Мах нæ цард нымайæм уысмгай, минутгай, сахатгай, бонгай, къуыригай, мæйгай, афæдзгай, æнусгай. Фæлæ уæддæр нæ царды дæргъ фылдæр барæм афæдзгай. Кæйдæр кармæ куы бацымыдис кæнæм, уæд æй нæ афæрсдзыстæм, цал æнусы, кæнæ дыл цал уысмы… мæйы цæуы. Афæрсæм  æй, цал азы дыл цæуы, зæгъгæ.

Æмæ та ныл аивгъуыдта иу аз. Алкæуыл дæр – чысылæй, стырæй. Чысыл  чи у, уый бахъомылдæр, хъомыл царды денджызы арфдæр баленк кодта, хистæртæн сæ царды фæндтæ фæфылдæр сты, ацæргæтæн та, хъыгагæн, се ‘нусон бынатмæ ацæуыны æмгъуыд  феввахсдæр ис. Æниу уырдæм адæймаг йæ райгуырдæй райдайы цæуын…

Афæдз. Уый алы бæстæйæн, алы адæймагæн иугъуызон нæ рауайы. Уый дугæй, уавæртæй, хъысмæтæй кæнгæ у. Бæстæйæн, æхсæнадæн, адæймагæн сæ бон у, сæ аз цахæм уыдзæн, ууыл стох кæнын æмæ йæ хорзæй арвитын. Фæлæ йæ бон никæмæн у, æрдз нын афæдзы дæргъы цы хуызтæ лæвар кæны, уыдоны фæивын. Уыцы хуызтыл мæ фæнды нывафыстыты хуызы цыбыртæй зæгъын.

ЗЫМÆГ

Алы аз дæр райдайы зымæджы тæккæ карзæй. Ныры хистæр фæлтæр хорз хъуыды кæнынц декабры судзгæ уазæлт-тæ. Уыдон-иу аххæссыдысты январы мæймæ. Уæды æруаргæ митыл æрбалæугæ уалдзæджы хуры тынтæ зынтæй тых код-той. Фæлæ мæ фыдзæрдæйæн йæ бонтæ æрцæуæд. Тынгæй тынгдæр чи кæны, уыцы Хуры тынты бынмæ доны хуызы кæмттæм хъуызын райдайы. Уый декабры миты тыххæй зæгъын. Фæлæ цæмæй райдайы зымæг, акæсæм фæстæмæ, нæ зæгъинæгтæ кæй тыххæй нæма загътам, уыцы фæззæгæн йæ кæронмæ. Æрдз ныммыр, нындзыг удæгас уæвæгойтæн. Æрæнцад, улæфы йæхицæн нæ царддæт-тæг зæхх дæр. Æрнорста йæхи урс-урсид хъæццулы бын æмæ зымæгон цыбыр бонты, даргъ æхсæвты йæхицæн фынæй кæны, уазал фынтæ уыны. Улæфын алкæмæ дæр æмбæлы. Æмбæлы, рагуалдзæгæй æрæгвæззæгмæ царды уаргъ чи хаста, йæ уæлæ чи зайынц, рæзынц, сæ цард чи аразынц, уыдонæн æппæт уа-вæртæ дæр чи аразы, уыцы зæхмæ дæр. Æдзух, æнæрынцойæ змæлын никæцы удæгас уæвæгойæн у. Зæхх та махæй алкæмæйдæр удгасдæр у æмæ йе стыр куысты фæстæ хъуамæ баулæфа, зымæ-джы йæм цы æртæ мæйы æмбæлы, уыдон, йæхи хъуамæ æппæт аудинæгтæй ссæрибар кæна, цæмæй ног тыхтæ æрæмбырд кæна.

Ничи уæнды уымæ йæ урс хъæццулы бынмæ ныдздзурын йе ‘нцойад ын фехалын. Æгæрыстæмæй уалдзæджы абухгæ цæугæдæттæ дæр æрбауынгæг сты æмæ ныхъус сты – ихы бын æмырæй сæ фæндаг дарынц дæлæмæ, дæлæмæ –  быдырбæстæм, стыр дæттæм, къæмдзæстыгæй семæ иу кæнгæйæ. Бæлæстыл хæснагæн дæр нал ссардзынæ, сæ ныхас кæрæдзимæ кæмæн никуы скъуыд, къалиутæ æмæ бæлæстæн сæхи дæр дымгæмæ чи æнкъуысын кодтой, уыцы сыфтæртæ. Ныр бæлæстæ лæууынц быгъдæг – бæгънæгæй æмæ уадтымыгътæм читт дæр нæ кæнынц – æмыр сты, нæ сæ фæнды, сæ уидæгтæ кæм сты, уыцы зæххы æнцойад халын.

Уад-тымыгъ! Уый у иунæг æлдар зымæджы. Йæ судзгæ уазал, йæ къуыззиттæй æвзидæнтæ кæны. Уый зæххæн йæ зымæгон зарæг у, куыд сывæллонæн «А-ло-лай»-ы, хæстонæн – тохы, уарзæгой зæрдæйæн – уарзты зарæг, афтæ. Æмæ йæм хъусы йæ фынты урс хъæццулы бын зæхх.

Гъе, фæлæ!.. Цæмæн нымæг кæны уыцы зарæг нæ дуджы? Цæмæн ихсыйы æнафоны зымæгæн йæ урс хъæццул? Цы фестут декабры судзгæ уазæлттæ, февралы стыр митуардтæ, мартийы карз хъызтытæ!

УАЛДЗÆГ

Уалдзæг! Арвы цъæх денджыз! Нæ алфæмблай дунейы кæркæ-мæркæ цъæх денджыз! Цымæ карз зымæджы фæстæ уалдзæг цæмæн сфæлыста йæхи цъæх хуызæй, æрдз æй цæмæн равзæрста йæ-хицæн? Æвæццæгæн уымæн æмæ цъæх хуыз цæстæн уæлдай æхцондзинад хæссы. Уый уæлдай тынгдæр банкъарæм урс зымæджы фæстæ. Цъæх хуыз нын лæвар кæны нæ царддæттæг уалдзæг æмæ немæ фæцæуы сыгъзæрин фæззæджы онг. Уый йæ сæйраг хуыз у, фæлæ ма акæс уал-дзæджы дæ алыварс, бæстæ мингъуызæй дидинæг куыд калы, дзæнæты бæстæ куыд фестад! Уый – уазал зымæджы фæстæ. Мит-ихтæм хуры цæст куы ‘рындавы æмæ доны хуызы саумæр зæххы куы ахъарынц, кæмттæм къададæттæй куы фезгъорынц æмæ знæт цæугæдон гуылфгæнгæ ден-джызмæ куы фæбырсы, уæд.

О, уалдзæг æххæстæй райсы йæ бартæ. Уыцы уалдзæг, кæцымæ зæхкусæг лæг зымæгон-зымæджы дæргъы фæкувы, цæ-мæй йыл дзæбæхæй сæмбæла. Уыцы уалдзæг, кæцыйы та ногæй йæ галты баифтындздзæн æмæ гутон адардзæн саумæр зæххы. Цæмæй йæ фæззæджы бæркад зæрдæйыфæндиаг уа, цæмæй ифтонг цард кæна.

Базмæлы адæймаг. Базмæлы алцыдæр. Уаллон – дондзыд мæры, æхсæрæг – йæ хуынггомы, арс – йæ лæгæты… кæрдæг йæ сæр зына – нæзына сдары, акæсы йæ алывæрсты æмæ йæ хуры хъарм тынтæ куы æррæвдауынц, уæд рæз хæссынмæ фæвæййы æндæр кæрдæджыты ‘хсæн. Дуне цъæх адары…

Фæлæ иу хуыз, цахæмфæнды æхцон ма уа цæстæн, уæддæр дзы фæлмæцы. Æмæ алыгъуызон кæрдæджыты ‘хсæн рæз схæссынц алыгъуызон рæубазыр дидинджытæ. Уалдзыгон хъарм хуры тынтæм фырцинæй сæ мидбынат фæкафынц  æмæ адæйма-джы зæрдæйы равг уæлæмæ-уæлæмæ исынц.

Иууыл диссаг та дыргъбæлæстæ фесты. Дидин ракалдтой æмæ урс-урсид афæл-дæхтой, æгæрыстæмæй сæ цъæх сыф-тæртæ дæр сæ аууоны бын фесты. Дыргъдæттæ урс быдыр фестадысты. Хъæдты иугай дыргъбæлæстæ амыты уымыты чындзвæлыстæй райгæйæ дунемæ кæсынц…

Уалдзæджы æрцыд алкæмæн дæр цин-дзинад, æхцондзинад хæссы, алкæмæн дæр хорз зæрдæйы равг дæтты. Уæлдайдæр та уалдзæгыл фыццаг хатт чи æмбæ-лынц, уыдон. Фос уалдзæджырдæм фæвæййынц цот кæнынмæ æмæ бакæс ныр уыдонмæ. Скъæтæй раирвæзтысты æмæ ногдзыд кæрдæгыл уæртæ хъæугæрон хъылдымтæ систой уæрыччытæ, сæныччытæ, æгæрыстæмæй родтæ дæр, чи сæ ныййардта, уыдоны алыварс. Уæдæ уал-дзæгыл куыннæ у сæ зард, дард, хъарм бæстæй чи ртахтысты, уыцы бирæ алыгъуызон мæргътæн. Алы маргъæн дæр – йæхи зарæг. Æппæт уыцы зарджытæ иу кæнынц æрдзы æппæт уæвæгойты цины хъæлæбаимæ, адæймаджы фæллойы зарæгимæ æмæ сæ рауайы, алы уалдзæджы дæр чи райдайы, царды уыцы æнусон зарæг.

Уалдзæг! Царды бындур, царды фидыц дæ!

СÆРД

О, уалдзæг царды бындур у. Фæлæ бындур цæмæн ныккалай, уый дарддæр аразын хъæуы. Уыцы хæсы та уалдзæг бабар кæны сæрдæн. Уалдзæджы дидинæг цы зайæгойтæ ракалынц, уыдон сæрдмæ азгъæлынц æрдзы рæсугъддзинад фæ-цуды. Фæлæ алцы рæсугъддзинадæй кæнгæ нæу. Дидинæг азгъæлы æмæ йæ рæбынæй сæвзæры дыргъ, халсар. Дидинæг азгъæлы, амæлы, фæлæ йæ фæстæ цард ныууадзы уыдонæн. Æмæ сæрды тæвд хуры бынмæ уыдон рæз хæссын райдайынц. Алы мыггаг бæласæн – йæхи дыргътæ. Бирæты дзы срæгъæд кæнынмæ сæрд фæззæгмæ нæ адæтты – йæхи бонты сбæззынц хæрынæн æмæ нын сæ нæртон æфсинау нæ размæ хæссы.

Сæрд хурбонтæй фидауы. Фæлæ йæ зынг цæстæй куы ныккæсы Зæххы чъылдыммæ, уæд дзы афæлмæцы алцы æмæ алчидæр. Зайæгойтæн сæ сыфтæртæ æрлæмæгъ вæййынц, цæрæгойтæ сæхи аууон бынæттæм байсынц. Æрмæстдæр адæймаг нæ сæтты тæвд хуры æндæвдæн æмæ йæ кæнинаг куыстыты уæлхъус балæууы. Цæвиттон, тæвд боны аххосæй куыд хъуамæ наууадза хосдзау йæ хос кæрдын?

Фæлæ куыд бахиза йæ цæхæрадонмæ æмæ куыд базила йæ байтыдтытæм, куыд барува йæ халсæртты, бел мæры куынæ ныхсы уæд? Æмæ хъыггæнгæ раздæхы фæстæмæ зæхкусæг. Уый уырны, зæхх, æрдз æмткæй фæразон кæй у, цард йæ хъæбысы ис. Царды та хур нæ басудздзæнис. Уымæн æмæ цард хурæн йæхицæй кæнгæ у. Зæхкусæджы уырны, зæххæй хур цы сойдон сцъырдта æмæ уæлдæфмæ мигъы хуызы кæй систа, уыдон та æнæ-мæнг кæй фæзындзысты, арвы кæй бамбæрздзысты, кæй æруардзæн къæвда æмæ та донæй кæй бафсæддзысты хуымтæ, быдыртæ. Æмæ та уæд æрдз ногæй йæхиуыл схæцдзæн, сцæрдхъом та уы-дзæн. Хоры быдырты дарддæр æфсирты нæрсдзысты сæ нæмгуытæ, цæхæрадæтты нæрсдзысты халсæрттæ, дыргъбæлæсты цæнгтыл сырхфарс кæндзысты алыгъуызон дыргътæ.

Сæрды бонты адæймаг æввахсдæр балæууы æрдзмæ. Йæ хъæбысы атезгъо кæнын, баулæфын, рæстæг арвитын æхцондзинад хæссы йæ зæрдæйæн. Суадоны, цæугæдоны, денджызы был абадын, хи анайын, тæвд хуры тынтæм дæ буар судзын, æнæзонгæ фендтаг бынæттæм балцы цæуын адæймагыл ныууадзынц æнæферохкæнинаг тæлмæнтæ.

Хорз у сæрды афон, куыст æмæ улæфт, рæстæг æрвитын кæрæдзийы куы ивой уæд.

ФÆЗЗÆГ

Сæрдыгон сæрддæргъы хур йæ зынг цæстæй бафæллайы зæхмæ комкоммæ кæсынæй, арвы цъæх тыгъдады астæуты лæгæрдынæй æмæ йæ фæндаг акъул код-та хуссарæрдæм. Йæ судзгæ цæхæры хъомыс сæрдæн ныххæлар кодта æмæ ма йæм дзы цы аззад, уый бонæй бон кадавардæр кæнгæйæ, уары фæззæджы бон-тыл. Æмæ дзы фæззæг дæр фылдæр до-мæг нæу. Уый ис сæрдæй зымæджы астæу æмæ йæ хæс у æрдзы, адæмы зымæджы судзгæ уазæлттæн цадæггай бакæнын.

Фæззæджы мах хонæм сыгъзæрин, бæр-кадджын. Æмæ сыгъзæрин куыннæ вæййы, кæд æмæ йæ бур хуыз цæстытæй нæ хи-цæн кæны? Æгас сыфтæрджын хъæдтæ сæхи сыгъзæрин доны сæвдылтой, гъе та сыгъзæрин дарæс скодтой æмæ сæм аф-тæмæй кæсæм. Фæбур вæййынц быдыр-тæ, сæрвæттæ…

Фæлæ, хъыгагæн, уыцы рæстæг бирæ нæ ахæссы. Сыфтæрæн бур хуыз нысан кæны, йæ цард кæй фæуд кæны. Æмæ райдайынц згъæлын зæхмæ. Фæззыгон дымгæ сæ скъуынæгау ракæны æмæ сæ æрсуры уæлдæфы, зæххыл – йæхицæн сæ фæ-хъазы.

Уæдæ бæркадджын дæр куыннæ у нæ фæззæг. Æрдз æнæбын къæбиц у. Алы-гъуызон дыргътæ, гагадыргътæ, хæрынæн-бæзгæ кæрдæджытæй йедзаг у. Чи сæ раздæр сбæззы хæрынæн, чи – фæстæдæр. Сæ фæстæ фæзилынц æмæ се стонг басæттынц цæрæгойтæ, сырдтæ. Хæры сæ адæймаг дæр. Уыимæ ма дзы æрцæттæ кæны йæхицæн зымæгмæ. Æрдз базар-гæнæг, амалиуæггæнæг нæу, рæдауæй дæтты лæварæй алцыдæр, æрмæст ма зивæг кæн, ацу æмæ æрæмбырд кæн, цас дæ фæнды, уый бæрц.

 Фæззæг æрмæст йæхæдæг не ‘рцæттæ кæны алыгъуызон хæринæгтæ. Уый ма сæ æрцæттæ кæнын кæны адæймагæн дæр. Уалдзæджы зæхкусæг йæ цæхæрадоны, зæхкусæг йæ хуымы цы байтыдта, уыдон-мæ кæд сæрды афоныл зылдис, уæд æй фæззæг нæ фæхъыг кæндзæнис – йæ тыл-лæг уыдзæнис бæркадджын. Уыцы бæрка-ды уый бахæссы йæ хæдзармæ, æрæфс-найы сæ, цæмæй зымæджы бонты арвита йæхицæн æдыхстæй. Афæдзы ацы афон æрмæст адæймаджы нæ тагъд кæны, цæмæй зымæгмæ йæхи бацæттæ кæна. Уый тагъд кæны алкæуыл дæр æмæ йæ алчи дæр æмбары. Мыст йе ‘вæрæнты байдзаг кæны, афтæ – æндæртæ дæр. Арсы уый нæ бафæнды æмæ йæ лæгæтмæ йæхи байсы – уалдзæджы æрбалæудмæ дзы фæфынæй кæны. Бирæтæ та æргомæй æрлæууынц зымæджы уазæлтты ныхмæ.

Æрæгвæззæг. Зæхх сгомгæрцц. Бæлæстæ сбыгъдæг сты. Уазал дымгæ æмæ арвыл тар мигътæ бæстыл æлдариуæг кæ-нынц. Цард æрсабыр. Алцыдæр цæттæ у, цæмæй фæззæг йæ бартæ æххæстæй радта зымæгмæ. Хæхты цъуппытыл рауа-рыд мит æмæ куыд дæлæмæ бæстæ урсæй урсдæр кæны…

***

Нæй афæдзы афонты – хуызты ‘хсæн цæхгæр арæн. Кæрæдзийыл æнгом ныхæст, æмбуар сты. Иу дзы цадæггай йæ бартæ æндæрмæ адæтты, цæмæй æрдзы, царды цæхгæр ивындзинæдтæ ма ‘рцæуа æмæ мачи, мацы фæтыхса…

Афæдз ивы афæдзы. Иу дзы иннæйы хуызæн нæ вæййы. Иуы дзы цы цаутæ æрцæуынц, уыдоны æндæр аз нал сфæлхатт кæны, зæрдылдарæн бонтæй дарддæр. Нæ ивынц афæдзæн йæ хуызтæ, афонтæ. Уыдоны тыххæй хицæнтæй цы нывтæ афыстон, уыдон ивгъуыд азтæн дæр бæззынц æмæ фидæны азтæн дæр. Ацы аз нырма йæ райдианы ис, фæлæ уым дæр ахæм уыдзысты. Нырма уал мах æрвитæм нæ зымæджы бонтæ æмæ сæ æдыхст, æнæниз æмæ æнæмастæй арвитæм æмæ нæ уалдзæгыл алчидæр дзæбæхæй сæм-бæлæт.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.