Царды дӕргъвӕтиндзинад азтӕй нӕ, фӕлӕ стыр хъуыддӕгтӕй баргӕ кӕй у, уыцы хъуыды мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Уарзиаты Савелийы фырт Вилены цард ӕмӕ наукон сфӕлдыстады тых-хӕй фыссын куы райдыдтон, уӕд. Йӕ зӕххон царды цыбыр рӕстӕгмӕ йын афтӕ бирӕ саразын бантыст, ӕмӕ йӕ ном бахӕссӕн ис, ӕппӕты фылдӕр азтӕ чи батыдта ӕмӕ наукӕмӕ аккаг ӕвӕрӕн чи бахаста, уыцы номдзыд адӕймӕгты номхыгъдмӕ.

Ӕгъатыр хъысмӕт ӕй не ‘хсӕнӕй афтӕ раджы куы нӕ атыдтаид, уӕд ын бантыстаид йӕ наукон хъомыс ӕххӕстӕй равдисын, ӕмӕ нӕ фӕстагӕттӕ йӕ ном федтаиккой нӕ наукӕйы зындгонддӕр архайджыты ӕмрӕнхъ. Ахӕм хатдзӕг уымӕн кӕнын, ӕмӕ цы наукон бынтӕ ныууагъта, уыдон аккаг ӕвӕрӕн сты этнографион ир-ахуырадмӕ, стӕй – историон кавказахуырадмӕ дӕр.

Уарзиаты Вилен 1975 азы иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ каст фӕци Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университет. Иртасӕн куысты йӕм арӕхстдзинӕдтӕ кӕй уыдис, уый тыххӕй дарддӕр ахуыр кӕнынмӕ бацыд ССР Цӕдисы Наукӕты академийы Этнографийы институты аспирантурӕмӕ. Каст ӕй куы фӕци, уӕд ӕнтыстджынӕй бахъахъхъӕдта кандидатон диссертаци ӕмӕ кусын райдыдта ЦИПУ-йы. Цыбыр рӕстӕгмӕ хистӕр ахуыргӕнӕгӕй схызт кафедрӕйы профессоры онг. Куыста Цӕгат Ирыстоны гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕн институты дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ хорз фӕд ныууагъта, куыд курдиатджын ахуыргонд ӕмӕ сыгъзæрин зӕрдӕйы хицау, афтӕ.

Уарзиаты Вилены наукон архайдыл 20 азы дӕр ӕххӕстӕй нӕ цӕуы, афтӕмӕй йӕ фӕстӕ ныууагъта 100 наукон куысты ирон адӕмы, стӕй Кавказы адӕмты материалон ӕмӕ удварны культурӕйы алыхуызон фарстытыл. Се ‘хсӕн ис монографитӕ, уацтӕ ӕмӕ программон раныхӕстӕ наукон форумты. Фæлӕ ныхас ӕрмӕст наукон бынтыл нӕ цӕуы. Вилены куыстыты зыны авторы сфæлдыстадон хицӕндзинад, ногдзинӕдтӕ хаста этнографион иртасӕнтӕ ӕмӕ бындурон этнографион ӕрмӕджыты методикӕмӕ.

Этнографимӕ хуымӕтӕджы не ‘рбацыд, фӕлӕ арф хъуыдыгӕнгӕйӕ. Адӕймаг дисы бацӕуы, йӕ уарзон хъуыддагыл куыд зӕрдиагӕй архайдта, ууыл. ЦИПУ-йы, историон факультеты студент уӕвгӕйӕ, уый йӕхимӕ ӕркӕсын кодта йӕ докладты ӕмӕ раныхӕсты хицӕндзинадæй, архайдта ССР Цӕдисы Наукӕты академийы этнографийы институты ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны наукон-иртасӕн институты археологон, фӕстӕдӕр та – этнографион экспедициты дӕр Ирыстоны. Уыдон ын стыр ӕххуыс фесты канд дӕсныйад равзарынӕн нӕ, фӕлӕ ма сбӕрӕг йӕ наукон фӕндаг дӕр (традицион культурӕ).

Нӕ зонгӕдзинад æмӕ ӕнгом ӕмгуыстад Виленимӕ райдыдта йӕ студентон бонтӕй фӕстӕмӕ. ЦИПУ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ‘хсӕн ивгъуыд ӕнусы 70-ӕм азты хорз традици уыдис студентты делегацитӕ кӕрӕдзимӕ ӕрвитын. 1974 азы майы ЦИПУ-йы студентты делегацийы (уӕд ӕз уыдтӕн историон факультеты декан) уыдис дыууӕ студенты истфакӕй – Уарзиаты Вилен ӕмӕ Гутнаты Феликс. Вилен доклад скодта, скифты бынтӕй ирон цардуагмӕ цы фӕхӕццӕ, уый тыххӕй, Феликсы доклад та уыдис Дзӕуджыхъӕуы историйы иу рӕстӕджы фӕдыл. Уазджыты докладтӕ не студент-тӕм фӕкастысты цымыдисаг. Уӕд дӕр бӕрæг уыд, ацы ӕвзонг лӕппутӕм хорз наукон фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

Фӕстӕдӕр мах Уарзиайы фыртимӕ базонгӕ стӕм хӕстӕгдӕр. Уӕд уый йӕ ахуыр фӕуд кодта университеты. Мӕнӕн ӕхсызгон уыд, ӕппӕт историон предметтӕй хъауджыдӕр йӕ зӕрдӕ этнографимӕ кӕй ӕхсайы, уый, ӕмӕ, дам, бафӕлвардзынӕн ССР Цӕдисы Наукӕты академийы этнографийы институты аспирантурӕмӕ бацӕуыныл. Йӕ бӕллиц, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕххӕст, ӕмӕ Вилен мӕнӕн иудадзыг хъусын кодта, кандидаты диссертацийыл куыд кусы, уый тыххӕй. Фӕстӕдӕр фарст куы слӕууыд оппонент равзарыны фӕдыл, ӕмӕ мӕнӕн куы бабар кодта фыццаг оппонент уӕвын, уӕд ӕз дыууӕ нал загътон йӕ фӕндоныл. Уарзиаты Вилены диссертаци мӕ, ӕнӕ гӕдыныхасӕй, дисы бафтыдта. Уӕды онг ӕз иу ӕмӕ дыууӕ хатты официалон оппонент нӕ уыдтӕн, докторы ӕмӕ кандидаты диссертацитӕ хъахъхъӕнгӕйӕ. Фӕлӕ Вилены куыстӕй цы ӕхсызгондзинад райстон, ахӕм ӕндӕр никӕй куыстӕй.

Ӕргом куы дзурӕм, уӕд наукон куыст уыдис тынг хӕдхуызон. Уӕды онг Кавказы адӕмты материалон культурӕ иртасджытӕ сӕхи тынг нӕ тыхсын кодтой уымӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны цæстӕнгасӕй ӕркӕсыны тыххӕй, фаг ӕргом не здӕхтой традицион культурӕйӕ нырыккондзинадмӕ “хидтӕ” ӕвӕрынмӕ дӕр. Вилены куысты та бӕрӕг уыдысты канд ирӕтты культурӕйы традицион миниуджытӕ (цӕрæнуат, уӕлӕдарӕс, хӕлц, ӕндӕр фӕрӕзтӕ) нӕ, фӕлӕ ма бӕлвырд хатдзӕггонд цыдысты культурӕйы алыхуызон фӕзындтытӕ, стӕй автор афӕлвӕрдта ног фæзындтыты уидӕгтӕм ныккæсынмӕ дӕр. Фӕстӕдӕр азты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ раздӕхт йӕ диссертацийы темӕмӕ, кӕцыдӕр бынӕттӕ фӕбӕлвырддӕр кӕнгӕйӕ. Арф хъуыдыджын сты йӕ куыстытӕ: “Отражение социально-экономических условий и этнических традиций в современном жилище осетин”, “Влияние культурно-бытовых традиций на современную одежду”, “Традиции и инновации в пище осетин” ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Материалон культурӕйы рӕзты фӕзындтытӕ иртасыны фӕстӕ Уарзиайы фырт ахӕм фӕзындтытӕ ахуыр кӕнын райдыдта удварны культурӕйы дӕр. Стыр диссаг у, адӕмон нысаныл кӕм дзырдӕуы, уыцы куыст “Флаг в семейных обрядах осетин”. Тырысамӕ историон цӕстӕнгасӕй ӕркӕсгӕйӕ, ахуыргонд балхынцъ кодта, зӕгъгӕ, ирӕтты фыдӕлтӕм тырыса уыдис цалдӕр хуызы, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кодтой куыд сӕ хуызӕй, асӕй ӕмӕ ахуырстӕй, афтӕ аивдзинӕдтӕй дӕр. Йӕ иртасӕнтӕм гӕсгӕ, алайнаг дугӕй фӕс-тӕмӕ бындурон уыдысты ӕртӕ хуызы ӕмӕ амыдтой: Хуыцауӕн кувындзинад ӕмӕ удварны сыгъдӕгдзинад (урс), хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинад (сырх) фӕрныгад ӕмӕ бӕркад (бур). Ацы хуызты ахуыргонд сбӕрӕг кодта рагон ирайнаг ӕхсӕнады ӕртӕкъӕпхӕнон бындур.

Хицӕн ныхасы аккаг у Уарзиайы фырты хуыздӕр куыстытӕй иу: “Средневековый герб алан-осетин”. Ацы куыст цæстуынгӕ ӕрмӕг у, ӕнӕхъӕнӕй дӕр йӕхи йӕ уарзон темӕйӕн кӕй лӕвӕрдта, уымӕн. Наукон куыст мыхуыргонд ӕрцыд, автор цы аз амард, уӕд, фӕлӕ иртӕстадон цымыдис Ирыстоны национ символикӕйы ахуырадмӕ, бӕлвырддӕр та йӕ гербмӕ уымӕ фӕзынд, аспирантурӕйы ма куы ахуыр кодта, уыцы азты. Наукон куысты бындурыл уый ӕрмӕг ӕрӕвӕрдта аланты-ирӕтты рагон гербы тыххӕй, ӕмӕ уый та фӕлгонцгонд ӕрцыд гуырдзиаг къухфыст картӕйыл 1735 азы. Кавказ ӕмӕ Астӕуккаг Азийы рагондзинӕдтимӕ абаргӕйӕ, бӕлвырд ныхмӕвӕрдты автор сфидар кодта профессор Тогойты Георгийы хъуыды, аланты-ирӕтты гербыл фӕлгонцгонд кӕй ис фыранк (фыранк, сабырдзинады хох хъахъхъӕнгӕйӕ, ома, сабырдзинадхæссӕг хох). Уый æмбӕлы индоирайнӕгты культурӕйы дӕр индоирайнӕгты дугӕй райдайгӕйӕ суанг аланты онг.

Ацы наукон куыст Уарзиаты Вилен ныффыста 1992 азы. Ахӕм бӕлвырд дӕнцӕгтӕ дзы ӕрхаста, ӕмӕ фӕстӕдӕр аланты-ирӕтты герб нымад ӕрцыд Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны республикӕты гербыл. Мӕ уацыл кусгӕйӕ ма сбӕрӕг кодтон, Уарзиайы фыртмӕ, куыд ахуыргондмӕ, афтӕ батӕхудыгӕнӕн цӕмӕ ис, ахӕм хицӕндзинад. Аланты-ирӕтты геральдикӕйы темӕйыл иртасӕн куыстытӕ райдайӕны агъоммӕ уый цалдӕр мӕйы ахуыр кодта гуырдзиаг ӕвзаг. Уымӕн ӕмӕ ирӕтты астӕуӕнусон гербы тыххӕй бӕрӕггӕнӕнтӕ кӕм уыдис, уыцы ӕппӕт историон гуырӕнтӕ дӕр уыдысты гуырдзиаг. Удварны культурӕйы рӕзты тыххӕй цы наукон уацтӕ фыст ӕрцыдысты, уыдоны бафиппайӕн ис ӕвӕджиауы куыст “Культура пива в ритуальной практике алан-осетин”, стӕй ахæм ӕрмӕджытӕ, куыд “Свадьба: “Традиция и современность”, “Развитие осетинской обрядности в Северной Осетии”, “Культура жизнеописания”, “Этнокультурные встречи в народной хореографии осетин” ӕмæ æндӕртӕ.

Уарзиаты Вилены наукон бынты ‘хсӕн ис цалдӕр монографион иртасӕны дӕр. Чиныг “Обрядовые игры и развлечения осетин в XIX-нач. XX вв”уагъд æрцыд 1982 азы. Ам автор афæлвæрдта этнокультурон традициты хъуыды йӕхирдыгонау бамбарын кӕныныл, уый онг та сӕм этнографтӕй ничи бавнӕлдта. Афтӕмӕй та уыдон ирӕтты удварны цард ӕххӕстдӕр кодтой ивгъуыд рӕстӕджы. Авторы наукон фæллӕйтты ахсджиаг бынат ахсы йӕ фӕстаг чиныг “Праздничный мир осетин”. Уый уагъд æрцыд Мӕскуыйы уырыссаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтыл. Йӕ тираж уыди фондз мины ӕмӕ йӕ уайтагъддӕр чиныгкӕсджытӕ аскъӕфтой. Уый дзурӕг у йӕ бирӕ хорздзинӕдтыл. Уым амынд ӕрцыд, нӕ адӕмы алы минӕвар, кӕцыфӕнды бӕстӕзонӕг дӕр традицион культурӕйӕ ӕппынкъаддӕр цы хъуамӕ зона, уыдӕттӕ: адӕмон бӕрӕгбонтӕ, ирон куывды ӕгъдӕуттӕ, адӕмон хъӕзтытӕ ногбоны хӕдзаронтӕй суанг алыхуызон кӕфтытӕм.

Уарзиаты Вилен йӕ наукон архайд райдыдта куыд ирон культурӕ иртасӕг, афтӕ. Цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ иртасӕн фӕлгӕттӕ систы ӕгӕр къуындӕг ӕмӕ фӕуӕрӕхдӕр кодта йӕ наукон архайды географи. Ууыл дзурӕг сты йӕ бирӕ иртасӕнты фӕзилӕнтӕ. Нӕ ныхас сфидар кӕнынӕн зӕгъдзыстӕм йӕ монографи “Культура осетин: связи с народами Кавказа”-йы тыххӕй (1990 аз). Уым фыццагдӕр кавказиртасынады ӕргом здӕхт цӕуы ирӕттӕ ӕмӕ сӕ фыдӕлты этнокультурон бастдзинӕдты тыххӕй сыхаг адӕмтимӕ. Ахуыргонд йӕ монографийы хатдзӕгтӕ кӕны, адӕмты материалон ӕмӕ удварны культурӕйы ӕмхуызон культурон цардуаджы хицӕндзинӕдтӕ кӕй ис, уый тыххӕй, ӕмӕ, дам, ахӕм фӕзындыл дзурӕг сты сӕ историон хъысмӕттӕ ӕмӕ кӕрӕдзийы ӕндӕвдад. Ацы темӕ дарддӕр ӕмбӕлы, ирон-мӕхъӕлон этнокультурон бастдзинӕдтыл, Цӕгат Кавказы адӕмты куклӕты театрыл, ирон-кӕсгон ӕмахастдзинӕдтыл Вилен цы уацтӕ ныффыста, уыдоны. Ӕппӕт куыстытӕ дӕр сты, рӕстӕджы домӕнтӕн абон дӕр дзуапп чи дӕтты, ахӕмтӕ.

Max иууылдӕр ӕвдисӕн стӕм, ССР Цӕдисы фехӕлды фӕстӕ адӕмты ‘хсӕн ахастдзинӕдтӕ кӕй фӕцудыдтой, уымӕн. Уымӕ гӕсгӕ рагон хӕлардзинады традицитӕ ногӕй сырӕзын кӕнынӕн иртасӕн-тӕ ахсджиаг сты регионы алы адӕмты этнокультурон ӕмахастдзинæдтæ банывыл кӕнынӕн. Ацы хъуыддаг алыг кӕнынӕн канд наукон аргъ кӕй нӕй, фӕлӕ ма практикон нысаниуӕг дӕр, уый Уарзиайы фырт бамбӕрста суанг ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм азты. Ахуыргонды хъӕппӕрис хъуамӕ Кавказы ӕппӕт регионты ахуыргӕндтӕ дарддӕр ахӕццӕ кӕной, кӕд нӕ фӕнды, нӕ алӕмӕты цӕрӕн бӕстӕйы ном “Кавказ” ногӕй скадджын кӕнын, уӕд.

Адӕмты ‘хсӕн бастдзинӕдтӕ саразыны тыххӕй Уарзиаты Вилен цы наукон куыстытӕ ныффыста, уыдоныл нымад у йæ монографи “Символы и знаки великой степи. История культуры древних тамадов” дӕр. Ӕмавтор ын уыдис казахаг ахуыргонд, профессор А.А. Галеев. Хъыгагæн, чиныг чысыл хъуыстгонд у ахуыргӕндты ‘хсӕн, стӕй Ирыстоны ӕхсӕнады дӕр. Уымӕн ӕмӕ Алма-Атайы рацыд 2006 азы чысыл тиражӕй, ӕмӕ ма дзы цалдæр экземпляры ӕрбафтыд Ирыстонмӕ. Чиныг арӕзт у разныхас ӕмӕ фараст хайӕ. Адонӕй ӕртӕ хайы: “Из истории этнокультурной символики алан-осетин”, “Из истории сакоскифского наследия” ӕмӕ “Средневековый герб алан-осетин” ныффыста Уарзиаты Вилен. Ахӕм сӕргӕндтимӕ, суанг фæлхатт чи кӕны, уыдонимӕ дӕр ма (астӕуӕнусон герб) мыхуыргонд ӕрцыдысты ахуыргонды ӕндӕр ӕрмӕджытӕ, фӕлӕ уыдон иу не сты. Ног чиныджы ӕргом здӕхт цӕуы, рагон ӕмӕ астӕуӕнусон цӕугӕцардгӕнджыты историйы уӕды онг ахуыргонд чи не ‘рцыд, ахæм фарстытӕм, цӕргӕ та кодтой евразийаг быдырты. Уыдон уыдысты иранӕвзагон сактӕ, скифтӕ, алантӕ, рагон тюркӕгтӕ ӕмӕ кипчактӕ дæр. Сӕ ӕмахастдзинӕдты арфдзинад чиныджы автортӕ ӕвдисынц нырыккон ирӕттӕ ӕмæ казахӕгты культурон-генетикон бастдзинӕдты ирд дӕнцӕгтӕй.

Уарзиайы-фырты кӕцыдӕр къӕпхӕны онг банымайӕн ис, зындгонд ахуыргӕндтӕ Ж. Дюмезилы, Д. Раевскийы, В. Ивановы ӕмӕ Абайты Васойы ахуырад дарддӕр чи хӕццӕ кодта, ахӕм ахуыргондыл. Уый архайдта сӕ наукон хъуыды рӕзын кӕныныл ӕмӕ индоевропӕйаг адӕмты дунейы хуыз рацаразын. Алайнаг-ирон адӕмты истори ӕмӕ культурӕйы бындурыл уымӕн бантыст дунейы ӕртӕминиуӕгджын хуыз саразыныл. Куыстадон, ӕфсӕддон ӕмӕ дины миниуджытӕ бындур ӕвӕрынц ӕхсӕнадӕн ӕмӕ бӕрӕг кӕнынц ирӕтты культурӕйы ӕппӕт фӕзындтытӕ. Культурӕ нӕу ӕбӕлвырд нысанты ӕмбырдгонд, фӕлӕ у хъӕддых системӕ ӕмӕ ӕппӕт нысантӕй арӕзт цӕуы иугонд текст. Ахӕм хатдзӕгтӕм ахуыргонд ӕрцыд ирӕтты культурӕйы традицион хӕйттӕ бахынцыны бындурыл, куыд ӕртӕ чъирийы, кафт “Симд” ӕмӕ ӕртӕкъахыг фынг, афтӕ.

Ахуыргонды фӕллӕйтты сӕрмагонд бынат ахсынц Ирыстоны культурӕ ӕмӕ наукӕйы зындгонд архайджыты сфӕлдыстадон сурӕттӕ.  Андрей Шегрены, куыд ирон ахуырады зындгонд архайӕгыл, афтӕ чысыл ӕрмӕг фыст не ‘рцыд. Уарзиайы-фырты уац иннӕ куыстытӕй хицӕн кӕны уымӕй, ӕмӕ фыццагдӕр уый лӕмбынӕг ӕркаст ӕмӕ хатдзӕгтӕ скодта йӕ ирон ахуырады этнокультурон хъуыдытӕн. Тугъанты Махарбеджы тыххӕй уац та фыст ӕрцыд ирон культурӕйы зындгонд архайӕджы райгуырды 100 азмӕ, ӕмӕ автор хатдзӕгтӕ кӕны йӕ историон-этнографион бынтӕн. Уарзиаты Вилен куыд фыссы, афтӕмӕй ацы къабазы Тугъанты Махарбег йӕхи равдыста бирӕ зонӕгӕй, ӕмӕ, фыццагдӕр, йӕхи хъуыдытӕ загъта кавказахуырады нырыккон этнографийы тыххӕй ӕмӕ абон дӕр сӕ нысаниуӕг нӕ фесӕфти. Ацы куыстытӕ фысгӕ-йӕ, Вилен канд наукон цымыдистыл нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ равдыста йӕ зӕрдӕйы хорзӕх. Арфӕйаг кӕй уыдис ахуыргӕндтӕй, уымӕн ӕвдисӕн сты, йӕ ахуыргӕнджытӕ-этнографтӕ Гарданты В.К. ӕмӕ Калоты Барисыл цы уацтӕ ныффыста, уыдон.

Сӕрмагонд рубрикӕмӕ ахӕссын ӕмбӕлы, истори ӕмӕ фольклор кӕм иу кодта, уыцы куыстытӕ. Уыдон сты “К исторической интерпретации осетинских преданий о Хетаге”, стæй, Хъануыхъты Есе ӕмӕ Хъантемырты Мазукы историон зарджытӕ кӕм ӕвзары, уыцы ӕрмӕджытӕ. Авторы къухы бафтыд хӕххон ӕрвылбоны царды кӕцыдӕр сюжеттӕ сбӕрӕг ӕмӕ фӕбӕлвырддӕр кӕнын, стӕй сӕйраг архайджыты сӕ историон фӕлгонцтимӕ абарын. Ирон драматургийы бындурӕвӕрӕг Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстадыл цы уац ныффыста, уый та ӕвдисӕн у ахуыргонды уӕрӕх наукон цӕстӕнгасыл. Йӕ драмӕ “Маймули рухсаг. Ӕгас цӕуӕд ирон театр” ӕвзаргӕйӕ, Уарзиаты Вилен стыр аргъ кӕны драматургӕн, ирон интеллигенцийӕ фыццагдӕр кӕй бамбӕрста, ирӕтты ӕмбӕлгӕ рӕзтӕн профессион театр кӕй хъӕуы, уый. Кӕй ранымадтам, уыдонӕй уӕлдай ма ахуыргонды наукон бынты ӕрмӕджытӕ баззад ирӕтты-махаджирты, этнополитикон нысӕнтты ӕмӕ уӕйгуыты фидар “Зылды мӕсыджы” таурӕгъты тыххӕй.

Иу ныхасӕй, Уарзиаты Вилен йӕ фӕд ныууагъта стыр наукӕйы. Уӕлдайдӕр  ирон  этнографион ахуырады уый схызт бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ. Вилены онг фаг ӕргом ничи аздӕхта цардӕфсисады ӕппӕт къӕпхӕнтӕн хатдзӕгтӕ скӕнынмӕ, уый та раздзог ссис ирон этнографийы. Йе сгуыхтдзинад ма ис, ӕмӕ цардӕфсисады культурӕмӕ кӕй ӕркаст йӕ адӕмы историмӕ, хӕдзарадон-цардыуаджы практикӕимӕ ӕмӕ ӕрдзон-экологиимӕ баст ӕппӕт фарстытӕ ӕмӕ  ӕндӕр  хицӕндзинӕдтыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Уымӕй уӕлдай ма, Уарзиайы-фырты наукон бынтӕ хицӕн кӕнынц, этнографион иртасӕнтӕ ӕмӕ быдырон-этнографион ӕрмӕгӕй пайда кӕныны методикӕмӕ ногдзинӕдтӕ кӕй хӕссы, уымӕй дӕр. Ахуыргонд иудадзыг уыд ног гӕнӕнтӕ, хуызтӕ ӕмӕ, цы иртӕста, уый зонадон нысаниуӕджы агуырды.

Ӕнӕзӕгъгӕ нӕй, Уарзиаты Вилены фӕллӕйттимӕ зонгӕ кӕнгӕйӕ, адӕймаг цы ӕхцондзинад банкъары, уый тыххӕй дӕр. Уыдон фыст сты хъӕздыг уырыссаг ӕвзагӕй ӕмӕ ӕнцон кӕсӕн. Наукӕйы нырма бирӕ ис ӕбӕлвырд, историйы фӕлмы ӕмбӕхст фарстытӕ. Уарзиаты Вилен никуы ацыд сӕ иувӕрсты, архайдта сӕ уидӕгтӕм сын ныккӕсыныл, дзырдта йӕхи хъуыдытӕ иу кӕнӕ иннӕ фарстыты тыххӕй, ӕмӕ ахӕм архайд кад кӕны ӕцӕг ахуыргондӕн. Иртасӕгӕн наукон симпозиумтӕ, ахуыргӕндты фембӕлдтытӕ куыд пайда сты, уый ӕмбаргӕйӕ, Вилен-иу ӕдзухдӕр рæстӕг ссардта уыдоны архайынӕн. Этнографион наукӕйы дуне йын уыд æппӕтӕй зынаргъдӕр. Уыимӕ йе сфӕлдыстад уыдис бастдзинады стыр фӕрӕз йе ‘мкусӕг этнографтӕн. Бирӕ хӕт-тыты Вилен докладтӕ скодта этнологты ӕрвылазон сесситы, Астӕуккагазиаг-Кавказаг бакастыты, дунеон конференциты, архайдта Евро-пӕйы бӕстӕтӕм экспедицийы дӕр.

Цард куыд ӕвдисы, афтӕмӕй кад ӕрцӕуы, курдиат кӕмӕ вӕййы ӕмӕ фӕллой кӕнын чи фӕуарзы, ахӕм адӕймагмӕ. Ацы ныхӕстӕ ахӕссæн ис Уарзиаты Виленмӕ. Йе ‘рвылбон царды уый хӕст уыд арфæйаг хъуыдыйыл æмæ уыд Райгуырæн бæстæйы æцæг, хъæбул. Мах, йе ʻмкусджытæ, уый нæ рох кæнæм, архайӕм, цӕмӕй Вилен ӕнӕуынгӕйӕ уа не ‘хсӕн, не ‘хсӕнады. 2012 азы стыр монографи “Ирӕттӕ” рацыд Мӕскуыйы. Уый уыд Уӕрӕсейы Наукӕты академийы Этнологи ӕмӕ антропологийы институты ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕнты институты иумӕйаг проект. Уарзиаты Вилен ацы чиныджы бацӕттӕ кодта цыппар хайы. 2013 азы “Ирон этнографион энциклопеди” рацыд, ӕмӕ ам та уый ӕвдыст цӕуы куыд ахуыргонд-этнолог, стӕй ма куыд къорд стыр уацы автор, афтӕ.

Ӕрӕджы та республикӕйы ӕх-сӕнад бацин кодта, ахуыргонды фӕллӕйттӕ Андрей Донченкойы хъӕппӕрисӕй рауагъдадон хӕдзар “Абетӕ”-йы дыууӕ стыр томӕй кӕй рацыдысты, ууыл. Фыццаг чиныг арӕзт у ӕртӕ хайӕ: “Этнологи”, “Истори фольклоры” ӕмӕ “Ирон культурӕ: рӕстӕджы мидӕг ны-хас”. Дыккаг чиныгмӕ та бацыдысты “Новое и традиционное в материальной культуре осетин”, “Народные игры и развлечения осетин” ӕмӕ “Культура осетин: связи с народами Кавказа”. Уымӕй уӕлдай ма дыккаг чиныджы уацтӕ сты наукон ирахуырады бирӕ фарстытыл. Иу ныхасӕй, ирон æвзаджы ахуыргӕндтӕ ӕмӕ кавказиртасджытӕ ныр райстой курдиатджын ахуыргонд Уарзиаты Вилены ӕппӕт фӕллӕйтты чингуытӕ, ӕмӕ сӕ наукон нысаниуӕг абон чысыл нӕу, фӕстӕдӕр та уыдзӕн ноджы ахадгӕдӕр.

Кӕстӕр фӕлтӕртӕ хъуамӕ зоной: Уарзиаты Вилен канд курдиатджын ахуыргонд нӕ уыд, фӕлӕ ма йӕм уыдис музыкалон арӕхстдзинӕдтӕ дӕр, ныв кодта ӕмӕ ма скульптурон фӕлгонцтӕ дӕр арӕзта. Ирыстоны ӕрыгон ахуыргӕндтӕй фыццагдӕр уый ссис Уӕрӕсейы Наукӕты академийы стипенди исӕг, стӕй нӕ ахуыргӕндтӕй фыццагдӕр Оксфорды университеты бакусыны тыххӕй уый райста хуынды гӕххӕтт.

Алы ахуыргондӕн дæр наукӕйы лӕвӕрд цӕуы йӕхи архайды быдыр. Уарзиаты Вилен уым ахста, абоны онг кӕм ничима ис, ахӕм сӕрмагонд тыгъдад, ӕмӕ уый уыд йӕ царды нысан. Куыд ахуыргонд, афтӕ йӕ ном ӕнустӕм баззайдзӕн наукон фӕллӕйтты, куыд адӕймаг, афтӕ та йӕ мысдзысты, чи йӕ зыдта, уыдон се ‘ппӕт дӕр, цы барст фӕндаг ын лӕвӕрд уыдис хъысмӕтӕй, ууыл аккаг хуызы кӕй ацыд, уый тыххӕй.

ЦЫБЫРТЫ Людвиг

профессор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.