Фæззыгон тауæн куыстытæ кæй райдыдтой, уымæ гæсгæ паддзахадон унитарон куыстуат «Ирагропромсервис» республикæйы фермертæ æмæ цæрджытæн æххуыс кæны сæ хъæууон хæдзарадон куыстытæ бакæнынмæ. Сæ сæйраг хæс у мæры агротехникон домæнтæм гæсгæ тауынмæ бацæттæ кæнын.

«Ирагропромсервис» ис республикæйы хъæууонхæдзарады министрады дæлбар æмæ æмбæлон æгъдауæй йæхи бацæттæ кодта фæззыгон-быдырон куыстытæм. Куыстæввонг сты сæ бæрны уæвæг мæр куыстгæнæн æмæ тауæн техникæ. Цы хъæууон хæдзарадон техникæ сæм ис, уыдонæн сæ 80 процентæй фылдæр сты куыстæввонг æмæ фаг сты æппæт быдырон-фæззыгон куыстытæ бакæнынæн.

Хъæууонхæдзарады министрады нын куыд загътой, афтæмæй ацы аз серезон проблемæ ссис, мæрмæ æмбæлон умæлад кæй нæй æмæ хъæбæр кæй у, уый. Куыд зонæм афтæмæй аивгъуыйгæ сæрды æмæ ныры сæрдыгон бонты дæр арæх нæ уарыд æмæ уый зындæр кодта быдырон куыстыты хъæуæг комплекс рæстæгыл сæххæст кæнынæн.

«Хъæууонхæдзарадон куыстытæ рæстæгыл æмæ гъæдджынæй сæххæст кæнынæн фадат чи нæ дæтты, уыцы хъæбæр мæрæй дарддæр ма проблемæтæ ис хъæууонхæдзарадон куыстытæ закъазгæнджытимæ дæр. Уыдон арæх нæ бафидынц „Ирагропромсервис“-æн бакæнгæ куыстыты аргъ. Уымæ гæсгæ сидæм нæ закъазгæнджытæм, цæмæй хъæууон хæдзарады лæггæдты аргъ фидой рæстæгыл», — банысан кодта паддзахадон унитарон куыстуат «Ирагропромсервис»-ы директор Мамытаты Вахтанг.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.