Æрвылаз дæр 15 февралы мах мысæм алы хæстон – интернационалисты ном дæр, кæцытæ тох кодтой нæ бæстæйæн æддейæ, æфсæддон ардбахæрды фæстиуæгæн намысджын æмæ удуæлдайæ  æвдыстой Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинад,  хъæбатырдзинад, фидардзинад æмæ лæгдзинады дæнцæг.

32 азы размæ кæрон æрцыд раздæры Советон Цæдисы иууыл стырдæр хæстæн. Райгуырæн бæстæйы раз йæ æвæджиаг хæс сæххæст кæныны охыл уæды рæстæджы алы æрсиддоны ныййарæг дæр кæмæй стъæлфыд, йæ койæ дæр иу чи барызт – ахæм æгъатыр уыд Афганистаны зæххыл хæст. Уыцы хæсты уæззау æргъом, бæрзонд интернационалон хæс аккаг æмæ намысджынæй сæ уæхсчытыл цы лæппутæ хастой, уыдонæй бирæтæ абон нал сты нæ фарсмæ.

Æрвылаз дæр Афганистаны зæххæй Советон æфсады раконды боны цытæн 15 февралы нæ горæты микрорайон БАМ-ы территорийыл хæстон-интернационалистты номыл цы Мемориалон комплекс арæзт цæуы, уым уагъд æрцæуы цытджын мадзал. Хæстонтæ-интернационалистты номыл цырты раз мадзалы æппæт хайадисджытæ ном арынæн ацы аз дæр сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.

Афганистаны уæззау бонтæ мысгæйæ

Афгайнаг хæстонты кадæн ацы бынатмæ æр-бацыдысты Паддзахад Аланийы Президент Би-былты Анатоли, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, уæрæсейаг минæварад æмæ 4-æм æфсæддон базæйы минæвæрттæ, тыхон структурæты минæвæрттæ, 1 æмæ 9-æм астæуккаг скъолаты æмæ скъола-интернаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ.

Хуссар Ирыстоны Афганистаны хæсты Ветеранты цæдисы сæргълæууæг Гуыцмæзты Мурат мадзалы хайадисджытæн бузныг загъта æмæ банысан кодта, æрвылаз дæр ацы бон кæй мысынц, Афганистаны зæххыл чи тох кодта, сæрæгасæй чи æрыздæхт æмæ, стыр хъыгагæн, чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ.

«Мах ацы бон мысæм, уыцы æгъатыр хæстæй чи нал æрыздæхт, нæ уыцы æмтохгæнджыты рухс нæмттæ. Нысан кæнæм, уæды рæстæджы иууыл тугуарæндæр æмæ дæргъвæтиндæр хæсты кæрон. Уыцы азты дæргъы Афганистаны хæсты хайад райстой 600 минæй фылдæр советон салдаты æмæ афицеры. Нæ чысыл Хуссар Ирыстонæй уыцы тугуарæн хæстмæ фæцыд 200 лæппуйæ фылдæр, уыдонæй авд сæрæгасæй нал сæмбæлдысты сæ бинонтæ, сæ райгуырæн уæзæгыл – Куымæридтаты Мераб, Чысиаты Нодар, Миндиашвили Заза, Николаишвили Александр, Тыджыты Гулливер æмæ Сиукъаты Мераб. Гæбæраты Къоста та абоны онг дæр у æбæрæг сæфт», – дзырдта Мурат.

Уыцы æгъатыр хæстæй фæстæмæ цы лæппутæ æрæздæхт, уыдоныл сæ ныййарджытæ, хиуæттæ бацин кæнын нæма бафсæстысты, афтæ та сæ бахъуыд сæ Райгуырæн зæхх гуырдзиаг тыхæйисджытæй бахъахъхъæныны сæр. Æмæ хæстон æвзыгъддзинæдтыл фæлтæрд лæппутæ слæууыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фыццаг рæнхъыты.

Афганистаны зæххæй сæрæгасæй цы лæппутæ нал æрыздæхт, уыдон рухс нæмттæ мысынæн Гуыцмæзты Мурат бахатыд æрæмбырдуæвджы-тæм, цæмæй сын сæ нæмттæ ссарой æмырæй алæугæйæ.

Дарддæр уый дзырдта Афганистаны хæсты Ветеранты цæдисы сырæзты нысаныл. Уыцы организацийы сæйраг хæс, зæгъгæ, уыд сæ фæмардуæвæг хæстон хæлæртты рухс нæмттæ сæнусон кæнын. Уыцы тыхтæ æмæ хъарутæй æххæст нæма уыд ног сырæзгæ организаци, фæлæ бæстæйы къухдариуæгады æвæджиаг æххуысы руаджы, цадæггай бæстон цæуынц сæ разы æвæрд хæстæ.

«Афганистаны хæсты хайадисæг хæстонты номыл цы Мемориалон комплекс арæзт цæуы БАМ-ы микрорайоны, уыцы бынат 2011 азы рахицæн кодта горæты администраци. Нырма уый кæронмæ арæзт нæу, фæлæ мах бузныг æмæ райгонд стæм Президент Бибылты Анатолийæ, уымæн æмæ нын ныфс бавæрдта, ацы аз комплекс кæронмæ хæрзарæзт кæй æрцæудзæн», – дзырдта Ветеранты цæдисы сæрдар.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, сымах – хæстонтæ-интернационалисттæ, стут, æвзонг фæлтæр хорз дæнцæг кæмæй исой, ахæмтæ. Уымæн æмæ сымах та уыцы хъæбатырдзинады дæнцæг истат уæ фыдтæ æмæ уыдон фыдтæй, кæцытæ рацыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæндæгтыл.

«Афганистаны хæсты хайадисджытæм цы ахаст ис, уыцы сæрыстырдзинады ахаст ноджыдæр дывæр кæны. Сымах стут, Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты кадджын традицитæ чи ивы, уыдон дарддæргæнджытæ. Йæ рæстæджы уыдон махæн амыдтой скъолаты, хæст мæлæтхæссæг кæй у, фæлæ уыцы рæтæджы, бæстæ бахъахъхъæнын ахсджиаг кæй у. Ахсджиаг кæй у намыс бахъахъ-хъæнын, патриот æмæ хъайтар уæвын æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ намысджын уæ-вын», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, Райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинад ноджыдæр разæнгард кодта советон салдаты, Демократон республикæ Афганистаны зæххыл сæ интернационалон хæс æххæст кæнынмæ. Уымæй дæр, советон æфсады æрцыдæй, уæззау тохтæ æмæ хæстон архæйдтытæм æнæкæсгæйæ, Афганистаны арæзт цыд скъолатæ, фæндæгтæ æмæ æндæр социалон нысаниуæджы объекттæ. Фæлæ советон хæстон уырдыгæй куы рацыд, уæд ноджы фæкарздæр уавæр уыцы зæххыл.

«Ныртæккæ кæд бирæтæ фæдзурынц, зæгъгæ, Афганистаны зæххæй Советон Цæдис рацыд састæй – уый æппындæр раст нæу. Советон хицауад уæд йæ разы цы хæс æрæвæрдта, уый сæххæст кодта, æмæ хæстонтæ-интернационалисттæ сæрыстырæй рацыдысты Афганистаны зæххæй.

Мах сæрыстыр стæм сымахæй, уымæн æмæ нæ чысыл Ирыстонæн уæззау бонты ноджыдæр слæууыдыстут Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты, уымæн æмæ зыдтат, цы у хæст. Сымах æвæрдтат ныфс иннæтæн дæр нæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынæн, уымæн æмæ йæ зыдтат, уæлахиз нæ къухты кæй бафтдзæн», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Æфсæддон-интернационалистты ном æмæ бæрзонд кадыл бирæ дæнцæгтæ ис æрхæссæн. Абон уыдонæй не ‘хсæн чи нал ис, уыдон бинонтæ, хиуæттæ æрвылаз дæр æрбацæуынц, цæмæй сæ хиуæтты хæлæрттæ æмæ æмгæрттимæ мысæн мадзæлтты хайад райсой.

Арфæйы ныхæстæ загъта, сæрыстыр цы хæстонтæй стæм, уыдон номыл, бирæ азты æнæниздзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ йæ цæст бауарзта ацы боны «аххосджынтæн». Афганистаны хæсты ветерантæ æмæ, иумиагæй сисгæйæ, мах дæр уæды цаутæн хъуамæ стыр кад кæнæм, зæгъгæ.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов банысан кодта, зæгъгæ, адæмы хъуыдыкæнынады хæстонтæ-интернационалисттæ баззадысты ахæм адæмæй, кæцытæ уыдысты Афганистаны зæххыл æмæ сæ интернационалон хæс сæххæст кодтой намысджынæй. Æрмæстдæр æфсæддон зоны, цы у хæст, цы уæззау æмæ зындзинæдтæ баст ис уый фæдыл, уый. Уый у бæрнон æмæ алы æфсæддоныл цы хæстон æвæджиаг хæс ис, уый намысджынæй æххæст кæныны уаргъ.

«Хъыгагæн, абоны бон алчи не ‘рыййæфта, чи баззад æцæгæлон зæххыл, чи та хæсты фæстиуæгæн низтæй утæхсæн кæны йæ Райгуырæн зæххыл. Фæлæ фæндвидар лæппуты хъæбатырдзинад цæргæ-цæрæнбонтæм баззайдзæн нæ хъуыдыкæнынады. Уыдон раз мах кæдфæндыдæр стæм хæсджын», – дзырдта минæвар. 

Афганистаны хæсты фæмардуæвæг хæстоны кад æмæ цытæн æмдзæвгæтæ фарстой нæ горæты 9-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ.

Гуыцмæзты Мурат мадзалы кæрон ноджыдæр бузныг загъта бæстæйы къухдариуæгадæн, мадзалы æппæт хайадисджытæн, æрвылаз дæр ацы мысæн бон сæ фарсмæ кæй æрбалæууынц æмæ кæй саргъ кæнынц афгайнаг хæсты ветерантæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Хуссар Ирыстоны хæстонтæ-интернационалистты кæй иу кæны Афганистаны Ветеранты цæдис, кæцы сырæзт 1994 азы. Йæ нысан у ветеранты, хæсты инвалидты æмæ хæсты фæмардуæвджыты бинонты закъонон интерестæ æмæ бартæ хъахъхъæныны хъуыддаджы æмархайд кæнын. Афтæ ма уыцы хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ æнусон кæнын, ветеранты хæлардзинад фидар кæнын æмæ æндæр бæстæты ветеранты организацитимæ æмархайд кæнын.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ                             

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.