Цæмæн, цæй тыххæй райгуыры адæймаг?  Уымæн, цæмæй йæ фæстæ исты фæд ныууадза. Алкæмæн уыцы хъуыддаг нæ бантысы. Иутæ сæ фæстæ ныууадзынц æвзæр фæд. Зæгъæм, ромаг император Нерон – зынг бафтауын кодта Римыл æмæ уыцы ракæнды фæрцы адæмы зæрдæты баззад фыдгæнæгæй.  Иннæтæ та царды никуы разынынц, куы амæла,  уæд дæр æй ничи æрхъуыды кæндзæн – уыдис æмæ нали. Фæлæ ис ахæм адæм, кæцытæ сæ фæстæ ныууадзынц æнæссæугæ фæд. Гъе, ахæм адæймаг уыд Коцойты Арсен.

Коцойты Арсен…. Ирыстоны хæхты æмæ быдырты, хъæуты æмæ горæтты ацы ном чи нæ зоны ирон адæмæй, ахæм тынг стæм разындзæн. Йæ хъæздыг сфæлдыстад ын ахуыр кæнынц скъолаты, институтты, университетты. Йæ уацмыстæ йын кæсынц чысылæй, стырæй.

Арсен… Цæстытыл ауайы урсзачъе зæронд лæг, йæ хъуыдыджын æмæ æнкъард цæстæнгас, йæ фæтæн ных. Адæймаг ацы ном зæгъгæйæ банкъары  ирон уды змæлд, ирон аив ныхасы тых, ирон адæймаджы уæззау хъысмæт æмæ фарн.

Æвæццæгæн, нæй ахæм адæймаг, кæй зæрдæ нæ агайынц Арсены æмбисонды  радзырдтæ, кæмæ нæ равзæрын кæнынц æууæнк æмæ æнæуынондзинад, уарзт æмæ фыдæх! Уый  уыди дзырдæй диссаджы нывгæнæг.

Арсены   æвидигæ сфæлдыстад цыдис йæ бæрзонд курдиат æмæ арф дунеæмбарынадæй. Дзырды зæрингуырд карзæй æргом кодта социалон æнæрастдзинад, царды мæнгдзинад, æгъатырæй хурмæ калдта æнæфсис æмæ кæрæф бонджынты æлгъаг митæ, хъæддыхæй дзырдта рæстдзинадыл, ахъаззаг тох кодта мæгуырты сæрыл, сæ цард сын фæхуыздæр кæныныл, сæ къух сын истæмæй фæрогдæр кæныныл.

Диссаг уый у, æмæ Арсены уацмыстæ адæймаг цас фылдæр кæса, уыйас æм хæстæгдæр æмæ мидисджындæр кæсынц, нывæфтыддæр æмæ цардæгасдæр.

Йæ уацмыстæм гæсгæ йын схонæн ис – генион. Нигеры загъдау, уыдоны бавæрдта йæ авдæны хъарм, йæ царды цин, йæ уды бæллиц, йæ уалдзæджы цъæх, йæ сæрды хурхæтæн, йæ фæззæджы бæркад æмæ йæ зымæджы сатæг.

Нæртон лæгау, фыссæг йæ чингуытæм æмбырд кодта арвы цин, дунейы фарн æмæ зæххы сой. Куыддæр сæ байгом кæнæм, афтæ цыма нæ разы фестынц сæ хъайтартæ: Чермен æмæ Габо, Хосдзау æмæ Хъæвдын, Тедо æмæ Симон….

Мах бахауæм аргъæутты бæстæмæ.  Уым мах базонæм, «Гигойы куадзæн»-ы хабæрттæ, «Фыдбылыз»-ы аххосæгтæ, «Царды зилдухæнтæ»-йы хус къæбæртæ чи хæры æмæ «Æхцайы чырынтæй» чи хъазы, «Цыппар туаллагæй» растдæр чи у, «Дадолты мæт» цæуыл у, «Декрет»-ы цы фыст ис, «Дыууæ фембæлды» цæуыл ахицæн сты, «Фыццаг лæг æмæ ус» куыд баиу сты, Хуыцау «Хур æмæ мæй» куыд сфæлдыста æмæ «Мæлæтæй тыхджындæр» цæмæн ницы ис, уый.

Арсен кæд нымæцæй бирæ чингуытæ нæ ныффыста йæ дæргъвæтин царды, кæд бирæ бынтæ нæ ныууагъта, уæддæр йæ къухы цы бафтыд сфæлдисын, уыдон сты хъæздыг, нуарджын æвзагæй фыст, нывæфтыд, философон.  Никуы базæронд уыдзысты дæсны фыссæджы зæрдæбынæй фыст уацмыстæ, нæ фесæфдзæн сæ историон  ахадындзинад.  Мах зонæм историйæ, Гуырдзыстоны фыдгæнджытæ ссæдзæм азты Хуссар Ирыстоныл арт кæй  бафтыдтой, уый. Абон дæр та йыл афтæ арт æфтауынц, сурынц ирæтты сæ райгуырæн уæзæгæй. Дыууынæм азты цаутыл Арсен ныффыста радзырд «Саломи». Цыма ныртæккæ фыст æрцыд. Науæд кæцыфæнды радзырд дæр куы райсæм  – «Цуанонтæ» уа, «Гигойы куадзæн» уа, «Сæумæрайсом » уа, «Æнæхъус Карум» уа, «Ханиффæ» уа, «Дадолты мæт» уа – банкъардзыстæм дзы царды рæстдзинад, нæ цæстытыл ахъаздзысты цардæгас сурæттæ, алыхуызон вазыгджын фæлгонцтæ.

Мæнæ куыд фыста Джыккайты Шамил: «Рæстæг цæуы, афонтæ ивынц, ивынц эстетикон æмбарынад æмæ æнкъарæнтæ, фæлæ нæ ивы Арсены уацмысты идейон-эстетикон хъару, нæ сæм ивы йæ уарзт ироны зæрдæ. Ахæм у йæ курдиаты тых, йе сфæлдыстады удджын фидауц». Растдæр æмæ зæрдæбындæр, æвæццæгæн,  ничиуал зæгъдзæн.

Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бирæ фыст æрцыд æрмæджытæ. Зæгъæн ис æмæ, Арсен у адæмон фыссæг, уымæн æмæ йын йæ уацмыстæ, йæ фельетонтæ адæм кæрæдзийæн æмбисондæн хастой æмæ хæссынц абон дæр. Стыр аргъ  кодтой ирон интеллигенцийы  минæвæрттæ Арсены куыстæн.

«Арсен у ирон аивадон прозæйы раппæлинагдæр дæснытæй иу» -ахæм аргъ кодта фыссæгæн  Гæдиаты Цомахъ.

«Æвзонг ирон литературæйы мæсыгыл Коцойы фырты радзырдтæ зынаргъ дур æрæвæрдтой» – фыста Тыбылты Алыксандр.

«Арсен!  Ацы ном Ирыстоны цы ком, цы хъæу нæ зонынц, ахæм нæй. Уымæн æмæ, фыццаджыдæр, уый у стыр курдиаты хицау. Йе сфæлдыстадон æрмæг иста реалон цардæй, йæ уацмыстæ амад сты, æцæг чи уыдис, йæхæдæг кæй федта, кæнæ фехъуыста, ахæм цаутыл» – ахæм хатдзæгмæ æрцыд Дзугаты Георги.

Джыккайты Шамил  та Арсены хоны: «Ирон аив дзырды зæрингуырд».

Æмæ, æцæгæйдæр, Коцойты Арсен уыд курдиатджын фыссæг, реалистон радзырды дæсны, реакцион æгъдæутты ныхмæ тохгæнæг.

Коцойты Арсен Æрыдоны дины семинары куы ахуыр кодта, уæд фыццаг хатт базонгæ Хетæгкаты Къостайы тохмæсидæг æмдзæвгæтимæ. Хорз æй æмбæрста, уыцы æмдзæвгæтæ йæм куы ссарой, уæд карз æфхæрд кæй баййафдзæн. Семинары ахуыргæнгæйæ фыццаг хатт бакаст газет «Кавказ» дæр. Уæдæ Къостайы фенынмæ дæр йе мбæлттимæ Æрыдоны дины семинарæй фистæгæй араст Дзæуджыхъæумæ. Чи зоны, Æрыдоны семинары ахуыргæнгæйæ, Хетæгкаты Къостайы фæллæйттæ кæсгæйæ, йæ зæрдæ ахсайдта сфæлдыстадон куыст кæнынмæ.  Хуыцауы дзæгъæлы нæ хуыдтой Æрыдон «ирон интеллигенцийы авдæн». Æрыдоны дины семинарæй  тынг бирæ  зындгонд æдæм рацыд. Бирæтæ дзы систы ногцардаразджытæ, фысджытæ, æхсæнадон кусджытæ.

Цæмæй фыссæджы курдиатæн аккаг аргъ скæнæм,  цæмæй йын базонæм  йæ курдиаты ратæдзæн, уый тыххæй йын хъæуы, фыццаджыдæр, йæ цардвæндаг бæстон  базонын.

Коцойты Арсены мысинæгтæй зонæм, семинары цавæр реакцион уавæр уыд, уый. Уды сæрибардзинад зынаргъ кæмæн у, уый нæ быхсы къозбаудзинад, нæ быхсы тыхми, тырны  уды хæдбардзинадмæ.  Уыдонæй иууылдæр æххæст уыд  Коцойты Арсен.

Иттæг хорз ахуыр кодта Арсен семинары, фæлæ йыл йæ низ куы стых, уæд æй бахъуыд йæ ахуыр ныууадзын. Фæстæмæ аздæхт Джызæлмæ æмæ уым райдыдтой йæ  æцæг хъизæмæрттæ.  Коцойты Арсен рынчынæй, Джызæлы цæргæйæ, бæвзæрста мæстытæ, зæрдæнизтæ, хъуæгтæ, адæмы зул цæстæнгас, сæ гæдыдзинад, адæймагмæ пайдайы цæстæй кæсын. Фæстæдæр  уыдон æвдыст æрцыдысты йæ автобиографион уацмыстæ «Цыппар æмæ ссæдз боны» æмæ «Æнæном радзырд»-ы.  Джызæлы цæргæйæ рæзыд æмæ фидар кодта йæ цæстæнгас цардмæ.  Джыккайты Шамилы загъдау «Арсен сси трагизмы нывгæнæг». Йæ радзырдты æрмæг, сæ архайджытæ, сæ сюжеттæ сты трагизмы ахорæнтæй æвдыст. Уымæн æмæ, уыдта царды æцæгдзинад, иуæй æхсæнады социалон уавæртæй, иннæмæй та – тынгæй тынгдæр зынын байдыдта  йæхи сæрмагонд индивидуалон  цæстæнгас цардмæ, сфæлдыстадмæ.

Хъаныхъуаты Иналы, Гæдиаты Секъайы, Хетæгкаты  Къостайы прозæ  уыдысты Коцойты Арсенæн аив прозæйы скъола. Уыдоны фæстæ сæрттывта Коцойты Арсены  аивадон прозæ.

Цымæ цы ахъаз фесты Арсены уацмыстæ ирон æхсæнадæн?

Арсен, куыд зонæм, афтæмæй тырныдта Иуане, Аксо æмæ Къоста цытджынæй цы аивадон-хъомыладон хæс æххæст кодтой, уый адарддæр кæнынмæ, æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта.  Лæмбынæг  ын куы æркæсæм  йæ уацмыстæм, уæд фендзыстæм, ирон æхсæнадæн йæ аивадон уацмысты уый кæй радта уæрæх  нывтæ, кæй сбæрзонд кодта ирон лæджы уагæвæрд, бахъахъхъæдта йын йæ ном æмæ намыс. Йæ хъазæнæмхасæн фæлгонцты (Малхаз, Къутæрджыны устытæ, Никъо æмæ Маро, Сауджын æмæ диакъон…) хурмæ ракалдта, ирон лæджы ном чи худинаг кодта, уыцы æууæлтæ. Арсены мидныхасы тыгъдадыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд дзы уырнинагæй банкъарæм, фыссæджы аивадон хъуыды  йæ хъайтарты миддунейы куыд арф ныххызти, уый.  Уыцы психологон агурæнты ис йæ уацмысты бæрзонддæр ахадындзинад.  Йæ радзырдты ахадындзинад фæирддæр вæййы, йæ хъайтарты монон царды æцæгдзинадæй кæй нæ хицæн кæны, уымæй дæр.Уый хорз зыдта дзырды нысаниуæг, йæ эстетикон æмæ хъомыладон ахадындзинад. Арсен йæ дуджы историон æцæгдзинады цаутæм цы цæстæй акаст, куыд сæ бамбæрста, йæ адæмы национ удыхъæды  сæйрагдæр миниуджытæ куыд райхæлдта, уыдон аивадон дзырды руаджы равдисыныл нæ бацауæрста йæ тых  æмæ йæ курдиат.

Коцойты Арсены бон баци  ирон радзырды структурæ реалистон хуызы саразын. Кæд Гæдиаты Секъа  уыд ирон прозæйы бындурæвæрæг, уæддæр уый прозæ амад уыд адæмон сфæлдыстады райдайæнтыл, йе сфæлдыстадон сæйраг пафос уыд  романтикон. Гæдиаты Секъайы уацмысты дæр цард  уынæм хуымæтæг адæймаджы цæстæй. Уый дæр у фыдæбонджын, фæлæ æбар адæймаг. Секъа сын æвдисы  сæ хъуырдухæн, сæ уавæр, фæлæ сæ  бартыл  иумæ схæцынхъом нæма сты. Уым Секъайы аххос æппындæр нæй,  уымæн æмæ уый уыд рæстæджы домæнтæй иу.

Кæд литературæ æхсæнады царды æцæгдзинад æвдисы, уæд фыссæг та хъуамæ йæхи курдиаты фæрцы æмæ йæ адæмы удварны хæзнатыл æнцойгæнгæйæ, амона фæндаг ног цардивæнтæм. Гæдиаты  Секъайы  уацмысты хъайтартæ дæр базмæлыдысты, схæцыдысты сæ бартыл, фæлæ уæддæр баззайынц састы бынаты. Уыдон нырма не сты æххæст цæттæ се фхæрджыты ныхмæ сыстыныл. Секъайы  рæстæджы  ирон литерæтурæ фыццаг къахдзæфтæ кодта, нæ уыд чиныг, нæ уыд чиныгкæсæг.   Уыцы уавæрты гуырд ирон прозæ, кодта фыццаг къахдзæфтæ  æнæнад фæндагыл.   Ахæм  фæндагыл  цæуын  та зын у.

Фæлæ Коцойты  Арсен  ирон радзырды структурæмæ бахаста  ногдзинад,  ома ахызт реалистон типизацимæ, байгом кодта  радзырдты ног формæтæ æмæ фадат радта ирон прозæйæн реалистон типизацийы бындурыл рæзынæн.

Æркæсæм  ма  йын  йæ аивадон  мидисмæ.

«Арсен йæ уацмысты карз тох кæны фыдæлты талынг æгъдæууты ныхмæ, фенын кода, патриархалон цардыуаджы адæмы рæсугъд хъуыды  æмæ лæджыхъæд  дæлдзиныг кæй кæны, адæймагæн фосы кад кæм ис, ирæдыл æй кæм уæй кæнынц , рухсмæ йын фадат чи нæ дæтты, уыцы æгъдæутты. Уыдон сты: тугисын, чызгыскъæфын, къæрных, æфхæрд æфхæрдæй исын, дам-думтæ æмæ фидис, мæнгдзинад æмæ тыхтона кæнын – æппæт уыдонæн Арсен ахъаззаг цæф фæкодта йæ курдиаты цыргъдæр хæцæнгарз, аивадон дзырды руаджы» – фыссы  Гаглойты Владимир

Арсен ирон лæджы психологи хорз кæй зыдта, йæ адæмы зæрдæйы миниуджытæ равдисынмæ кæй арæхст, уымæ гæсгæ йæ арæзт фæлгонцтæй  бирæтæ абон дæр æрттивынц ирон литературæйы хæзнадоны. Арсены сфæлдыстады ис бынат юморæн дæр. Уый йæ чиныгкæсæджы куы худын фæкæны, куы та йæ сагъæсты бафтауы. Хатгай йæ юморы бын æмбæхст вæййы адæймаджы стыр трагеди. Ахæм фæзилæнтæ Коцойты Арсены размæ мах никæмæ уыдтам, уыцы традицитæн бындур æрæвæрдта ирон аив дзырды зæрингуырд  Коцойты Арсен.

ГАССИТЫ Анжелæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.