17 майæ 18 маймæ Национ музейы ауагъдæуыдзæн акци «Æхсæв музейы». Музеймæ æрбацæуджытæ суткæйы æнахуыр рæстæджы фендзысты музейы экспонатты, уыимæ иумæ ма фендзысты æмæ ацаходдзысты музейы кусджыты къухтæй арæзт хæринæгты.

Программæйы сæйраг экспонат у бæллицтæ æххæстгæнæг Цыкурайы фæрдыг. Уый уыцы æхсæв рахæссынц æмæ йæ фенын кæнынц музеймæ æрбацæуджытæн. Музей фæлыст уыдзæн национ стилы.

«Æхсæндунеон акци «Æхсæв музейы»-йы нысаниуæг у музейон архайд пропагандæ кæнын. Уый хорз фæрæз у историмæ бавналынæн æмæ царды алы фадгуыты зонындзинæдтæ фæхъæздыгдæр кæнынæн. Ахæм æнахуыр хуызы музейы кусджытæ архайынц, цæмæй уæрæх æхсæнады хъусдард аздахой ирон культурæ æмæ традицитæм, æвзонг фæлтæры æмбарынадон архайдмæ бацырен кæнын. Уыимæ иумæ æхсæвыгон музеймæ бацæуын Аланийы æмбæстæгтæ æмæ уазджытæм сæвзæрын кæндзæн позитивон эмоцитæ æмæ цымыдисонæй арвитдзысты сæ рæстæг.

Фарон мах фыццаг хатт ауагътам акци æмæ йын уыд стыр æнтыст. Ныфс мæ ис ныры мадзал дæр уыдзæн цымыдисон.

Табуафси! Национ музей уæм æнхъæлмæ кæсы!» – банысан кодта музейы директор Зассеты Мераб.

Акци райдайдзæн æртыццæджы, хур аныгуылдæй фæстæ – 20.00 сахатыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.