Райсом, 21-æм августы 14 азы æххæст кæны нæ зынгæ æмзæххон, легендарон маэстро Гергиты Валери йæ туджымæцгæ Цхинвалмæ куы æрцыд æмæ Парламенты сыгъд æмæ пырх асинтыл Мариинаг театры коллективимæ «Вам, живым и погибшим. Тебе, Южная Осетия», зæгъгæ, ахæм номимæ концерт куы радта, уыцы боныл. Зындгонд дирижеры график практикон æгъдауæй фыст уыд минутгай, фæлæ йæ ныхæстæм гæсгæ, уымæн йæ бон нæ уыд Цхинвалы цы трагеди æрцыд, уый фæстæ йе ’фсымæрты æмæ йæ хоты фарсмæ ма æрбалæууыдаид, уый.

Хуссар Ирыстоны трагедийы тыххæй базыдта æнæхъæн дуне, фæлæ алчи рæстдзинад нæ зыдта хуссарирыстойнаг зæххыл цы æрцыд, уый тыххæй. Уымæн æмæ сыгъд æмæ пырх Цхинвалы æрцæугæ цауты фæдыл кадртæ гуырдзиæгтæ æвдыстой куыд сæхи территорийыл æрцæугæ цаутæ, афтæ. Гергийы фырт азылд горæты пырх кварталтыл. Фæндыдис æй цæмæй алцыдæр йæхи цæстæй фенын. Уый фæстæ маэстро загъта: «Танкæтæй сывæллæтты æхсай, уый кавказаг нæлгоймагæн лæгдзинад нæу».

Концерт райдыдта изæры аст сахатыл. Комокоммæ эфиры йæ æвдыстой телеканалтæ «Россия», «Вести», «Культура» æмæ сайт Вести. Ru. Концерт-реквиемы истой 16 камерæйæ, фехъуыстой æмæ йæм бакастысты милуангай адæймæгтæ æмæ дисы баппæрста æнæхъæн планетæйы, удыгæсты æмæ фæмардуæвджыты хъæлæстæ хъынцъымы егъау аккорды æрбаиу кæнгæйæ. Шереметьевойы аэропорты официалон минæвар Роман Генисы ныхæстæм гæсгæ, концерты трансляци аэропорты бæлццæтты æрæмбырд кодта æнхъæлмæкæсæн залты телеэкранты цур. Музыканттæн сæ бынат уыд Парламенты сыгъд бæстыхайы уæллаг асинтыл. Маэстро æмæ музыканттæ дæр уыдысты сау уæлæдарæсы. Бæстыхайы парадон асинты бынаты сценæмæкæсджытæн арæзт æрцыд сæрмагонд подиум. Асинтыл æвæрд уыдысты сæдæгай судзгæ цырæгътæ фæмардуæвджыты мысынады тыххæй.

Номхуындæй ам, фондзбонон хæсты æрхæндæг символы цур, дирижер Гергиты Валери æмæ Мариинаг театры оркестр ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ. Маэстройыл адæм сæмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдимæ. Гергийы фырт зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загъта куыд уырыссаг, афтæ англисаг æмæ немыцаг æвзæгтыл дæр. Хуссар Ирыстоны æвзонг фæлтæр — сывæллæтты сценæмæ ракæнгæйæ.

Абон дæр мæ хъустыл уайынц йæ интервью ныхæстæ: «Бахатыр кæнут, æз нырма дæн цы æбуалгъы диссаг федтон, уыцы тæлмæнты бын. Æз афтæ æнхъæл нæ уыдтæн… Уый æбуалгъдзинад æмæ стыр фыдракæнд у… Махæн нæ бон у æнæхъæн дунейæн зæгъын, Цхинвал горæтхъайтар кæй у, уый тыххæй. Цхинвал дыккаг Сталинград у… ам алцыдæр пырх æрцыд. Беслæн æмæ Цхинвал сты мæ адæмы царды дыууæ трагикон моменты. Æз уын зæрдæйæ дих кæнын уæ рыст. Уæ фæстæ ис стыр бæстæ, уæ фæстæ сты æппæт планетæйы растхъуыдыгæнæг адæм, æмæ нæ ныфс ис, ацы зæхх дидин кæй æфтаудзæн, уымæй. Цхинвал æнæмæнгæйдæр æндидзыд æрцæудзæн æмæ ам уыдзæн цард. Æз сымахимæ дæн, мæ зынаргъ цхинвайлæгтæ…».

«Цалдæр боны дæргъы Цхинвалмæ ластой зæлон æмæ æндæр техникæ (140 тоннæйы уæзæн!) 70 КАМАЗ-ыл. Æртæ боны цæттæ кодтам концертмæ æмæ 4-æм бон уагъд æрцыд. Ацы акциæн уыд стыр нысаниуæг. Концерт-реквием уыд сабырдзинады концерт. Йæ организатортæ куы æрцыдысты, уæд сæ фæндыд концерт уагъд кæм хъуамæ æрцыдаид, уыцы бынат фенын. Бакодтон сæ сыгъд Парламенты бæстыхайы цурмæ æмæ сразы сты концерт уым ауадзыныл. Мах сорганизаци кодтам алцыдæр. Концерты размæ сæ азилын код-там горæтыл, бакодтам сæ дзуттæгты кварталмæ дæр æмæ афтæмæй сæхи цæстæй федтой гуырдзиаг тыхæйисджытæ куыд ныппырх кодтой горæт, уый. Маэстро Гергийы фырты сæргълæудæй Мариинаг театры оркестры ралæудæн стыр нысаниуæг уыд. Ацы концерт атыдта информацион блокадæ», — загъта РХИ-йы культурæйы уæды министр Дзудцаты Тамерлан.

Уыцы изæр Парламенты бæстыхайы пырхæнты размæ æрбамбырд сты горæты ма цы хæствæллад цхинвайлæгтæ баззадысты, уыдон. Кæрæдзийыл цин, хъæбыстæ кодтой, уымæн æмæ æгъатыр хæсты фæстæ ничи зыдта йæ зонгæтæй, йæ хиуæттæй удæгасæй чи аирвæзт æмæ чи фæмард, уый тыххæй. Æмæ-иу сын кæрæдзийы уынд уæлдай æхсызгондæр уыд. Арæх ахъуыды кæнын, зæгъын, адæм хæсты фæстæ кæрæдзийыл куыд цин кодтой, кæрæдзийы куыд уарзтой, афтæ куы уаид абон дæр…

Æрдæгпырх, сыгъд бæстыхайы цур зæлыдысты Шостаковичы симфонитæ «Седьмая», Блокадная«, «Ленинградская». Хъусджытæ ныхъус сты… Трагикон музыкæмæ хъусгæйæ, бирæты рустыл æруадысты судзгæ цæссыгтæ. Концерты рæстæджы алцыдæр ныссабыр, раст цыма стыр лæ-джы æрцыд æрдз дæр банкъардта, уыйау. Йе ’рцыдæй нын нæ зæрдæты бауагъта царды ныфс. Хæстæфхæрд Цхинвалмæ кæй æрцыд, уымæй хуссарирыстойнаг цæрджыты раз йæ кад ноджыдæр схызт.

Концертæн уыд ахсджиаг политикон мисси, æвдыст цыд бирæ каналтыл, æмæ маэстро йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй, уый хъуамæ Хуссар Ирыстоны тыххæй дунейæн фехъусын кодтаид рæстдзинад æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта.

Легендарон маэстро йæ оркестримæ концерт цы асинтыл радта, уыдон абон дæр Хуссар Ирыстоны адæм хонынц Гергийы-фырты асинтæ æмæ цæрæнбонтæм дæр Цхинвалы цæрджыты мысынады баззайдзысты афтæмæй. Ирон адæм никуы ферох кæндзысты сæ радтæг адæмы æцæг фырт, легендарон маэстро Гергиты Валерийы стыр сгуыхтдзинад. Уыимæ ма йемæ æрхаста хорз къах дæр, йе ’рцыдæй фондз боны фæстæ Уæрæсейы президент банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.