ДЗÆНГÆРÆГ ÆМÆ УÆРТДЖЫН ХÆФС

 

«Адæм дих кæнынц дыууæ къордыл: иутæ дзы сты дзæнгæрджытæ, иннæтæ та – уæртджын хæфсытæ», – ацы хъуыды чи, кæд æмæ кæм загъта, уый бæлвырд нæу, фæлæ дзы цæй диссаджы мидис æмбæхсы. Уæртджын хæфсы цасфæнды ма цæвай, уæддæр æмырæй лæудзæн, йæ сæр амбæхсдзæн йæ фидар уарты. Дзæнгæрæг рог уддзæфы баныдзæвдæй дæр зæлланг кæны – фæдзæхсы нæ, алфæмбылай бынтон сабыр кæй нæу.  Афтæ сты адæм дæр.

Æхсæнадæн йæ тæккæ æмбис, цыма æхсæв фынæй дæр нæ кæнынц, уыйау алы уынæр, алы мырмæ дæр фехъал вæййынц – мацы фыдбылыз æрцæуа. Иннæтæн уыцы фыдбылыз сæ разы куы æрбалæууа, уæддæр сæ бынатæй нæ фезмæлдзысты, искæмæ æнхъæлмæ кæсдзысты баххуысы охыл. Фæлæ уый къордты дихдзинады аххос нæу, афтæ у æхсæнады ныхмæвæрды æрдзон сконд.

Æрæджы нæ республикæйы бæрæгбонон мадзалы нæ цæгаттаг уазджытæй иуæй афтæ фехъуыстон: «70-æм азты уазæгуаты уыдтæн ме ‘мбалмæ Дыгургомы. Цалдæр боны сæм баззадтæн. Хорз фысым мын фесты. Сæ зæронд лæг, цардæн йæ хорз дæр æмæ йе ‘взæр дæр иттæг хорз чи зыдта, ахæм, бирæ диссæгтæ зыдта ирон адæмы историйæ, фольклорæй. Æхсæвæры фæстæ-иу йæ фарсмæ æрбадтæн æмæ-иу йæ ныхас, тынуафæгау, уæззаугай фæкодта цалдæргай сахатты. Абон фæсмон кæнын, цæмæннæ сæ фыстон мæхимæ уыцы диссаджы хабæртты. Фæлæ дзы мæ зæрдыл æрбалæууы, æппындæр нысаниуæг цæмæн нæ радтон æмæ мæм уæд худæгау чи фæкаст, зæронд лæгæн йæ уыцы хъуыды: “Бахъуыды йæ кæнут, мæ хуртæ: Ирыстон йæ раздæры ном ссардзæн, кæддæрау нæрдзæн йæ кад, уыдзæн хæдбар паддзахад æмæ сæндидздзæн ногæй, фæлæ ам, Цæгаты нæ –  Хуссары”.

Нæ алыварс уыд бирæ адæм, хъæлæбайæ хорз нæ  хъуыстон дзурæджы иннæ ныхæстæ, фæлæ уæдæй нырмæ уыцы иу, фæлæ ныфсдæттæг хъуыдыйад ме ‘нкъарынадæй нал хизы. Æхсызгон мын куыннæ уыд уыцы зæронд лæджы фæдзæхст. Цыма йе уоны каст, уыйау æй аскъуыддзаг кодта, Советон Цæдис йæ тæккæ тыхы куы уыд, ахæм хъуыды æргомæй нæ, фæлæ йæхимид дæр куы ничи бауæндыдаид ахъуыды кæнын, уæд æй скарста нæ куырыхон æмæ йæ загъта. Уый йæ дзæнгæрæджы хуызы фехъусын кодта Иры дзыллæйæн, цæмæй йæ зæгъой кæрæдзийæн, цæмæй сæ уырна, нарты фæдонтæ æд мадæлон æвзаг кæй никуы фесæфдзысты иннæ бирæнымæц дзыллæты ‘хсæн.

Уæдæй нырмæ рацыд цыппор азы. Бирæ ивддзинæдтæ æрцыд Хуссар Ирыстоны: цалдæр фæлтæры схъомыл, сæ цард кæнынц, кæд æгъатыр дугивæнты бахаудысты, уæддæр. Хъыгагæн, чидæртæ абоны сæрибар цард нал федтой, хъысмæт сын фаг цæрæнбон нæ радта, æрбаскъуыдта сын æй гуырдзиаг лæгмарты къухæй, Хуссар Ирыстоны фæдисы дзæнгæрджытæ куы цагътой, уæд. Дзæнгæрджытæ сидтысты дунейы адæмтæм, цæмæй нын нæ рис, нæ тыхстдзинад фехъуыстаиккой, бамбæрстаиккой йæ (кæд алчи нæ, уæддæр чидæртæ), радон хатт та нæ кæй куынæг кæны не знаг. Уæд, хуссарирыстойнæгтæн сæ тæккæ æмбис фестадысты дзæнгæрджытæ æмæ удæнцой нал зыдтой: куыдфæндыйæ дæр хъуамæ нæхи бахъахъхъæнæм, знаг та аккаг ныхкъуырд баййафа. Уыдоны æмрæнхъ уæвынад кодтой Хуссар Иры дæр æмæ Цæгат Ирыстоны дæр æнæмæт, уазалзæрдæ адæм. Чизоны уыцы æвирхъау хабæрттæ кæронмæ не ‘мбæрстой кæнæ тæрсгæ кодтой, фæлæ дын исчи де ‘мтуг, де стæг адæймагæн йæ къахыл куы ныллæууа, уæд æй ды та, кæд цæвгæ нæ, уæддæр атъæпп кæнай иуварс, цæмæй йæ бамбара, раст кæй нæ кæны. Адон та нынныгъуылдысты, сæтæлæгау, сæ хъузджы æмæ æнхъæлмæ кастысты: цы уа, уый уæд, æз уал афтæ анхъæлмæ кæсдзынæн, уæд та мыл дзæгъæл нæмыг сæмбæлд. Сæ цард кодтой, уадиссаг сæ адæмы мæт нæ уыд.

Нæ амондæн, дзæнгæрджыты нымæц фылдæр уыд æмæ сæ фæрцы уæртджын хæфсытæ дæр аирвæзтысты. Фæлæ уый æрмæст гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды архæйдтытæм нæ хауы – афтæ уыд сабыр дуджы, нæ адæм «сæ уды дзæбæхæн сæрибар æмæ амондджын» цард куы кодтой, уæддæр. Иутæ сæ куыст уыцыиугъуызон æдыхстæй кодтой, кæд сæм алцы раст нæ каст æмæ бирæ цæуылдæрты нæ уыдысты разы, уæддæр. Иннæтæ сæ риуы ‘мбæрц размæ бырстой, ахъаззаг цæфтæ дæр-иу сыл сæмбæлд, дзуапп дæттын-иу сæ бахъуыд, карз æфхæрд дæр æййæфтой, фæлæ нæ тарстысты. Æмæ ахæмтæ нæ дзыллæйы цардвæндагыл куы нæ уыдаиккой, уæд абон кæцæй зыдтаиккам Ос-Бæгъатыры, Æфхæрдты Хæсанæйы, Тыллаттаты Чермены, Кодзырты Таймуразы, Бæтæйы фыртты, Алыккаты Хазби æмæ Коцты Бегайы, Томайты Мæхæмæты æмæ бирæ æндæрты? Уыдон сæ радтæг адæмæн фæдисы дзæнгæрджытæй басгуыхтысты æмæ баззадысты æнустæм цæргæйæ, кæд сæ фарсмæ бирæ чидæртæ уыд, уæддæр. Цалынмæ уæртджын хæфс – æдыхст, æнæмæт адæймаг фæдисонтимæ баиу уа, уæдмæ фæстæмæ здæхинаг фæуыдзæн, йæ бацыд ницыуал пайда æрхæсдзæн, гæнæн ис æмæ æрцæугæ хабарæн зонгæ дæр мацыуал бакæна. Уыцы рæстæджы дзæнгæрджытæ – сахъгуырдтæ та сæ ныфсдæттæг хъару æмæ удуæлдай тохæй æгас дзыллæйы ирвæзын кæнынц мæлæтхæссæг фыдбылызæй. Афтæ уыд монгол-тæтæры æрбабырсты рæстæджыты дæр æмæ нæ гуырдзиаг æлдæрттæ сæ дæлбар куы бакодтой, стæлфын, сулæфын нæ куынæуал уагътой, уæд дæр. Тар мигъæй ныр дæр нæ сæрмæ бадынц æмæ уæз кæнынц ивгъуыд æнусы 1920 аз, 1937 аз, 1989 – 2008 азтæ. Уыцы мигъ нæ апырх уыдзæн, цалынмæ азымджын фыдгæнæг æфхæрд баййафа, уæдмæ. Уæдмæ Ирыстоны алы къуымы дæр дзæнгæрджытæ нæ банцайдзысты, цыфæнды къаддæр ма уой уæртджын хæфсытæй, уæддæр. Алы фæлтæры дæр уыд æмæ ноджыдæр уыдзæн цæнгæтæй арæзт æндонвидар дзæнгæрджытæ – дуджы фæдисонтæ æмæ уыдон сæ бæрны дардзысты, æдыхст, зæрдæйы хъустæ кæмæн нæй, æрмæстдæр абоны боны цæсты чи кæсы, ахæмты, цæмæй абарсты хуызы кæрæдзийæ хицæн кæной æмæ сæ зоной фидæны фæлтæртæ дæр.

Алы дзæнгæрæгæн дæр ис йæхи сæрмагонд зæлланг. Кæцыдæр куы ныццæгъды, уæд кæмтты ныннæры, дардмæ фехъуысы, адæмы зæрдæты бацагайы. Иннæйы цагъдмæ хъусынæй нæ бафсæддзынæ, йæ хъуытаз зæлтæ удæнцой, æхцондзинад хæссынц адæймагæн. Аннæтæн та сæ зæлланг у, къæвдайы æртæхтау, цыбыр æмæ сабыр, фæлæ уæддæр дзæнгæрджытæ сты. Афтæ дих кæнынц, дзæнгæрджыты къордмæ чи хауы, уыцы адæм дæр. Рæстдзинадыл тох æрмæст æхсаргард æмæ хæцæнгарзæй нæу. Уыцы хъазуатон тохы быдыры абон дæр уæхски-уæхск лæууынц æфсæддонтæ, политиктæ, спортсментæ, поэттæ, фысджытæ, нывгæнджытæ, музыканттæ, композитортæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ цæхгæр хицæн кæнынц, уæртджын хæфсыты къорды минæвæрттæй.Уыдон æрттивгæ кæнынц дзыллæйæн, сæ минмырон хъæлæстæй ныфс дæттынц рæзгæ фæлтæрæн.

Фæстаг цалдæр азы дæргъы нæ паддзахад ногæй æндидзы, рæзы: бонæй-бон эксплуатацимæ лæвæрд цæуынц ног бæстыхæйттæ æмæ хæрзарæзт уынгтæ, афтæ уыдзæн, цалынмæ кæронмæ фæуой арæзт æппæт бакæнинаг куыстытæ, уæдмæ. Уымæн не ‘ппæт дæр стæм æвдисæнтæ. Æппæт уыцы глобалон ивддзинæдтæ та нæ къухы бафтыдысты, нæ хæдбардзинад нын чи банымадта æмæ нын абонмæ дæр рæдауæй чи æххуыс кæны, уыцы Стыр Уæрæсейы фæрцы. Бирæ æфсымæрон бæстæтимæ нын ис хæларадон ахастытæ. Нæ чысыл республикæйы цæрджыты цæсгæмттæ сты хъæлдзæг; ныр сæ фидар ныфс бацыд,  дзыллæйы фидæны фæндаг амондджын æмæ æдас кæй уыдзæн, тагъд мах дæр кæй цæрдзыстæм, æрмæстдæр фарн æмæ бæркад кæм фысымиуæг кæнынц, уыцы дидинæфтыд Ирыстоны.

Фæлæ сусæггаг нæу, ныр дæр не ‘хсæн кæй ис, уæртджын хæфсау, уыцы размæцыды хъуыддаг чи къуылымпы кæны, ахæмтæ. Уыдон сæ миддунейы скондмæ гæсгæ кæд сабыр, мадзура æмæ  æдыхст сты, уæддæр сын æнтысы сæ æдылы æмæ æнæбындур хъуыдытæй бирæты зондахаст хæццæ кæнын, ома, кæдæм тындзут, афтæ дæр хорз куы цардыстæм. Хъыгагæн, чидæртæ фæдызæрдыг вæййынц, фæлæ сын уыцы гуырысхотæ уадид апырх кæнынц фарнхæссæг дзæнгæрджыты зæлтæ. Уыдон сæ сыгъдæг хъуыдытæ æмæ рæсугъд фæндиæгтæй алкæмæн дæр уырнын кæнынц, хорз фи-дæн нын кæй уыдзæн, æрмæст хъуамæ иумæ уæм – иудзинады ис нæ тых!

Хъуамæ нæ стыр ныфс уа, тагъд рæстæджы фæдисы дзæнгæрджытæ æппындæр кæй нал уыдзæн, сæ бынат сын бацахсдзысты сабиты хъæлдзæг худт, ирон зард æмæ ирон фæндыры хъæлдзæг зæлтæ –  дзæнгæрæг æмæ уæртджын хæфсæн иумæ уæвæн нæй, раджы уа æви æрæджы, уæддæр сæ фæндаг фæсаджил вæййы.

Уый хорз æмбæрста дыгурон зæронд лæг дæр æмæ уымæн афтæ загъта.

Цгъойты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.