Аивадон адæймаг æндæр адæмæй бирæ цæмæйдæрты фæхицæн кæны, сæйраджыдæр – йæ хъуыдыкæнынад æмæ æнкъарынадæй. Аивадон курдиаты миниуджытæй хайджын чи нæу, уый йæ алфæмблай фæуыны хуымæтæджы хуызты, аивадон адæймаг та растдæр  уыцы-иу бынат, гæнæн ис фена бынтон æндæр хуызты æмæ йын æрдзæй ратгæ курдиат кæй ис, уый фæбæрæг вæййы, йæ хъуыдыты цы сæвзæры, уый сис æмæ ахорæнты руаджы гæххæттмæ, адæмы размæ,  йæ бон рахæссын кæй  свæййы, уымæй. Вæййы афтæ æмæ курдиат хæрз сабийæ фергом вæййы, адæймаг йæ цардвæндæгтæ уымæ гæсгæ сныв кæны. Фæлæ ма ис ахæмтæ дæр, кæцытæн сæ курдиат фæбæрæг вæййы фæстæдæр,  хистæр кары уæвгæйæ.

РХИ-йы нывгæнджыты цæдисы сæрдар Битеты Вадимы цард афтæ рауад æмæ аивадмæ йæ курдиат раргом ис дыууæ рæстæджы дæр, дыууæ хатты райгуырдысты йæ уарзон аивадмæ йæ уарзт æмæ тырнындзинад. Вадим тынг хорз хъуыды кæны, хæрз саби ма куы уыд, уæд сабийы æрмдзæфæй хæххытæ кæнын куыд уарзта. Уыцы уарзондзинадæн ын, æвæццæгæн ахъаз уыд, æрвылбон дæр-иу йæ нанайы ныв кæныны кусæнгæрзтæ кæй уыдта, уый дæр, фæлæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уый канд цæстуынгæ æрмæг нæ ра-зæнгард кодта, фæлæ ма йын уыд стыр тырнындзинад æмæ арæхстдзинад дæр. «Æппынæдзух мæ мæ зæрдæ хаста карандастæм. Мæ нана уыд нывкæныны ахуыргæнæг æмæ-иу мын радта алыгъуызон хуызджын карандастæ, ахорæнтæ æмæ мæ цайдагъ кодта. Уæд-иу цы ныхъулæттæ кодтон, уыдонæй-иу райстон æхцондзинад æмæ мæ тырнындзинад фылдæрæй-фылдæр кодта. Рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ дæр-иу мын радысты мæ куыстытыл, сæвæрдтой-иу мын сæ сабиты равдыстыты. Арæх-иу мын радтой сæрмагонд хæслæвæрдтæ, иннæ сабитæй уæлдай зындæр кусинаг чи уыдис, ахæмтæ.  Фылдæр уарзтон хæстон темæтыл æмæ æрдзы нывтæ кæнын», – зæгъы Вадим.

Аивад – йæ ивгъуыд æмæ йæ фидæн

Вадим сывæллæтты цæхæрадоны рауагъдон куы ссис, уæд ын, куыд   иннæ рауагъдонтæн, афтæ уымæн дæр, йæ хъомылгæнджытæ сарæзтой йæ куыстытæн альбом æмæ йын æй радтой зæрдылдарынæн. Уыцы альбом ныртæккæ дæр ис йæхимæ.  Альбомы кæд тынг бирæ ис сабийы æнарæхст къухтæй конд, фæ-лæ рæсугъд нывтæ, уæддæр дзы Вадим абон, бирæ азты сæрты акæсгæйæ, уæлдай æхцон æнкъарæнтимæ æрымысы æрмæстдæр иуы. «Цыма йæ ныртæккæ аныв кодтон, афтæ ирдæй хъуыды кæнын ацы ныв куы скодтон, уый. Æвæццæгæн уымæн баззадис мæ зæрдыл, æмæ йæ мæ нана куы федта, уæд тынг фæцыд йæ зæрдæмæ, фæлæ мын загъта, цæмæй тынг ма тырнон ныв кæнынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз ын уæд нæ бамбæрстон йæ хъуыды».  Вадимæн ацы чысыл нывы ирдæй разынд йæ курдиат, уæд банкъардта йæ нана, Хуссар Ирыстоны скуыхт ахуыргæнæг, ныв кæныны  аивады дæсны, ныртæккæ дзæнæттаг Сиукъаты Мария дæр, сабийы уды арфы кæй ис æвæрд ныв кæныны курдиат. Ныв конд у алыгъуызон ирд ахорæнтæй – цъæх-цъæхид  кæрдæг, рæсугъд хæдзар,  сыгъдæг,  хурæмхæццæ арвы малæй парашютыл хъæлдзæгæй  æртæхы æфсæддон.  Хæрзсабийы кары уæвгæйæ, Вадимæн йæ бон ссис хъарм хуры тынтæ дунейыл афтæ  айтындзын, æмæ нывмæ ныртæккæ дæр куы æркæсай, уæд у зæрдæисгæ, æхцондзинад дæттæг.

 Вадим бацыд Цхинвалы 3-æм асæуккаг сколамæ, ахуыр кодта тынг хорз нысæнттыл, хайад иста скъолайы уагъдцæуæг мадзæлтты æмæ нымад уыд хуыздæр ахуыргæнинæгтæй сæ иуыл. Æппæт уыдæтты æмрæнхъ нæ ныууагъта ныв кæнын дæр. Уыдис ын æнтыстытæ, фæлæ куыд загътам, афтæмæй йæ нана нæ уыд райгонд, Вадимæн ацы курдиат йæхи кæй æвдыста, ууыл. Вадим не ‘мбæрста йæ нанайы хъуыды, уымæн æмæ Мария Семены чызг йæхæдæг уыдис нывгæнæг, йæ царды фылдæр хай снывонд кодта ацы сфæлдыстадæн æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, уарзгæ дæр æй кодта. Æмæ иу афон уый раргом кодта йе ‘нæразыдзинад Вадимы курдиатмæ, загъта йын,  зæгъгæ, «нæлгоймаджы хъæуы бинонтæ дарын æмæ сис æмæ ахорæнтæй та уый тынг зын у». Уыцы ныхæстæ ссисты, Вадимы риуы цы фæндтæ нывæзт, фæстæдæр æнтыст кæмæ æнхъæлмæ каст, уыцы курдиаты фыццаг хайы банымæджы райдиан. Цадæггай сæфын райдыдта йæ цымыдис ныв кæнынмæ æмæ куыдфæстагмæ бынтондæр банымæг, фæлæ – рæстæгмæ.

Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ Вадим йæ ахуыр адарддæр кодта бынтон æндæр фадыджы, бацыд Цæгат Ирыстоны Паддзахадон хæххон аграрон университеты хъæууонхæдзарадон факультетмæ.  Каст æй фæуыны фæстæ йæм, йæхæдæг куыд зæгъы афтæмæй,  нæ уыд йæ райсгæ дæсныйадыл бакусыны фæндон, нæ йын уыд уавæртæ дæр. Æрыздæхт фæстæмæ Хуссар Ирыстонмæ æмæ кæд уыцы рæстæджы – 90-æм азты, ам царды уавæртæ тынг зын уыдысты, нæ уыд куыст, чысыл мыздтæ, хæстон æндыгъд уавæр, уæддæр æрыгон лæппу амæлттæ кодта, куыд йæ бон уыд, афтæ. Бацыд кусынмæ Хъахъхъæнынады министрадмæ æмæ 25 азæй фылдæр ис йе ‘мзæххон хæстонты æмрæнхъ.

Адæймагæн курдиат æрдзæй лæвæрд куы уа, уæд æй куыдфæнды ма нымæг кæнай, ма йын æвæрай цахæм-фæнды ныхдуртæ, уæддæр уый иуафон æнæмæнг схæлбурцъ кæндзæн æмæ равдисдзæн  йæ хъару. Раст афтæ рауад Вадимы царды дæр. Дæргъвæтин рæстæджы ныв кæныны аивадмæ кæд куыдфæндыйы цæстæй каст, аппæрста йæ йæ хъуыдытæй, уæддæр йæ миддунейы нæ амард, уыйхыгъд 2003 азы Вадимы уæнгты  32-аздзыд уæвгæйæ ногæй схæлбурцъ кодта æмæ лæппуйы бацыд ног тых, ног цæстæнгасæй акастис царды хуызтæм æмæ ногæй бавнæлдта сис æмæ ахорæнтæм. Æрмæст раздæр кæд куыста нывкæныны хуымæтæгдæр хуызтæй, уæд ныр та бавнæлдта æппæты зындæр фæдыздæхты йæхи бафæлварынмæ. Уыцы æнтыст æй ноджы тынгдæр баразæнгард кодта ацы фадыджы ног къахдзæф акæнынмæ æмæ 2005 азы бацыд Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ сæрмагонд ахуырад райсынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, каст æй фæцис æнтыстджынæй æмæ уæдæй фæстæмæ бæстонæй æрлæууыд аивады фæндагыл.

Вадим ныртæккæ кусы хуызфыссынады фæдыз-дæхты. Ацы фæдыздæхты сæйрагдæр домæнтæй сæ иу у ирд, хуызджын ахорæнтæй кусын, Вадим та йæ чысылæй фæстæмæ кусы æрмæстдæр ахæм райдзаст фæл-гъуызтæй. Йæ нывты сюжеттæ сты алыгъуызон темæтыл, фæлæ се ‘ппæт дæр сты мидисджын æмæ аив. Вадимы сфæлдыстады ахсджиаг бынат ахсынц, ирон адæмы рагфыдæты цард æвдыст кæм цæуы, ахæм куыстытæ. Уыдоны автор ирдæй æвдисы ирон адæмы истори, культурæ, æгъдæуттæ æмæ царды уавæртæ. Ныв «Хæдзармæ»-йы автор равдыста, бирæсывæллонджын фыд хæххон гæлхæрд фæндæгтыл галтæ æмæ уæрдоныл фæззыгон тыллæг куыд фæласы. Галты алварс æрæмбырд сты сабитæ, цин кæнынц, фæлæ сæ фыды цæсгомыл та бæрæгæй зыны йæ фæллад æмæ   цардæфхæрд.

Йæ иннæ ныв «Цуаноны фынæй»-ы мидис дæр у ахæм. Цуанон афтид армæй, фæлæ фæлладæй æрбадтис бæласы бын, йæ хъæбысы æрнуæрста къæбылайы. Къæбыла æдасдзинад банкъаргæйæ, цуанон та – фырфæлладæй – аныгъуылдысты тарф фынæйы.

 Бирæ дзурæн ис Вадимы сфæлдыстадыл, йæ гуырахст у дардыл æмæ алыгъуызон тематикæтыл, фæлæ ма куыстуарзаг лæппу уымæй дарддæр кæны æндæр куыстытæ дæр.

 Ацы аз, январы мæйы Вадим æвзæрст æрцыд Цхинвалы Нывгæнджыты цæдисы сæрдарæй. Йæ куыстмæ бавнæлдта бæрнонæй, фæнд кодта, йæ разы цы бирæ хæстæ уыд æвæрд, уыдон æввахс рæстæджы  аскъуыддзаг кæнын, фæлæ куыд æппæт дунейы, афтæ махмæ дæр царды размæцыдыл бандæвта вирусон низ. Вадим куыд зæгъы  афтæмæй  Цæдисæн ацы аз саразын  цы бантыст, уый у тынг цъус, фæлæ сæ ныфс ис, æввахс рæстæджы цард йæ гаччы кæй сбаддзæн.

 Рацыд цыппор азæй фылдæр, æмæ Вадим йæхи удæй банкъардта, федта æмæ бамбæрста, йæ нана раст кæй уыд. Нывгæнджыты цæдисы чи кусы, уыдонæй мызд ничи исы, фæлæ сæ уый тыххæй йæ куыстыл йæ зæрдæ ничи сивта. «Адæймаг фыццаджыдæр хъуамæ уарза йæ куыст, тырна æнтыстмæ, уый афтæ куы уа, уæд материалон фарст ахауы фæстагдæр бынатмæ. Мах кусæм нæ зæрдæйы домæнмæ гæсгæ æмæ нын нæ куыстæн аргъгæнæг куы уа, куы йæ домой адæм, уæд уый уы-дзæнис махæн не ‘ппæтæн дæр нæ хуыздæр куыстмызд».

Мæскуыйаг микрорайоны 1-æм астæуккаг скъола куы байгом, уæд Вадим кусынмæ бацыд уырдæм райдиан æфсæддон цæттæдзинады  ахуыргæнæгæй. Æмгæрттæн уарзон, хæларзæрдæ, ахæмыл нымад  у Вадим йæ коллегæты ‘хсæн, уарзынц æй сабитæ дæр æмæ сæ уарзы йæхæдæг дæр.

«Рæзгæ фæлтæр сты нæ чысыл нацийы фидæн, æмæ мæ фæнды уыдонæн зæгъын бирæ хорз фæндиæгтæ. Сæйраджыдæр та сæ æз домын, цæмæй уыдон ма рох кæной нæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ уой ныфсы гарант, нæ ивгъуыдæй нæ фидæн хуыздæр кæй уыдзæн, уымæн», – загъта Вадим.

                                           ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.