæуы, банысан кодта арæнслужбæгæнæг.

Конфликтон уавæр никуы сæвзæры арæны цур. Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бæрæгбонты рæстæджы арæнтæ æхгæд æрцæуынц. Арæн ифтонг у, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты,  ахæм ифтонггæрзтæй.

 

ЦÆМÆЙ ЦÆРЫ АХМАДЗЫ ХЪÆУ?

Ленингоры районы цы хъæутæ ис, уыдонæй сæ иу у Ахмадзы хъæу. Йæ рæстæджы ацы хъæу дæр нымад цыдис нæргæ хъæуыл. Ныртæккæ хъæуы цæры хистæр кары адæм. Фæсивæдыл дзы цæст не схæцыд. Хъæуы цæрджытæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй тынг тыхсынц нуазыны доны цухдзина-дæй. Цалдæр азы размæ ма уыдон пайда кодтой, сæ хъæуы сæрмæ цы доны бассейнтæ ис, уыдонæй, фæлæ ныртæккæ уыдон сæ  функцитæ нал æххæст кæнынц æмæ хъæуы адæм уымæй тынг тыхсынц. Сæ хъæуккæгтæй иу скъахта йæхи тыхтæй цъай æмæ 132 хæдзары бæрц цы хъæуы ис, уыдон пайда кæнынц уыцы цъайы донæй.

2014 азы хъæуы арæзт æрцыд фельдшерон-акушерон пункт. Уый дæр йæ бон куыд у, афтæ лæггад кæны хъæуы цæрджытæн. Медицинон ифтонггæрзтæй æмæ хостæй цухдзинад не ‘ййафынц. Уæззау рынчынты та аласынц Ленингоры районы рынчындонмæ. Хъæумæ нырмæ дæр рухс цæуы Гуырдзыстонæй, уымæ гæсгæ фиддонтæ нæ фидынц.

Хъæуы мидæг ма ис гуырдзиаг æнæххæст астæуккаг скъола. Йæ директор Къусраты Та-милæ нын куыд загъта, афтæмæй скъолайы райдиан кълæстæ нæй. Æрмæстдæр 6, 8 æмæ 9-æм кълæсты ис иугай ахуыргæнинæгтæ. Чингуытæй æмæ кадртæй цухдзинад не ‘ййафынц, кусы дзы 7 ахуыргæнæджы, сæ рауагъдонтæй иуæй-иутæ ахуыр кæнынмæ бацæуынц Цхинвалы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ. Скъолайы мидæг ахуыр кæнынц уырыссаг æмæ ирон æвзæгтæ дæр.

Хъæуы цæрджытæн сæ фылдæр ацæргæ адæм кæй сты, уымæ гæсгæ нæ кусынц. Скодтой фос, ис сын дыргъдæттæ, кусынц сæ зæххы фадгуытæ. Сæ продукци реализаци кæнынц Ленингоры дуканиты. Хъæуы цæрджытæн се ‘мбис гуырдзиæгтæ сты, иннæ ‘мбис та – ирæттæ. Сæ рады уыдон банысан кодтой, кæй тыхсынц, ирон æмбæстаджы гæххæттытæ сын кæй нæй, ууыл. Ацы хъуыддаджы фæдыл цы æмбæлон документтæ аразын хъуыд, уыдон арæзт æрцыдысты, фæлæ, хъыгагæн, сæ фарст нырма кæронмæ скъуыддзаг не ‘рцыд.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.