Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта раздæры хуыйæн фабрикæйы районы бирæуæладзыгон цæрæн корпусты арæзтад. Паддзахады сæргълæууæгимæ ма уыдысты Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ арæзтадон фирмæ «СТМ – ЮГ»-ы сæйраг инженер Хъантеты Таймураз.

Зæгъойты Эдуард куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныртæккæ 75 фатерон корпусты конд цæуынц мидæггагон куыстытæ, уадзынц электроны хахх.

Бибылты Анатоли бацымыдис кодта корпустæ эксплуатацимæ радтыны æмгъуыдтыл. Сæйраг инженер загъта, зæгъгæ, дыууæ корпусы цæттæ уыдзысты ацы азы кæрон.

«Сымах уæхи равдыстат, куыд уæ хъуыддаджы профессионалтæ афтæ, уымæ гæсгæ мын хæдзæртты арæзтадмæ азым нæй. Мæн ныфс ис, объекттæ рæстæгыл лæвæрд кæй æрцæудзысты», – банысан кодта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, социалон цæрæнуаты арæзтад уагъд нæ цыд Советон Цæдисы рæстæгæй фæстæмæ, уымæ гæсгæ ахсджиаг у адæмы хæдзæрттæй сифтонг кæнын,  цæрæнуатмæ рады чи лæууы, уыдоны.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ социалон цæрæнуаты арæзтад уагъд кæй цæуы 2020-2022 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Иунæг генералон подрядон у «СТМ – ЮГ».

2022 азы фæнд кæнæм дыууæ цæрæн корпусы эксплуатацимæ радтын, иннæ аз та – иу.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.