Зын цардуагон уавæрты чи бахаудысты æмæ социалон æгъдауæй  æнæхъахъхъæд цæрджытæн дарддæр æххуыс цæуы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады информацимæ гæсгæ  ацы аз январы æмæ февралы мæйы иурæстæгон материалон æххуысы бæрц уыд 1 465 000 сомы.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрад кæмæн баххуыс кодта, уыдоны нымæцы сты: 1-аг къорды 8 инвалиды (120 000 сомы), 2-аг къорды 5 инвалиды (55 000 сомы); 17- гуырцæй инвалиды(185 000 сомы); 50 – бирæсывæллонджын бинонтæ (555 000 сомы); 11 – фæмардуæвджыты бинонтæ (110 000 сомы); 18 – æвæрæз бинонтæ (180 000 сомы), 10 – сидзæртæ (110 000 сомы).  Дыууæ æмбæстаджы райстой иурæстæгон материалон æххуыс се нæниздзинады тыххæй ( 30 000 сомы). Иу бинонтæн та, царды зын ситуацийы бахаугæйæ æмæ   Хицауадмæ бахатгæйæ, хицæн æрцыд 20 000 сомы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад ма рахицæн кодта 100 000 сомы фæцæфуæвæг адæймæгтæн æххуысы фондæн.

Банысан кæнын хъæуы, адресон материалон æххуыс Республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрад кæй кæны Хицауады 2015 азы 9-æм ноябры №89-æм уынаффæмæ гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.