Фыццаг хатт акци «Æхсæв музейы» арæзт æрцыд 1997 азы Берлины, фæстæдæр уыцы инициативæ сæхимæ райстой французæгтæ дæр. 2007 азы ма ацы дунеон акцимæ æрбаиу ис Мæскуы дæр. 18-æм май нымад цæуы музейты æхсæнадæмон боныл æмæ уымæ гæсгæ ацы акцийы фæлгæтты æппæтдунеон музейтæ уыцы бон фæкусынц æхсæвыгон дæр суанг райсоммæ. Æгас дунейæн акци ссис традицион. Ацы аз фыццаг хатт акци «Æхсæв музейы» уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны дæр. 17-æм майæ 18-æм маймæ РХИ-йы Национ музей акцийы фæлгæтты официалонæй йæ дуæрттæ бакодта изæры аст сахатыл. Музейы сæргълæууæг Зассеты Мераб нын куыд загъта, уымæ гæсгæ сæм иннæ бонтæм абаргæйæ цæуы уæлдай фылдæр адæм. Афтæ ма ацы акци æгас дунейы аразынц уый тыххæй, цæмæй адæм кæрæдзимæ æнгомдæр кæной æмæ сæ цымыдис кæна сæ культурæ æмæ аивад.

Акцийы организатортæ музей-мæ æрбацæуджыты зонгæ кодтой сæ экспонаттимæ: дурæй, бронзæйæ æмæ æфсæйнагæй арæзт артефакттæ, афтæ ма нæ рагфыдæлты историон дзаумæттимæ. Акцийы сæйраг нысан у, цæмæй нæ горæты цæрджытæ æмæ уазджытæн фенын кæной эксклюзивон предмет «Цыкурайы фæрдыг», кæцы Национ музейæн балæвар кодта Цæгат Ирыстон-Аланийы гуманитарон æмæ социалон иртасынады институты сæйраг зонадон кусæг, историон зонæдты доктор, археолог, Едыс æмæ Царциаты зæппадзты къахæггæгты къухдариуæггæнæг Дзаттиаты Руслан.

«Цыкурайы фæрдыджы» музеймæ æрбамбырдуæвджытæн фенын кодтой кадджын уавæры, ома, «Цыкурайы фæрдыг» музейы цы къуымы æвæрд уыд, уырдæм ирон æгъдаумæ гæсгæ чызг æмæ лæппу национ уæлæдарæсы бахастой æртæ уæливых æмæ бæгæныйы кæхц. Афтæ ма «Цыкурайы фæрдыджы» цур музейы кусæг сылгоймаг сарæзта дзыкка дæр.

«Ацы традици æрфидар рагон ирон æгъдаумæ гæсгæ, ома, раздæры адæм, афæдз иу хатт Ногбоны æхсæв «Цыкурайы фæрдыг»-æн сæрмагондæй кодтой æртæ уæливыхы (цæрвджынтæ). Бинонтæй йæм æвнæлдта æрмæстдæр хæдзары хистæр нæлгоймаг. Ацы фæрдыг-иу кæмæ уыд, уыцы бинонтæ-иу сæхи нымадтой амондджыныл. «Цыкурайы фæрдыг»-æн ис йæхи сæрмагонд миниуæг — æххæст кæны адæймаджы фæндæттæ.

Цыкурайы фæрдыджы легендæимæ нæ базонгæ кодта музейы кусæг, экскурсиуадзæг Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты социалон-культурон сервис æмæ туризмы факультеты рауагъдон Бекъойты Олеся.

«Авд æфсымæрæн уыд иунæг хо. Авд æфсымæры ацыдысты цуаны æмæ сæ хойæн бафæдзæхстой, цæмæй хæдзары пецы зынг ма ахуысса. Уалынмæ хæдзармæ чидæр æрбахоста. Æфсымæртæн сæ хо дуар куы бакодта, уæд дзы никæй федта. Хæдзармæ бахизгæйæ, чызг федта, пецы арт кæй ахуыссыд. Дыккаг хатт æм куы ’рбахостæуыд, уæд дуары къæсæрыл федта чысыл сывæллоны, гæппæлты тыхтæй. Чызг æй æвиппайды бамбæрста, хæдзары арт куынæ уа, уæд сывæллон уазалы кæй амæлдзæн. Чызг скуывта æмæ йæ разы февзæрд Хуры чызг Ацырухс. Ацырухсы къухты уыд алæмæттаджы фæрдыг æмæ куыддæр хæдзармæ бахызт, афтæ арт фæстæмæ ссыгъд».

Уый ма куыд загъта, уымæ гæсгæ «Цыкурайы фæрдыг» йæ хуыз фæивы, хæдзармæ æнамонд хабар куы кæса, уæд. Ацы фæрдыг куы фесæфа, уæд æй хъуамæ æнæмæнгæй ссара йæ хицау, науæд, дам, æвзæр вæййы хæдзарæн. Музеймæ æрбацæуджытæн ма гæнæн уыдзæн, ацы алæмæттаджы фæрдыджы раз сæ бæллиццыл ахъуыды кæнынæн. Ирыстоны «Цыкурайы фæрдыг» нымадæй кæд уа æрмæстдæр фондз хæдзары. Алæмæттаджы фæрдыг хæдзарæн хæссы амонд æмæ бæркад. Афтæ ма ацы фæрдыджы руаджы раздæры рæстæджы нæлгоймæгтæ (сылгоймæгтæн нæ уыд гæнæн) дæсны фарстой сæ фидæны тыххæй.

Акцийы сæйраг нысан уыд, цæмæй нæ горæты фæсивæды базонгæ кæной нæ рагфыдæлты историимæ, афтæ ма сæ фæцайдагъ кæной музеймæ цæуын дæр æмæ афтæмæй ирон традицитæ æмæ æгъдæуттимæ зонгæ кæной. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Зассеты Мерабы ныхæстæм гæсгæ акци «Æхсæв музейы» уагъд кæй цæудзæн æрвылаз дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ма Национ музейы Стыр Уæлахизы боны цытæн арæзт кæй æрцыд сæрмагонд къуым Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн, цыран къулыл конд æрцыдысты ветеранты нывтæ æмæ сæ бынмæ тæрхæгыл та æвæрд уыдысты сæ æртæкъуымон фыстæджытæ.

Чертхъоты Ж.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.