Дарддæр дæр æххуыс цæуы, социалон æгъдауæй хъахъхъæд чи не сты, уæззау уавæрты чи бахауд, уыцы æмбæстæгтæн.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады информацимæ гæсгæ, ацы аз ноябры материалон æххуыс, кæцыйы  иумиаг суммæ уыд 975 000 сомы, бакондæуыд 87 æмбæстагæн.

Уыдонæй 5 сты 1-аг æмæ 2-аг къордты инвалидтæ (65 000 сомы); 14 – гуырцæй инвалидтæ (145 000 сомы); 36 – бирæсывæллонджын бинонтæ (430 000 сомы); 7 – фæмардуæвджыты бинонтæ (70 000 сомы); 14 – фæрæзхъуаг бинонтæ (140 000 сомы); 9 сидзæры (90 000 сомы); дыууæ æмбæстаджы та райстой материалон æххуыс се ‘нæниздзинад банывыл кæныны тыххæй (35000 сомы).

Бæрæг куыд у, афтæмæй адресон материалон æххуыс дæтты республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад Хицауады 2015 азы 9 октябры уынаффæмæ гæсгæ .

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.