Аивад… Куыд адджын сты йæ ахорæнты рухсы тынтæ. Уыдон сфæлдыстадон адæймагыл ныссадзынц базыртæ, свæййынц ын фæндагамонæг стъалыйы хуызæн. Аивады бардуаг зæххон дуне арвæрдыны ахорæнтæй куы снывæста, уæд уырнинагæй бацамыдта нывгæнджыты сæйрагдæр хæс – æнæнцой уды ахорæнтæ. Арвæрдынæй зæхмæ кæркæ-мæркæ хид куы æруагъта, уæд та нываивады дæснытæн радта бæллынады базыртæ æмæ удварны хъомыс.
Зæххон удгоймагæн æрдзæй курдиат лæвæрд куы æрцæуы, уæд йæ миддуне байдзаг вæййы таурæгъон сагъæстæй. Æмæ уырдыгæй фæстæмæ райдайы йæ царды ног фæлтæр: æрдз ын цы радта, уый адæмæн рæдауæй дæттыны рæстæг. Курдиат кæмæ ис, уымæй, дзыллæйæ хæс кæй дары, уый куы ферох уа, уæд дзы æцæг нывгæнæг никуы рауайдзæн. Афтæ уыд, афтæ у æмæ афтæ уыдзæн фидæны дæр. Знон, абон æмæ фидæны дæр кæрæдзиуыл бæтты дзыллæйы фарн, дзыллæйы бæллиц, дзыллæйы хæс. Уыцы æмбарынад кæмæ нæй, уый дзыллæйы хъæбул никуы суыдзæнис. Дзыллæйы, адæмы, нываивады тыххæй йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдонæн сæ бæркадджындæр лæгтæй иу уыд Хетæгкаты Хъазыбег.
Нываивад уыд йæ царды мидис, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм нывгæнджытæ бирæ не сты. Фæлæ суанг уыдоны æхсæн дæр бæрæг дарынц Хетæгкаты Хъазыбеджы нывтæ. Æмæ, æцæгæйдæр, æгæрон сты йе сфæлдыстадон бынтæ Ирыстон æмæ Уæрæсейы нываивады тыгъдады. Курдиатджын нывгæнæг дзы ссардта йæхи фæндаг æмæ йыл кад æмæ радимæ фæцыд фæстаг уысмы онг. Уый уыд, йæ цард æгасæй дæр ирон аивадимæ чи сбаста, ахæм адæймаг. Раст зæгъы уый тыххæй Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг Дзбойты Михал: «Хъазыбеджы сфæлдыстадон бынтæ сты бæрзонд аивады æвдисæнтæ». Ахæм хъуыдыйыл хæст уыдис УФ-йы адæмон нывгæнæг Санахъоты Сергей дæр: «…Хетагуров идет по стопам наших корифеев». Æмæ уый хуымæтæджы афтæ нæ уыд. Хъазыбег уыд адæмон нывгæнæг, кæд ын уыцы кадджын ном нæ уыд, уæддæр.
Æрдз ын цы стыр курдиат радта, уый стыр бузныгадимæ хардз кодта адæмы сурæтты нывæндынмæ. Уый дзурæг уыд йæ раст цар-дыуаг, йæ уды хъарм, йæ парахат зæрдæйыл. Йе ‘мбæлттæн иу арæх дзырдта: «Нывгæнæг хъуамæ йæ адæмæй уа, æмæ йæ адæм æмбарой. Адæм дæ куы нæ ‘мбарой, уæд цæй нывгæнæг дæ!». Æмæ ирон нываивады бæрзонд æвæрд уый тыххæй уыд. Дзбойты Мишæ йæ ирон нывгæнджыты æхсæн Къоста, Тугъанты Махарбег, Дзанайты Азæнбег æмæ Тауаситы Сослæнбегы фæстæ сæвæрдта фæндзæм бынаты. Ходы Камал та – цыппæрæмы – Къоста, Махарбег æмæ Азанбеджы фæстæ.
Уый уымæн афтæ рауад æмæ Хъазыбегмæ стыр курдиаты уæлдай уыдис стыр бæрндзинады æнкъарæн. Аивадон советы уæнгтæ иу æм равдыстмæ ныв æвзарынмæ куы бацыдысты, уæд-иу сæ дисы бафтыдта йæ уæздандзинадæй, ног чындзы хуызæн иу стыхсти: «Нырма мын конд нæма у…». Æмæ-иу йемæ куы нæ сразы сты, уæд-иу æй ноджы фæкарздæр кодта: «Нырма мын цæттæ нæма у!» Æмæ-иу куыд загъта, кæнгæ дæр-иу афтæ бакодта. Аивадон советы уæнгтæн та-иу сæ дзых хæлиуæй баззад: «Мæнæ цы диссаджы ныв скодта, зæгъгæ!» Æмæ-иу Хъазыбег уыцы миниуæгæй дæр йæхи бауарзын кодта. Æфсæрмыгæнаг уыдис, уæздан, куысты мидæг та, йе ‘мбæлттæ куыд дзурынц, афтæмæй судзгæ кодта. «Хетæгкаты Хъазыбеджы нывтæ, – йæ рæстæджы фыста аивадиртасæг Александр Токарев, – нæ дисы æфтауынц, зæрдæйы тæгтæй фыст кæй сты, уымæй: автор ахорæнты хуызтæ биноныгæй кæй æвзары, уый ‘руаджы йæ уацмыстæ дзаг сты канд рæстдзинадæй нæ, фæлæ æцæг поэтикон фидауцæй».
Номдзыд аивадиртасæг комкоммæ загъта, ирон нывгæнæджы сфæлдыстад æй дисы цæмæй бафтыдта, уый. Фæлæ уæддæр цæй фæрцы бафтыд Хъазыбеджы къухы ахæм æнæхъуаджы стыр æнтыст? Фыццаджыдæр, уымæй æмæ йын æрдзон хуызы бантыст адæймаджы миддунейы æрфытæм цымыдисаг цæстытæй ныккæсын. Дыккаджыдæр, ивгъуыд æмæ абонæн йæхирдыгонау аргъ скæнын. Æртыккаджыдæр, цы аивадон дуне нывæнды, уый у егъау æмæ фидар. Цыппæрæмыдæр, нывгæнæджы сфæлдыстад æнæфæцудгæ баст у зæхх æмæ арвимæ, æрдз æмæ адæмимæ. Фæндзæмыдæр, Хъазыбеджы нывтæ адæймаджы дисы æфтауынц сæ мидисы иудзинадæй, нывгæнæг йæ сæйраг нысаныл иузæрдион кæй у, уымæй. Æхсæзæмыдæр, Хетæджы-фырты куыстыты хуыздæр миниуджытæ сты мидисамадæй хæрзарæзт, йæ нывты алы хайыл дæр ирдæй зыны йе ‘рмдзæфы хæдбындур æмæ ахадгæ фæд. Ахæм бæлвырд хатдзæгтæ скæнын мын баххуыс кодта Хъазыбегæн йæ хиаивадон дæсныйад. Цы зæгъынмæ хъавын уымæй? Нывгæнæг цы ахорæнтæй пайда кæны, уыдон ын февдисынц йæ уды конд, йæ зондахаст, йæ миддуне. Нываивады дæсныйæн йæ ахорæнтæ уыдысты æлвæст хъуыдыты мидæг, алдымбыды хуызæн иумæ баиу сты зæххы хуыз, морæ, бур, цъæх æмæ афтæ дарддæр. Дзиуаты Батрадз, нывгæнæджы ахорæнтыл дзургæйæ, ацыд ноджы дарддæр, æмæ загъта, Хъазыбеджы уд цавæр ахорæнтæй равдисид, уый тыххæй: «Морæ, сыгъзæрин хуыз, æрвгъуыз æмæ, зæххы хъармæн цы ахорæнтæй равдисæн ис, ахæмтæй».
Джыккайты Мурат дæр ын йæ цард «сæуæхсидимæ» хуымæтæджы не сбарста, уымæ кæсгæйæ, адæм фæбæллынц ног боны скастмæ. Уый куыд ивы, уымæн æнæ æхсызгон æнкъарæнтæй дзурæн нæй: «Фыццаг тар сырхæй райдайы, стæй уæд, бургомау, сырхмæ рахизы, фæлурсæй-фæлурсдæр фæкæны, стæй фæстагмæ боны рухсимæ йæ тынтæ куы анывæнды, уæд нал фæзыны, фæлæ зæрдæйы баззайы тынг рæсугъд æнкъарæнтимæ». Хетæгкаты Хъазыбеджы цард æмæ сфæлдыстад дæр, мæнмæ гæсгæ, цыдысты ахæм фæндагыл: кæттаджы нывæстыл иу батадысты канд ахорæнтæ нæ, фæлæ йæ уды хъарм дæр. Æмæ зæрдæйы дæр уымæн агайынц йæ нывтæ ныр дæсгай азты дæргъы. Раст æмæ рæстдзæвин у Джыккайы-фырты абарст. Хъазыбеджы хъысмæты чиныджы дæр сæуæхсид, уазнысанау баззад. Йæ цард æмæ нываивады ирдæй ныррухс кодта арвгæрон, тыхджынæй-тыхджындæр кодта, стæй йæ рæсугъддæр бынатмæ куы бахæццæ, уæд царды фарнæн батад. Сæуæхсид боны рухсмæ куыд рахизы, раст афтæ.
Нываивад æгасæй дæр уыд Хъазыбеджы царды мидис. Йæ нывты мидæг æргомæй зыны ирд ахорæнты зарæг, сфæлдыстадон æнкъарæнты цæхæр, миддунейы уавæры æлвæстад æмæ æцæгдзинад равдисынмæ арф тырнынад. Нывгæнæг йæ фыццаг нывтæй («Хъæу», «Хæхтæ») фæстæмæ уырнинагæй равдыста, йе сфæлдыстады сæйраг нысан – йæ адæмы монон удыхъæд равдисынмæ тырнынад. Æнæмæнг, гъе уымæн ирон национ темæ йæ нывты æвдыст æрцыд арф хъуыды æмæ ирд ахорæнтæй. Рагæй æрæгмæ дæр ирон адæмæн иугъæдон чи сты, уыцы уагæвæрд, фæткæвæрдад, удысконд, зондахаст, æфсарм æмæ æгъдау Хетæджы-фырты нываивады райстой ног æууæлтæ æмæ миниуджытæ. Æмæ уымæн æвдисæн уыдысты, цы равдыстыты архайдта, уыдон: «Æрыгон нывгæнджыты равдыст» (Дзæуджыхъæу, 1972), «Зылдон аивадон равдыст «Советон Хуссар» (Дзæуджыхъæу, 1971), «V Республикон аивадон равдыст «Советон Уæрæсе» (Мæскуы, 1975), «Æппæтцæдисон аивадон равдыст 60 хъайтарон азы» (Мæскуы, 1978), «Уæрæсейы аивадон училищæты ахуыргæнджыты уацмысты равдыст» (Мæскуы, 1979), «Æппæтцæдисон аивадон равдыст «Зæхх æмæ адæм» (Мæскуы, 1984).
Азæй-азмæ тыхджындæр кодта йæ аивадон æрмдзæф æмæ сфæлдыстадон рæзт. Кæд 1969 азæй – 1983 азмæ Хъазыбег архайдта иу кæнæ дыууæ равдысты, уæд 1984 азы 8 равдысты (Мæскуы, Ленинград, Дзæуджыхъæу, Кутаис, Мæскуы, Налцыкк, Тбилис, Мæскуы), 1985 азы – 3 равдысты (Мæскуы, Мæскуы, Дзæуджыхъæу). Уымæй уæлдай йын лæвæрд æрцыдис Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæджы ном (1981), æвзæрст æрцыд Уæрæсейы нывгæнджыты V съезды делегатæй (1981), ССР Цæдисы VI съезды делегатæй (1982), Ирон нывгæнджытæй йын æппæты фыццаг лæвæрд æрцыд ССР Цæдисы нывгæнджыты Академийы Стыр Æвзист майдан «Нываивады хуыздæр уацмысты тыххæй».
Йæ царды фæстаг азты Хетæгкаты Хъазыбеджы курдиат йæхи æргом кодта бонгай нæ, фæлæ сахатгай. Хæдбындур нывгæнæг æвæллайгæ ахуыр кодта нываивады классикты æнæмæлгæ сфæлдыстад æмæ фæлтæрддзинад. Уыдоны мидæг ын йæ цæстæнгас сæхимæ æлвæстой фæлгонцты æххæстад, мидисамады цытджынад, æмæ сæ ранывæсты бæрндзинад. Æмæ уыцы куысты кæй фæзмыдтаид, уый йын уыдис – Къоста. Уыимæ-иу йæ куысты афтæ аныгъуылд æмæ-иу ын уæлдай нал уыд, цы жанрты архайдта, уый: эскиз, этюд, хуымæтæджы гæххæтты гæбазыл конд ныв; афтæ зæгъæн уыдис, цы аивадон фæрæзтæй ныв кодта, уыдонæй дæр: акварел, гуаш, пастел, туш, кърандас, æппынвæстаг, хуымæтæджы ручкæ.


Æппæт уыцы хабæрттæ дзурæг сты, æгасæй дæр сфæлдыстадон тыгъды кæй цардис, аивад йæ царды мидис кæй уыдис, ууыл. Фæлæ цы загъдæуа, хъысмæтæн! Ахæм сфæлдыстадон рæзты уавæры æрдæгыл аскъуыдысты йæ цард æмæ йæ нываивады хахх. Уæвгæ-иу раст загътой нæ фыдæлтæ: адæймаг, дам, амæлы, удæн та мæлæт нæй. Нæй мæлæт аивадæн дæр. Хъазыбегæн дæр йæ фарн мæрдтæм нæ ацыд, «йæ фæстæ цы кæстæртæ ныууагъта, уыдон дæр сты Ирыстонæн лæггадгæнджытæ. Йæ фырт Аслан равзæрста нывкæнынады фæндаг. У РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг, каст фæцис Ленинграды Нывкæнынады Академи. Разамынд дæтты Дзанайты Азанбеджы номыл Нывкæнынады училищæйæн. Уым бирæ рæстæг нывкæнынады ахуыргæнæгæй фæкуыста Хъазыбег йæхæдæг дæр. Йæ чызг Дзерассæ ссис филологон наукæты кандидат. Фæлæ йын æрдзæй лæвæрд у нывкæнын дæр. Фарон ЦИПУ-йы уырыссаг филологийы бæстыхайы байгом йæ нывты равдыст.
Нывгæнæджы цард æмæ сфæлдыстад æмиуадон æмбарынæдтæ сты. Æнæмæнг, уымæ гæсгæ Хъазыбеджы уæвынад дæр æнцой кодта æрвылбоны уæхскуæз куыстыл. Бæлвырд у, уым агурын хъæуы йе сфæлдыстадон æнтыстдзинæдты райдиан. Курдиаты бæркад æмæ уды фæрныгад фæлдзусадон ахастдзинæдты кæй уыдысты, уый дзы рауайын кодта стыр нывгæнæг æмæ æцæг адæймаг. Кæд Къостайы схуыдтой ирон адæмы Леонардо да Винчи, уæд Хъазыбегыл та сбадти ирон Рембрандты ном. Æмæ уыдон æрмæст ныхæстæ не сты, фæлæ стыр удвæллойы фæстиуджытæ. Хъазыбеджы ном цæрæццаг у ирон аивады. Ходы Камалы загъдау, Цæгат Кавказы хуыздæр нывгæнджытæй иу уæвгæйæ, уый æфсæрмы кодта суанг йæ ахуыргæнинæгтæй дæр. Къæмдзæстыгæй хаста сæ размæ йæ ног куыстытæ. Хъазыбеджы сфæлдыстадон бынтæ сты бæрзонд аивады æвдисæнтæ æмæ цæргæйæ баззайдзысты йæ адæмы зæрдæйы æмæ ирон аивады хæзнадоны.

ХОЗИТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.