Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы хъуыдымæ гæсгæ 2018 аз Хуссар Ирыстонæн уыдзæн æнтыстджын аз,  куыд политикон, экономикон, афтæ культурон къабазы дæр. Республикæйы къухдариуæгад æмæ хицауадæн цы плæнттæ ис, уыдон къухты бафтдзысты. Уый тыххæй бæстæйы сæргълæууæг фехъусын кодта цыппæрæмы информацион фæрæзтимæ хыгъдон пресс-конференцийы рæстæджы.

Бибылты Анатоли бузныг загъта нæ республикæйы адæмæн, æртæ бонæй фылдæр – æнæ электроэнерги, нуазыны дон æмæ Транскамы фæндаг æхгæд кæй уыд, уый аххосæй блокадæйы уæвгæйæ  сæ  быхсындзинады тыххæй. Уыцы рæстæджы ма бузныг загъта, сæвзæргæ уæлвæткон уавæртæ аиуварс кæныныл чи куыста, уыцы структурæтæн –  «Энергоресурс»-ы кусджытæн, Уæлвæткон уавæрты, Мидхъуыддæгты, Хъахъхъæнынады министрадтæн, лыжæтыл бырынæй спорты федерацийы минæвæрттæн. Æрдзон уавæрты аххосæй, зæгъгæ, цы цъыссымы бахаудтам, уый иумиаг тыхтæ æмæ хъаруты руаджы бæстон æрцыд.

Хуссар Ирыстон ахæм энергетикон блокадæ цæмæй мауал бавзара, уый тыххæй саразын хъæуы фæсауæрцон электрохахх. Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ ног 2018 азы куыст цæудзæн Уæрæсейы Федерацийæ фæсауæрцон электрохахх рауадзыныл. Ацы фарсты фæдыл ис æмбаргæ ахаст Уæрæсейы къухдариуæгады ‘рдыгæй. Уæрæсейы хицауады ‘рдыгæй уал уæдмæ  рахицæнгонд æрцæудзæн хъомысджын генератор. Уымæй æнгæс уæлвæткон уавæрты уыдзæн спайдагæнæн æмæ фаг кæндзæн æгас республикæйæн дæр.

Республикæмæ инвестортæ æрхоныны фарсты фæдыл Президент банысан кодта, цæттæ кæй сты уыдонæн хæрзвадат уавæртæ саразынмæ. Дарддæр бæстæйы сæргълæууæг радзырдта, бынæттæ æххæст чи цæуы, уыцы инвестицион проектты тыххæй. Уыдон руаджы фылдæр кæндзæн рауадзгæ продукцийы бæрц. Уыцы инвестицион проектты æхсæн ис базальтон фæскъауы рауагъд, минералон дæттæ уæй кæнын, фæт-къуы æмæ æндæр хъæууонхæдзарадон продукцийыл бакусын.

«Хуссар Ирыстоны куыст цæуы ууыл, цæмæй республикæйæн æддæмæ продукци ласыны нысанæн æмбæлон сертификаттæ лæвæрд цæуа рауадзджытæн. Уый тыххæй арæзт æрцыд æмбæлон организаци «Югосельхознадзор», кæцы æнгом æмгуыст кæны Уæрæсейы “Россельхознадзор”-имæ æмæ архайы проблемæ æрбæстон кæныныл.

Махæн ис бадзырд Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтимæ, уыдон цæттæ сты нæ рауадзгæ продукци райсынмæ. Афтæ мах дæр стæм цæттæ уыцы дыууæ æфсымæрон республикæйы рауадзгæ продукци райсынмæ.

Ныртæккæ нæ фыдызгъæлгуысты завод «Растдон» аккредитацигонд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы. Ныридæгæн уымæн йæ бон у йæ продукци уæрæсейаг базармæ сæрибарæй ласын», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Фæлæ, Президенты хъуыдымæ гæсгæ, хуссарирыстойнаг продукцийы бæрзонд гъæдæн хъуамæ уа гаранти.

Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауады кадрон ивындзинæдтæ уагъд не ‘рцæудзæн. Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ йæм ахæм хъуыды уæвгæдæр нæй. Уымæйдæр, йæ ныхæстæм гæсгæ райгонд у Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы куыстæй – уый у бæрнон къухдариуæггæнæг æмæ, æхсæнады стыр кад кæмæн ис, ахæм организатор. Уымæ гæсгæ министрты кабинеты нæ уыдзæн ивындзинæдтæ.

Хуссар Ирыстоны Хицауады куысты ныры æнтыстыл Президент банымадта, республикæйы хисæрмагонд æфтиæгтæ бæрæг кæй фæфылдæр сты, уый – 1 миллиард сомы онг. Уымæй дарддæр Хицауады нысанмæздæхт куысты руаджы Инвестицион программæ, иннæ азтæм абаргæйæ, æххæст æрцыд 90 процентæй.

«Хуссар Ирыстоны алы адæймаг дæр фæцæрыны минимумæй къаддæр куыстмызд ма хъуамæ иса, уыцы хæс ис бæстæйы къухдариуæгад æмæ хицауады раз. Уыцы хæс ис нæ разы æмæ йæ хъуамæ сæххæст кæнæм. Уымæй дарддæр ма нæ æвæджиаг хæс у, адæмы царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын».

Хуссар Ирыстоны закъондæттæг органы профессионалон бындур-мæ рахизыны фарстыл дзырд цæуы цалдæр азы. Ацы æнæмæнгхъæуæг принцип Бибылты Анатоли раразмæ кодта, Парламенты Сæрдар ма куы уыд, уæд. Фæлæ профессионалон Парламентæн бындур цы Конституцион закъон хъуамæ уыдаид, ууыл йæ къух нæ бафыста Хуссар Ирыстоны уæды Президент. Ныр Бибылты Анатолийы уынаффæмæ гæсгæ 2018 азы 1 январæй Хуссар Ирыстоны Парламент хизы профессионалон бындурмæ.  РХИ-йы Конституцимæ бахастæуыдзæн æмбæлон ивындзинæдтæ, уый фæстиуæгæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æдзухон профессионалон бындурыл цы депутат кусдзæн, уымæн нæ уыдзæн æндæр бынаты дæр кусæн –  æрмæстдæр ахуыргæнæджы, зо-надон æмæ сфæлдыстадон архайдæй дарддæр.

Уымæй дарддæр ма, Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, уагъд æрцыд тæрхондонон рефор-мæ. Ног азæй нысан æрцæудзысты тæрхонгæнджытæ æмæ æрæвналдзысты сæ профессионалон хæс-тæ æххæст кæнынмæ. Уæлдæр æмæ Арбитражон тæрхондоны тæрхонгæнджытæ рацыдысты аттестацион къамис, сæ кандидатурæтæ æрвыст æрцыдысты Парламентмæ сфидар кæнынмæ. Бæстæйы сæргълæууæг ныфс бавæрдта, нæ тæрхондонон системæ кусынмæ кæй æрæвналдзæн æххæстбæрцæй æмæ адæм цы рæстаг æмæ хæдбар тæрхонгæнджытæм æнхъæлмæ кæсынц, уыдон ист кæй æрцæудзысты.

Пресс-конференцийы рæстæджы Хуссар Ирыстоны Президент сæйраг хъусдард аздæхта, Уæрæсейы Федерацийы скондмæ нæ бæстæйы бацыды фарстмæ æмæ равдыста йæ æнæаивгæ ахаст ацы хъуыддагмæ. Æз, зæгъгæ, фидарæй хæцын, Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны фæндыл. Фæлæ Президент аргъ кæны, республикæйы хæдбар статус бахъахъхъæныны хъуыдыйыл хæст чи у, уыдонæн дæр.

Куыд зонæм, афтæмæй æрæ-джы Президент Бибылты Анатоли кусæгон балцы уыд, Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин сæ фæстаг фембæлды цы бахæс кодта, уыдон æххæст кæныны нысанæн. Уый стыр бузныгæй баззад Уæрæсейы къухдариуæгадæй, афтæ арф æмæ нысанмæздæхтæй кæй æххæст кæнынц химæрайсгæ хæстæ.

Мæскуымæ балцы фæстиуæгджын уыд Уæлвæткон уавæрты министр Владимир Пучковимæ фембæлд. Бадзырдты фæстиуæгæн Хуссар Ирыстон 2018 азы райсдзæн дыууæ вертолеты. Уæлвæткон уавæрты хъæуæг хæлцадон æмæ æртаг-сæрдæн æрмæджытæ, стратегион фыццаградон æнæмæнгхъæуæг товартæй ифтонгады фарстыл куыст æрцыд æмбæлон структурæйы.

Президент конструктивон æмæ æнтыстджыныл банымадта УФ-йы Президенты Администрацийы къух-дариуæггæнæг Антон Вайнаимæ бадзырдтæ дæр.

Уымæй дарддæр УФ-йы Генералон прокурор Юри Чайка æмæ Фæдагурæн комитеты къухдари-уæггæнæг Александр Бастрыкинимæ фембæлдты фарстатæ та баст уыдысты, Хуссар Ирыстоны цы уголовон хъуыддæгтæ конд æрцыд, уыдонимæ. Уыдон бæрæг аххосæгтæм гæсгæ скъуыддзаг нæ цæуынц, аххосджынтæ сты Уæрæсейы территорийыл.

«22 уголовон хъуыддаджы ноггонд æрцыдысты. Хуссар Ирыстоны адæмы исбон чи давта, бюджетон фæрæзтæ чи паплой кодта, уый сæ фæстæмæ хъуамæ æрбахæсса. Кæд барвæндонæй нæ, уæд та –  закъонмæ гæсгæ».

Уый хауы Хуссар Ирыстоны раздæры бæрнон кусджытæм дæр, кæцытæ азымджын сты финансон фæрæзтæ хибакæныны хъуыддаджы. Паддзахадон казнамæ суммæйы иу хай æрбаздæхтой,  бюджетмæ хъуамæ æрбахæссой иннæ хай дæр. Уый хауы раздæры Хъæууон хæдзарады министр Плиты Витали æмæ «Югосетнефтепродукт»-ы генералон директор Тыджыты Владимирмæ.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн Уæрæсейы æмбæстагдзинад фæхуымæтæггонд уавæрты райсыны уавæрыл дзырд цæуы æмбæлон структурæты æмæ йæ фæстиуæгмæ æнхъæлмæ кæсæн ис 2018 азы. Дарддæр ныхас цыд Республикæйы районты æрдзон газæй ифтонг кæныныл. Нырма уал куыст цæудзæн проекттæ аразыныл æмæ Президенты ныхæстæм гæсгæ, 2019 азы æрдзон газæй районты ифтонгады фарст бæстон æрцæудзæн.

Бибылты Анатоли ма йæ хъуыды загъта, æввахс рæстæджы Ленингоры районы Раздæхæны цæрæн пункты таможнæйон пост æвæрд кæй æрцæудзæн, уый фæдыл. Хъæуы, зæгъгæ, æппæтдæр  закъонон уагмæ ракæнын. Кæд æмæ арæнтыл контрабандæ цæуы, уæд æй закъонон скæнæм æмæ уадз бюджетмæ фæрæзтæ цæуа.

«Гуырдзыстонимæ мах сыхæгтæ стæм. Хуссар Ирыстонæн Гуырдзыстонимæ Паддзахадон арæнтæ ис. Уыцы арæнтыл хъуамæ уа паддзахады æппæт атрибуттæ  дунеон нормæтæ æмæ бартæм гæсгæ. Уым архайдзысты æппæт æнæмæнгхъæуæг структурон дæлхæйттæ».

Гуырдзыстон Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй кæй нал спайда кæндзæн, ахæм меморандумыл сæ къух кæй нæ фыссынц, ууыл æндавынц æддагон тыхтæ. Гуырдзыстон, гæнæн ис, æмæ уыцы меморандумы ныхмæ нæу, Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, фæлæ сын уыцы фадат нæ дæттынц Иугонд Штаттæ. Уыцы хъуыды, зæгъгæ, бафидар кодта УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Григори Карасин, ома, гуырдзиаг къухдариуæгад не скъуыддзаг кæны Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ, фæлæ Вашингтон.

Ныхас дарддæргæнгæйæ Хуссар Ирыстоны паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, Уæрæсейы Федераци фидарæй ныфс кæй дæтты республикæйы æдасдзинадæн Гуырдзыстоны ‘рдыгæй гæнæнуæвæн цахæмфæнды фæныхылд ма уа, уæддæр.

Бынæттон хæдразамынады органты фæдыл æвзæрстытæ уа-дзыныл Президент разы у, уымæн æмæ уый у демократон æмæ администрацийы сæргълæууæ-гæн аразы районы проблемæтимæ баст йæ æвæджиаг хæстæм бæрнондæрæй æрæвналыны уавæртæ. Афтæмæй хуыздæр бастдзинад уыдзæн администрацийы сæргълæууæг æмæ адæмæн.

Республикæйы тыххæй æцæг зонæнтæ фæсарæнтæм хæццæ кæнын æмæ æвдисыныл архайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр. Уымæн æмæ нын бирæ азты дæргъы нæ бæстæйы чъизи кæныныл архайынц нæ сыхæгтæ. Ууыл куыст цæуы культурæ, хуызфыссынад, спорт æмæ æндæр фæрæзты руаджы. Уыцы хъуыддаджы нын, Бибылты Анато-лийы ныхæстæм гæсгæ, æнтыстытæ ис, кæмфæнды ма цæрæм, уæддæр.

2017 азæн фæстиуджыты фæдыл пресс-конференцийы иф-нормацион фæрæзтæ цымыдис кодтой Инвестицион программæйы фæлгæтты æрлæугæ азы егъау объектты арæзтадмæ. Уыдонæй сæ иу у Уанаты хъæуæй уæлæмхас донуадзæн хаххы арæзтад. Ног донуадзæны хаххы арæзтад райдайдзæн æрлæугæ азы, уый фæрцы горæт æдзухæй ифтонг цæудзæн нуазыны донæй. Фæлæ уый æмрæнхъ бæстæйы сæргълæууæг æрсидт, дон хæдзардзинæй хардз кæнынмæ, дзæлгъæды сæ доны крæнттæ гомæй чи дары, фæцауæрст чи нæ зоны, уыдонмæ.

Уымæй дарддæр ма сæрмагонд хъусдард аздæхта электроэнерги æмæ æрдзон газы фæдыл фиддонты проблемæмæ. Æрмæст электроэнергийы хæстæ ныртæккæ сты 320 милуан сомы. Ацы фæрæзтæй, зæгъгæ, арæзт æрцыдаиккой искæцы социалон здæхты проекттæ. Æрсидт иумиаг тыхтæй паддзахады проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ, ма сыл уæм уæлхох. Уæд нæ паддзахады рæзт цырд темптæй ацæудзæн æмæ нын æппæт дæр фаг кæндзæн.

Социалон здæхты фадæттæ фæхуыздæр кæныны тыххæй Бибылты Анатоли банысан кодта æвæрццаг ивындзинæдтæ. Уыцы хорзæрдæм хъуыддæгтæ цадæггай биноныг цæудзысты 2018 азы.

Къухдариуæгады рæстдзинад хъуамæ бæлвырд цæуа адæмы раз. Уый тыххæй стыр хъусдард здæхт æрцыд, горæты адми-нистрацийы хыгъды цæрæнуæттæ райсынмæ хыгъды чи ис, уыцы фарстмæ. Уыцы номхыгъдтæ мыхуыр æрцыдысты – алчи дæр æвдисæн у, уыдоны ‘хсæн кæй ис ахæмтæ, кæцытæн ис фатертæ, хисæрмагонд хæдзæрттæ, фæлæ, цæмæндæр лæууынц рады.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ уыдоны 60 проценты бæрц нæ тыхсынц цæрæнуæттыл – бирæтæ сæ къайад фехæлдтой, аннæтæ сæ арендæйы радтой æмæ афтæ дарддæр.

«Бирæ фатертæ сты афтид, фæлæ сын ис хицæуттæ. Принципиалон æгъдауæй ацы фарстмæ æрæвнæлдтам, æмæ йын хорз фæстиуæг уыдзæн. Ног арæзт фатертæ дих цæудзысты раст  æцæгæйдæр чи тыхсы, уыдонæн, цæмæй алчи дæр разы уа нæ архайд æмæ нæ хъуыддæгтæй».

Президент проблемоныл банымадта, хæстон архæйдтыты рæстæджы цы хæдзæрттæ ныппырх, уыдон кæронмæ арæзт кæй не ‘рцыдысты. Сæ сæндидзын кæнынæн фæрæзтæ дих кæй нал цæуы Инвестпрограммæйы фæлгæтты, уымæ гæсгæ хъуамæ амал кæной хисæрмагонд фæрæзтæ æмæ бæстон цæуа цадæггай ацы фарст дæр.

Горæты астæу, йæ районты дæр ис, æдзæллаг уавæрмæ чи æрцыд, ахæм хæдзæрттæ – уыдон дæр хъæуы ногæй аразын. Уыцы фарст дæр Президенты ныхæстæм гæсгæ бæстон цæудзæн.

Ног азы къæсæрыл кæй стæм, уымæ гæсгæ информацион фæрæзты минæвæрттæ цымыдис кодтой, Президент куыд нысан кæндзæн бæрæгбон уымæ. Бибылты Анатоли загъта, кæй йæ банысан кæндзæн йæ бинонты æхсæн, æнхъæлмæ кæсы уазджытæм дæр. Уый фæстæ зæронд хорз традицимæ гæсгæ йæ æмбæстæгтимæ бæрæгбонон изæр адарддæр кæндзæн Театралон фæзуаты Сæйраг наз бæласы цур.

«Ныфс мæ ис, æмæ Хуссар Ирыстоны адæм хорз зæрдæйыуагимæ кæй сæмбæлдзысты Ног, 2018 азыл. Мæ зæрдæ сын зæгъы фидар æнæниздзинад, хорз удыхъæд, æмæ цы нысанмæ тырнæм, уый нæ къухты куыд бафта», – банысан кодта кæронбæттæны Бибылты Анатоли.

Кæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.