Нæ адæмы уарзондæр бæрæгбонтæй сæ иу у Уæлахизы бон. Стæй æрмæст нæ адæмæн нæу уарзон, фæлæ æгас дунейы дзыллæттæн дæр. Уымæн æмæ милуангай адæймæгты цардæй æрцыдис æлхæд сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад. Йæ лæгæты кæронмæ дæрæн æрцыдис знаг.

Стыр Уæлахизы хъуыддагмæ се стыр хайбавæрд бахастой нæ адæм дæр. Æмæ йæ стыр ка-димæ æрвылаз дæр уымæн нысан кæнынц. Уагъд фæцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ, фæмысынц тохы быдырæй чи нал æрыздæхтысты, чи æрыздæхтысты, фæлæ не ‘хсæн чи нал сты, уыдоны рухс нæмттæ. Фæкад кæнынц сæрæгас ма дзы чи сты, хæсты уыцы хайадисджытæ æмæ ветерантæн.

Иу ахæм мадзал-акци «Сирень победы», зæгъгæ, ауагъд æрцыд нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы. Акцийы инициатортæ уыдысты скъолайы экологион змæлды активисттæ, клуб «Æнæниз фæлтæр» æмæ ногдзауты организаци «Ногдзау». Йæ нысан уыд, цæмæй æнусон кæной хæсты хъайтарты рухс нæмттæ, кæцыты руаджы мах цæрæм сæрибар бæстæйы, нæ фыдæлты зæххыл.

Мадзалмæ æрбахуыдтой фæсчъылдымы ветерантæ Уалыты Лидæ Спиридоны чызг æмæ Гаглойты Замирæ Александры чызджы, РХИ-йы Парламенты депутаттæ Уырыгаты Инал æмæ Уалыты Розæйы, партийы горкомы фыццаг секретарь Габеты Ульянæйы æмæ æндæр уазджыты, скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджыты.

Мадзалæн ма уыд экологион нысаниуæг дæр. Цæмæн æй афтæ рахуыдтой, уый тыххæй скъолайы къласæн æддейæ хъомылады фарстыты фæдыл директоры хæдивæг Тедеты Ноннæ радзырдта, зæгъгæ, ахæм акци фыццаг уагъд æрцыд 2002 азы Мæскуыйы. Æмæ зæрдыл æрлæууын кодта 1945 азы майы дидинæфтауæг сирень кæй ссис иууыл популярондæр дидинæг æмæ йæ рахуыдтой Уæлахизы символ. Уый æмдзæвгæйы хуызы стыр арфæйы ныхæстæ загъта хæсты ветерантæн се ‘хсардзинады æмæ нын нæ хæдбардзинад кæй бахъахъхъæдтой, уый тыххæй.

Мадзаламонджытæ Бестауты Миленæ, Гаглойты Анастасия, Цхуырбаты Сабринæ, Абайты Фатимæ, Багаты Заринæ æмæ Кокойты Джабо кæрæдзи ивгæйæ дзырдтой, абон уыдон кæй æрæмбырд сты легендарон 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты, цæмæй æрбаиу уой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 76 азы цытæн уагъдцæуæг æппæтуæрæсеон акци «Сирень победы»-мæ.

Ацы мадзал уагъд цæуы, нæ сæрибардзинады тыххæй сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыдоны кадæн. Фæстæмæ здæхæг салдæттыл алы ран дæр æмбæлдысты сирены къалиутимæ. Æмæ ныр сирень, Уæлахизы боны ныссадзын ссис традицион бирæ адæмтæн. Уæдæй фæстæмæ нымад цæуы Уæлахизы символыл дæр. Цæуы рæстæг. Азтæ ивынц кæрæдзи. Фæлтæр фæлтæры ивы, фæлæ нæ рох кæнынц нæ сæрибардзинады тыххæй йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыцы салдæтты рухс нæмттæ. Æмæ сын мадзалмæ æрбацæуджытæ сæ рухс ном ссардтой иу уысм æмырæй алæууынæй.

Ахуырдзаутæ се ‘мдзæвгæты дзырдтой хæстон хъайтартыл. Сидтысты, цæмæй хæст мауал уа, уа сабырад æмæ фæллой кæной, садзой бæлæстæ, кусой уæрæх быдырты æдасæй. Уый тыххæй ахуыргæнинæгтæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой хæст ныннымæггæнæг хæстонтæн.

Уый фæстæ мадзаламонæг рапорт радта скъолайы директорæн æмæ бар ракуырдта, цæмæй райдайа акци «Сирень победы».

Скъолайы директор Туаты Мадинæ раарфæ кодта акцийы æппæт хайадисджытæн æмæ раппæлыд ахуырдзауты архайдæй. Уыдон се скъолайы кæрты рахицæн кодтой сæрмагонд фа-дыг, цæмæй дзы ныссадзой сирены къутæртæ. Дарддæр сын директор бар радта, цæмæй сæ райдайой садзын. Уæлахизы сирены фыццаг къутæр ныссадзыны бар лæвæрд æрцыд фæсчъылдымы ветерантæн æмæ Советон Цæдисы Хъайтар Кобылты Сергейы хъæбулы хъæбулæн. Скъолайы кæрты зæлыдысты хæстон зарджытæ, афтæмæй ма сирентæ ныссагътой мадзалмææрбацæуæг уазджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъолайы 2021 азы рауагъдонтæ.

Мадзалы дарддæр зæлыдысты хæстон зарджытæ ахуыргæнинæгтæ дзырдтой æмдзæвгæтæ.

Мадзаламонæг куыд банысан кодта, афтæмæй æрвылаз дæр уагъд цæудзæнис ахæм акци æмæ-иу райдайдзæн ацы скъолайæ. Йæ фæлгæтты æрвылаз дæр сирены къутæртæ сагъд цæудзысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты цыртыты раз. Ахæм къутæртæ ныссадздзысты Хæстон кады аллейæйы дæр. Афтæмæй ацы мадзал ацы скъолайæн суыдзæн ноджыдæр иу хорз традици.

Акцийы раныхас кодта РХИ-йы адæмон ахуыргæнæг Уалыты Розæ. Йæ раныхасы уый банысан кодта ацы акцийæн кæй ис ахсджиаг нысаниуæг. «Сирень победы» у Уæлахизы символ. Сымах дæр хъуамæ уарзат уæ райгуырæн Ирыстоны æмæ уæ зæрдыл дарат, йæ сæрибардзинады тыххæй йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыцы хъæбатыр лæппуты. Уыдоны фæрцы цæрæм мах абон нæ хæдбар республикæйы», – загъта уый.

Акцийы ма раныхас кодта æмæ ахуыргæнинæгтæн, ахуыргæнджытæн æмæ фæсчъылдымы ветерантæн арфæйы ныхæстæ коммунистон партийы номæй ракодта Габеты Ульянæ. Ветерантæн йæ цæст бауарзта æнæниз æмæ æнæмаст цард. Ахуыргæнинæгтæн та стыр æнтыстытæ. Уый фæстæ ветерантæн коммунистон партийы но-мæй бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Мадзалы ветерантæ раарфæ кодтой мадзал бацæттæгæнджытæн æмæ æрдзырдтой хæсты рæстæджы кæд хæстхъом нæма уыдысты, уæддæр сæ бон цы уыд, уымæй кæй æххуыс кодтой колхозонтæн алыгъуызон куыстыты. Ахуыргæнинæгтæм се ‘ргом аздахгæйæ фæдзæхстой, цæмæй хорз ахуыр кæной. Уый тыххæй уыдонæн арæзт ис æппæт фадæттæ дæр.

Мадзалы кæрон акци бацæттæгæнæг скъоладзаутæн, сæ ахуыргæнджытæ Бежанты Мананæ, Кобылты Лондæ æмæ Гæбæраты Екатеринæйæн бузныджы ныхæстæ загъта хъомылады фарстыты фæдыл директоры хæдивæг Тедеты Ноннæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.