Цыма, йæ райгуырæн бæстæ, йæ адæмы йæ удæй фылдæр чи уарзы, уый сын искуы лæггад кæнынæй бафсæст… æвæццæгæн, нæ… афтæ рауад йæ цардвæндаг   РЦИ-Аланийы æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, Хуссар Ирыстоны Парламенты фыццаг æмæ фæндзæм æрсидты депутат, Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, поэт, драматург, æхсæнадон архайæг Галуанты Людмилæйæн дæр.

20-æм октябры йæ куыстæй æрлæууыд Иры иузæрдион  хъæбулы зæрдæ. Ахицæн йæ цардæй, фæлæ йæ ном æнустæм баззайдзæн уæлæуыл, цы адæмæн лæггад кодта, уыдоны зæрдæты, Ирыстоны историйы. Адæм зардзысты йæ зарджытæ æмæ сæ царды дымгæ таудзæн Хуссарæй –  Цæгатмæ, Цæгатæй та – Хуссармæ. Ирон театры сценæйы цы фæлгæндзтæ сарæзта, уыдон аивадуарзджытæ, театрдзаутæ хæсдзысты дæнцæгæн. Уымæн æмæ адæймаджы зæрдæмæ фæндаг чи ссары, уымæн ферохгæнæн нæй. Афтæ йæ адæмыл иузæрдион рæстаг лæг цæрæнбонты кæйдæр цæрайæ фæцæры, хи цардмæ та йæ æвдæлгæ дæр нæ ракæны. Раст афтæ рауад йæ цардвæндаг Людмилæйæн дæр.

Людмилæ райгуырд Цхинвалы 1937 азы 14 февралы. 1956 азы каст фæцис Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъола. 1956 азы ахуырмæ бацыд Мæскуыйы Максим Горькийы номыл Аивадон академион театры Немирович-Данченкойы номыл театралон скъола-студимæ кино æмæ драмон театры актрисæйы дæсныйад райсынмæ æмæ йæ 1961 азы 19 июны æнтыстджынæй каст фæцис. 1961 азæй куыста Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театры актрисæйæ. 1968 азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны  педагогон институты историон факультет.

Иры хъарæггæнæг. Афтæ йæ хуыдтой адæм, уымæн æмæ йæ сæгъæстæ, йæ мæт, йæ бæллицтæ иууылдæр баст уыдысты Ирыстоны хæрзæбонимæ. Ирыстоныл зын рæстæджытæ куы скодта, уæд Людмилæ кæдфæнды дæр уыд тырысахæссæг йæ адæмы сæрибардзинадæн. Йæ ныфсджын æмæ уæндон раныхасы фæстæ-иу сылгоймагæй, нæлгоймагæй растадысты митинджы æмæ цæттæ уыдысты цыфæнды зындзинæдты æмæ цæлхдурты сæрты ахизынмæ. Йæ иунæг ныхас дæр адæймаджы иннæрдæм хызт, лæвæрдта ныфс æмæ хъару.

Галуанты Людæ æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, Ирыстоны йæ фарнхæссæг ныхасы сæр куы бахъуыд, уæд. Йæ алы рæнхъ дæр у хицæн Гимнау. Сиды Ир бахъахъхъæнынмæ, уарзын æмæ йын хъæбулау лæггад кæнынмæ. Уыд ахæм  рæстæг, æмæ  Людмилæйæн  йе ‘мдзæвгæтæ мыхуыры дæр куы нал уагътой, ома, дам, æгæр национгъуыз сты. Йæ адæммæ, йæ фыдæлтæм уарзондзинад Людмилæйæн уыдысты йæ зæгъинæгты сæр æмæ сыл абон дæр йæ зæрдæ нæ сивта. Æмæ куыд ис уымæн гæнæн, кæд æмæ йæ хъуыдытæ æмæ йæ сагъæстæ иууылдæр уыдонимæ баст сты.  «Здравствуйте, наша Ахматова!», – ацы ныхæстимæ Тугъанты Махарбеджы фырт Энвер æмбæлд алы райсом сæ бирæуæладзыгон хæдзары кæрты Галуанты Людмилæйыл æмæ-иу æм йæ мидбыл фæлмæн бахудт.

Людмилæ искæд бон æмдзæвгæтæ фысдзæн, ууыл йе ‘рыгон бонты хъуыды дæр никæд акодта. Нæдæр йæ сусæг бæллиц уыд. Цыппор дыууæ азы йыл куы сæххæст, уæд  йæ къухмæ райста ручкæ æмæ гæххæттыл аив рифмæтыл амадæй фемæхстысты зæрдæйы зæгъинæгтæ, сагъæстæ, арф æнкъарæнтæ, хъуыдытæ… Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ фыст уыдысты уырыссаг æвзагыл. Редакцимæ сæ куы бахаста, уæд сæ фыццаг фарста уыд: «Дæхæдæг сæ фыссыс?». Æфсæрмы дæр кодта, адæм æй актрисæйæ зыдтой, фæлæ зæрдæйы зæгъинæгтæ гæххæтмæ сæхи ивæзтой æмæ сын бауромæн нал уыд. Поэты æмдзæвгæты фыццаг аргъгæнæг  уыд Хуссар Ирыстоны зындгонд æмæ курдиатджын фыссæг Дзугаты Георги. «Æмдзæвгæтæ тынг хорз сты, æрмæст ирон æвзагмæ рахиз, – уыд фыссæджы уынаффæ æмæ ма йæ ныхæстæм бафтыдта, –  уырысæн сæхимæ бирæ Людмилæтæ ис, ды та ирон дæ æмæ иронау фысс». Людмилæ йæм кæй байхъуыста, уымæй нæ фæрæдыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг ын зын уыд иронау фыссын. Сценæйыл ирон спектаклы хъазын иу у, поэзийы къахдзæфтæ кæнын  та – æндæр.

Людмилæйы поэтикон сфæлдыстадæй æрмæст æмдзæвгæ «Ирон чызджы монолог» куы райсæм, уæлдайдæр  ма йæ автор йæхæдæг куыд кæсы, уымæ куы байхъусæм, уæд, иу цасдæр, æдзæмæй алæугæйæ, зæрдæ фыццаг йæхи къуыммæ нылхъивы, уый фæстæ йæ фыдæлты номыл сæрыстырдзинады хъуыдытæ æмæ арф æнкъарæнтæй  æнæмæнг буар ауазал вæййы. Райхъал кæны, лæджы миддунейы чи æрфынæй, уыцы мон æмæ нæхи сæрыстырæй рахонæм Ирон. Людмилæ-поэты сфæлдыстадон бынты уидаг у уарзондзинад. Æвæццæгæн, сценæйы цы мады фæлгæндзтæ сарæзта, уыдонæй рахызт йæ поэзимæ дæр æмæ ныййарæгау уарзæгой зæрдæйæ йæ уд, йæ зæрдæ æмæ йæ къухты фарнæй лæггад кæны, хъæбулы хуызæн кæй уарзы, уыцы Ирæн.

Хицæн ныхасы аккаг у Людмилæйы лирикæ. «Нæ раздæхдзæни уарзт», «Ды мæ куы уарзай»,  «Уарзæтты цырагъдон», «Æз мысын æндæры», «Уарзты бындур – рис», «Æз уарз-тон дæу», «Ныххатыр кæн», сты се ‘мыдзаг зæрдæйы арф æнкъарæнтæ, зæрдæйы хъынцъым æмæ уды катайæ. Рог уддзæфау поэзийы хизы авторы фæлмæн, цæстуарзон юмор. Хъазгæ-худгæйæ, æлхысчъытæ кæны, йæхимæ сæ чи бамбара, уыдоны.

Мæстджын, дам, дзураг у, – фæзæгъынц. Хæствæлладæй – мæстджын æмæ æфхæрд та – хъарæггæнаг. Цы у сылгоймаджы бон знаджы нæмгуыты зæйы ныхмæ саразын? Людмилæйы сæр адæмы куы бахъуыд, сæ ныфс та йыл дардтой бирæтæ, уæд рацыд сæ размæ йæ хотыхтимæ. Йæ иу къухы – сис, иннæйы – гæххæтты сыф, афтæмæй ныхæстæ гæр-гæр кодтой нæмгуытау фыдгæнæджы ныхмæ, уыдис дзы цæфтæ дæр. Ныхасæй, дам, адæймаджы амарæн дæр ис, фæзæгъынц. Уый Людмилæ хорз зыдта, æмæ йæ зæрдæйы рыст, йæ зæрдæйы богътæ гæххæтмæ сарæзта, уый алцы дæр бауромдзæн, зæрдæ – нæ.   Фæзындысты: «Цы уæм фæкæсон, лæппутæ?», «Райхъал у, Ирыстон!», «Зынгхуысты бæллиц»,  «Нæлгоймаджы цæссыгтæ» æмæ бирæ æндæр æмдзæвгæтæ.

Людмилæйæн мыхуыры цы чингуытæ рацыд, уыдон адæймаг йæ къухмæ куы райсы, уæд сæ сыхгæнын зæрдæ нал фæкомы. Людмилæ йе ‘ргом аздæхта драматургимæ дæр. Ныффыста æртæ пьесæйы: «Дзæнæты фæндаг – зындонмæ», «Алайнаг мад», стæй адæмон аргъауы бындурыл та – «Сыст æмæ æхсынкъ».

Адæймаг йæ цард исты хорз хъуыддагæн куы снывонд кæны æмæ йын йæ фæллойæ дзыллæтæ райгонд куы вæййынц, уæд ма уымæй бæллиццагдæр цы уа!

Тыхджын æмæ æгъуыстаг у артисты аивадон хъомысы тых.

Искæй удыхъæды æууæлтæ дæхи удыхъæды æууæлтæ фестын кæнын æмæ уыдоны æцæгдзинадыл театрдзауты баууæндын кæнын йæ бон у æрмæстдæр стыр курдиат æмæ æвæджиау æнкъарæнты хицауæн.

Ахæм курдиаты хицау ирон сценæйыл басгуыхт Галуанты Людмилæ Графы чызг. Театрдзауты-иу йæ уацары чи бакодта, суанг зæры бонты дæр, уыцы стыр курдиаты хицау. Сценæйыл  цы фæлгæндзтæ сарæзта, уыдон адæмæн канд царды æцæгдзинад не ‘ргом кæнынц, фæлæ ма сæ кæнынц разæнгард, дæттынц сын ныфс. Людмилæ цы бирæ алыхуызон рольты ахъазыд, уыдонæй алкæцы дæр у йæ царды стырдæр цауы хуызæн, алы ног фæлгонцы дæр ныууагъта йæ удæй къæртт, хардз сыл кодта йе сфæлдыстадон хъарутæ. Уыд-иу йæ адæмы зæрдæ æмæ монимæ! Нæ баурæдтой уарзæгой зæрдæйы, нæдæр – знаджы нæмыджы зæйтæ, нæдæр – уæларвон цæхæр. Ахæм уыд Людмилæ…

Галуанты Людмилæйы сценикон сфæлдыстад æнæхъæнæй куы райсæм, уæд ын адихгæнæн ис комедион, трагикон æмæ психологон хæйттыл. Людмилæ фыццаг хатт сценæйыл ахъазыд Джон Флетчеры комедимæ гæсгæ æвæрд спектакль «Испайнаг сауджын»-ы Виолантæйы ролы. Дарддæр – Гоголы комеди «Ускуырд»-ы – Агафья Тихоновнайы ролы, Саламты Къола æмæ Брытъиаты Зариффæйы комеди «Дыууæ чын-дзæхсæвы» – Розæйы ролы, Меджид Шамхаловы «Æфсин»-ы – Афиаты ролы, спектакль «Бинонты хъæлæба»-йы – Мæ-динæты ролы, Димитрос Псафасы комеди «Хъæуы нæ фæлитой»-йы – Дженнийы роль, Гафезы драмæ «Бæсты фарн»-ы – Зæлоны ролы, Хъайттаты Сергейы «Мады зæрдæ»-йы – Нинæйы ролы, «Бирæгътæ»-йы – Минæты, «Мæрдты чындзæхсæв»-ы – Елизаветæйы, «Чепена»-йы – Полийы, «Файнустытæ»-йы – Магдайы, Виктор Розовы пьесæ «Æнæмсæр тох»-ы – Антонинæйы. Цопанаты Хаджумары пьесæ «Хабос æмæ Аминæт»-ы Людмилæ тынг ирдæй равдыста фыдзæрдæ, зыдыкка, хин æмæ кæлæн сылгоймаджы удыхъæд. Гуыцмæзты Михалы сатирикон комеди «Фыдфынты» та адæмы зæрдæбынæй фæхудын кодта сæудæджерыл. Хетæгкаты Къостайы «Фатимæ»-йы – Мады ролы, Александр Островскийы «Зондджын дæр рæдийы»-йы – Клеопатра Львовнайы ролы. Гаглойты Владимиры «Тугæйдзаг чын-дзæхсæв»-ы, – Елдайы ролы æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ уæддæр Гаглойты Владимиры патетикон трагеди «Ныййарæджы кадæг»-ы – Госæмайы ролы цы сурæт сарæзта, уымæн дзы æмбал нæй. Уыцы спектакль Хуссар Ирыстоны сценæйы æвæрд æрцыд æртæ хатты: 1966 – режиссер Хъайырты Владимир, 1986 – режиссер Анатолий Азаревич, 2016 – режис-сер Дзудцаты Тамерлан. Æртæ хатты дæр ныййарæджы ролы ахъазы Галуанты Людмилæ. Уый у актрисæйы иууыл ахъаз-загдæр æнтыст. «Госæмайы фæлгонц у мæ зæрдæйæн хæстæгдæр»,  –  дзырдта фæстæдæр Галуанон йæхæдæг дæр.

Людмилæ йæ цард æнæхъæнæй дæр снывонд кодта  театрæн, йæ ирон адæмы рухс сомбоныл тохæн, рæствæндаг сæ кæнынæн, фыдбылызæй сæ хизынæн æмæ сын сæ рыст æмæ хæствæллад зæрдæтæм рухс хæссынæн. Ирон аивад æмæ литературæмæ цы дзаджджын хуынтæ бахаста, уыдонæй йæ ном баззайдзæн  кадимæ мысинагæй. Раст  алы зæх-хон адæймаг дæр цæмæ бæллы, уыйау. Актрисæйы ном Галуанты Людмилæ хаста бæрзонд, сыгъдæг æмæ сæрыстырæй. Людмилæ у, Хуссар Ирыстоны драмон театры бæрзонддæр къæпхæнмæ чи схызт, æмæ йæ курдиатæй кæстæртæн фæндаггæнгæ чи ацыд, йæ алы къахдзæф дæр дарддæры  фæлтæртæн царды скъола кæмæн уыдзæн, уыцы хуыцауысконд, лæмæгъ, фæлæ хъаруджын сылгоймаг, актрисæ, поэт, йæ адæмы сæрвæлтау йæ уд нывондæн хæссæг Ирыстоны хъæбул. Коммæгæс чызгау – лæггадгæнаг, къонайы артау – хъарм æмæ рухстауæг, дуджы мадау –  фæлтæртæ рæвдауæг… Диссаг та куыд нæ у, иу адæймаджы удæй уыйбæрц тавс æмæ рухс цæуæд…

Людмилæйы Ирыстоны цæрджытæ канд сфæлдыстадон кусæгæй нæ зонынц, фæлæ райгуырæн бæстæйы æмæ йæ адæмы бартыл, сæ рухс, сæ сæрибар фидæныл тохгæнæгæй. Йæ бирæвæрсыг, хъæздыг биографийы царды хабæрттæ лыстæг куы равзарæм, уæд æй рахонæн ис национ хъайтар.

Бирæты  зæрдыл  лæууынц, Людмилæ трибунæйæ цы ныфсдæттæн ныхæстæ кодта, уыдон. Куыд республикæйы фыццаг Парламенты (Уæлдæр Советы) депутат æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвар, Æхсæнадон змæлд «Адæмон ныхас»-ы уæнг, афтæ йæ хъæлæс хъуыст алы трибунæйæ дæр, сидт рæстдзинадмæ, хæдбардзинады сæрыл тохмæ, Фыдыбæстæйæн коммæгæс хъæбулы лæггад кæнынмæ.

Хуыдтой йæ адæмы хъæлæс, адæмы сæрхъызой, тохгæнæг, æфсæн сылгоймаг…  æмæ бирæ æдæр нæмттæй. 1989 азæй фæстæмæ иу ахæм митинг нæ уыд, Людмилæ трибунæйæ кæм ма расида йæ адæмы сæрибардзинадмæ. Йæ иу фæзынд дæр минитингты бирæтæн уыд ныфсы хос. Адæмы туг-иу базмæлын кодта йæ патриотон раныхасæй, каст трибунæйæ йæ зæрдæмæхъарæн æмдзæвгæтæ тохмæ, сæрибардзинадмæ сидæгау.

Гуырдзыстоны Хицауады бæрнонтæ æртхъирæн кодтой Людмилæмæ, фæлæ сæм ныфсхаст сылгоймаг йæ хъус дæр не ‘рдардта. Уæндонæй каст  йе ‘мдзæвгæтæ. Нæ бамбæхст.

Дæсны æмæ арф æнкъараг актрисæ-философ, йæ адæмы сæрыл тохгæнæг – афтæмæй йæ базыдтам æмæ дардзыстæм дарддæр дæр нæ зæрдæты. Æппынæдзух-иу мæ дисы æфтыдта иу хъуыддаг: йæ алыварс кæддæриддæр уыд бирæ адæм, æнкъардта сын сæ уарзондзинад, сæ рæвдыдæй уыд буц, хайджын уыд адæмы фарнæй.  Уымæ гæсгæ мæ бон зæгъын у, Людмилæ ацы царды йæ хæс уæлдайджынæй сæххæст кæнгæйæ, кæй уыд амондджын адæймаг! Æз та дæн буц йæ фарнæй. Буц,  кæй йæ зыдтон, кæй цардыстæм иу дуджы… Æз федтон, хи хъæбулау куыд лæггад кодта Людмилæйæн Бибылты Анатоли, сæ хойы фарсмæ балæууæгау ын къæдзæхы ныфс кæй уыдысты Хуссар Ирыстоны раздæры Президент Тыбылты Леонид, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Уататы Зелим æмæ иннæтæ. Хи мадмæ уайæгау  кæй уадысты Ирон театры артисттæ, культурæйы къабазы минæвæрттæ Людмилæмæ æрвылбон рынчынфæрсæг.

ХЕТÆГКАТЫ Оксана

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.