2019 азы 15-æм февралы 30 азы æххæст кæны Афганистаны территорийæ Советон Æфсады фæстаг салдат куы рацыд, уыцы боныл. Хæстонтæ-интернационалисттæ здæхтысты сæ Райгуырæн бæстæмæ. 1989 азы армийыл командагæнæг инæлар-лейтенант Борис Громов иууыл фæстагмæ рахызт Советон Цæдис æмæ Афганистаны чи дих кодта, уыцы арæныл. «Мæ фæстæ нал баззад нæдæр иу салдат, нæдæр афицер æмæ нæдæр прапорщик. Ууыл Афганистаны зæххыл нæ фараст азы уæвынад фæцис», – фехъусын кодта  уый  журналисттæн, цæугæдон  Амударьяйы хидыл лæугæйæ.

Цыбыртæй Афганистанмæ советон æфсæдты баконды историйæ. 1979 азы 4-æм декабры Советон Цæдисмæ официалон хæларадон визитимæ æрцыд Афганистаны сæргълæууæг Нур Мохаммед Тараки. Советон Цæдисы Генералон секретарь Леонид Брежнев æмæ Тараки сæ къухтæ æрфыстой хæлардзинад æмæ æмгуысткæнынады тыххæй советон-афгайнаг бадзырдыл 20 азы æмгъуыдмæ. Фæлæ бæстæйы мидæггагон змæстыты рæстæджы Таракийы раппæрстой йæ бынатæй æмæ йæ амардтой. Афганистаны лидер ссис Хафизулла Амин, кæцы бафидар кодта советон-афгайнаг æнæфехæлгæ хæлардзинад. 1979 азы 24-æм декабры Д.Устинов йæ къух æрфыста директивæйыл, кæцыйы дзырдæуыд: «Ист æрцыд уынаффæ советон æфсæдты иуæй-иу контингентты Афганистаны территоримæ бакæныны тыххæй хæларадон афгайнаг адæмæн баххуыс кæныны нысанæн». Æнхъæлдтой, зæгъгæ, советон æфсæдтæ суыдзысты гарнизонтæ æмæ хъахъхъæндзысты бæстæйы сæудæджерадон æмæ æндæр объектты, уымæй афгайнаг æфсæдты ссæрибар кæнгæйæ, цæмæй активон хæстон архайдтытæ уагътаиккой оппозицийы къордты ныхмæ. Бардзырдмæ гæсгæ, советон æфсæдтæ афгайнаг арæныл хъуамæ ахызтаиккой 1979 азы 27-æм декабры.

Афгайнаг хæст ссис иууыл дæргъвæтиндæр æмæ егъаумасштабондæр локалон конфликт Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ. Иумиагæй Афганистаны хæсты хайад райстой 62 000 советон æфсæддонæй фылдæр. Хæстон архайдтыты рæстæджы фæмард сты 15 000 адæймагæй фылдæр, инвалидтæй баззадысты 6 669 адæймаджы, æбæргæй сæфтыл нымад æрцыдысты 417 æфсæддоны. 92 хæстон-интернационалисттæн саккаг кодтой Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хъайтары нæмттæ.

Æфсæддон службæгæнджытæй дæр бирæтæ ацы æцæгæлон бæстæйы ссардтой сæ мæлæт. Афганистаны хæст уæззау фæд ныууагъта æнæхъæн фæлтæры царды. Фæлæ рæстæг куыд цæуы, афтæ сындæггай рох кæнынц Афганистаны зæххыл æрцæугæ трагикон цаутæ. Хуссар Ирыстоны чысылнымæц цæрджытæй афгайнаг хæсты хайад райстой 200 лæппуйы бæрц, уыдонæй æхсæзæй сæрæгасæй нал сæмбæлдысты сæ Райгуырæн Ирыстоныл, фæмард сты хæстон операцитæ æххæст кæнгæйæ. Уыдон сты – Куымæридтаты Мераб, Тыджыты Гуливер, Чысиаты Нодар, Миндиашвили Заза, Сиукъаты Игорь æмæ Гæбæраты Константин. Ацы зынгхуыст лæппутæ сæхи равдыстой æцæг хæстонтæй, хайад райстой тынг бирæ хæстон операциты. Бирæтæ та фæстæмæ æрыздæхтысты уæззау цæфтимæ, кæцытæ сæ хъыгдарынц абоны онг дæр. Афганистаны зæххыл ирон лæппутæ цы стыр хъайтардзинæдтæ равдыстой, уыдоны тыххæй хорзæхджын æрцыдысты Советон Цæдисы æмæ Республикæ Афганистаны бæрзонд паддзахадон хорзæхтæй. Фæлæ уырдыгæй сæрæгасæй чи раирвæзт, уыдонмæ сæ Райгуырæн Ирыстоны æнхъæлмæ каст стыр фыдбылыз. Советон æфсæдты ракондæй иу азы фæстæ уыдон хайад истой ног хæсты, фæлæ ныр та – сæ Фыдыбæстæйы зæххыл. Уыдонæй бирæтæ фæмард сты хъæбатырæй сæ Райгуырæн бæстæ гуырдзиаг агрессортæй хъахъхъæнгæйæ, «афгайæнгтæ» слæууыдысты сæрибардзинады сæраппонд тохты активон хайадисджыты рæнхъыты æмæ сын амыдтой сæ фæлтæрддзинад хæстон архайдтытæ уадзыны. Ирон адæмæй никуы ферох уыдзысты Джиоты Владик (Басмач), Дзабиты Геннади, Уалыты Витали, Зæгъойты Роберт æмæ æндæрты хъайтардзинæдтæ, уыдон систы удæгас легендæты хуызæн. Советон Æфсады хистæр лейтенант Туаты Васили хорзæхджын уыд Сырх Стъалыйы дыууæ орденæй æмæ «За отвагу» майданæй, уымæ æнхъæлмæ каст æфсæддон службæйы фæдыл хорз фидæн, фæлæ 1991 азы ныууагъта йе службæ, æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ æрлæууыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты фарсмæ. 1994 азы адарддæр кодта йе службæ уæрæсейаг æфсæдты, фæлæ уый та фæмард Цæцæны хæсты.

Джиоты Владик Ирыстоны зæххыл цы хъайтардзинæдтæ равдыста, уыдонимæ хорз зонгæ сты не ‘мбæстæгтæ, фæлæ уый къаддæр хъайтардзинæдтæ нæ равдыста Афганистаны зæххыл дæр. Дард Афганистаны зæххыл ирон лæппу цытæ бавзæрста, ууыл дзурын зын у, æппынæдзух уыд мæлæты тасы бын. Стыр хъæбатырдзинæдтæ кæй æвдыста, ныфсхаст кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ æрвыстой иууыл тæссагдæр бынæттæм æмæ-иу дзы алы хатт дæр сæрæгасæй раирвæзт. Владикæн Афганистаны зæххыл тыхгæнæг тых не  ссардта, фæлæ йæ мæлæт ссардта йæ уарзон Ирыстоны зæххыл, иунæгæй сæдæгай знæгты ныхмæ тохы бацæугæйæ.

1994 азы Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд Афгайнаг ветеранты цæдис. Организацийы сæргълæууæг Гуыцмæзты Мураты ныхæстæм гæсгæ, ацы организаци саразыны нысан у хæсты ветеранты интерестæ хъахъхъæнын æмæ сын сæ нæмттæ сæнусон кæнын, фæмардуæвджыты бинонтæн æххуыс кæнын, æндæр паддзахадты ахæм ветеранты организацитимæ æмгуыст кæнын. 2006 азы хуссарирыстойнаг организаци ист æрцыд Афганистаны ветеранты уæрæсейаг цæдисмæ.

Афганистаны хæсты  архайдта Советон Цæдисы Гарзджын тыхты 40-æм арми. 1987 азы афгайнаг хæсты райдыдта иууыл егъаудæр операци «Магистраль», зæгъгæ, уый уыцы – иу рæстæджы ссис Советон æфсады историйы фæстаг уæлахиз. Афганистаны хурскæсæсæйнаг хайы горæт Хост æййæфта стыр зындзинæдтæ хæлцадон продукттæ æмæ хæстон æрмæджытæй. Уымæ гæсгæ 40-æм армийыл командæгæнджытæ аскъуыддзаг кодтой горæт ссæрибар кæныны тыххæй операци сæххæст кæнын æмæ Гардезы фæндагыл Хостмæ продукттæ æмæ хæстон æрмæджытæ ласыны хъуыддаг сæндзидзын кæнын. Хæст цыд 12 сахаты дæргъы, десантонтæн сæ бон бацис 12 атакæйæн ныхкъуырд радтын æмæ сæ фæстæмæ аппарын. Опреаци «Магистраль»-ы тыххæй Советон Цæдисы Хъайтары нæмттæ саккаг кодтой 4-æм армийы командæгæнæг Борис Громов æмæ 103-æм уæлдæфон-десантон дивизийы командир, фидæны УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Павел Грачевæн.

1988 азы 14-æм апрелы къухтæ фыст æрцыдысты уынаффæйыл, кæцымæ гæсгæ советон æфсæдтæ Афганистанæй хъуамæ раконд æрцыдаиккой 1989 азы февралы мæймæ. Мæскуы сæххæст кодта ацы уынаффæ, ацы хæсты 15 минæй фылдæр фырты фесафгæйæ, дæсгай мин адæймаджы хъысмæты фæсахъатджын кæнгæйæ, миллиардгай сомтæ, стыр материалон хæрдзтæ бакæнгæтæ.

Цæуы рæстæг æмæ сындæггай гас кæнынц афгайнæгты буары хъæдгæмттæ. Фæлæ, нæ мысынады æнустæм баззайдзæн Афганистан, дард, æнæзонгæ æмæ æцæгæлон бæстæ.  Афгайнаг хæст у Советон Цæдисы Гарзджын Тыхты историйы ахсджиаг дуг, историйы фарс. Уыцы бонтæ æмæ азтæ сты рыст æмæ уды зиæнтты, хъайтардзинад æвдисыны азтæ. Махæн та нæ хæс у, цæмæй ма ферох кæнæм афгайнаг зæххыл стыр хъизæмæрттæ чи бавзæрста, уыцы адæймæгты.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.