Адæймаг æрдзæй цы курдиат рахæссы, уымæй нысанмæздæхтæй куы фæпайда кæны, уæд æхцондзинад фæхæссы йæхицæн æмæ йæ адæмæн дæр. Не ‘мзæххон æрыгон дизайнер-модельер Бекъойты Хох уæлæдарæс хуыйын, ног модæйы хуызтæ мысын æмæ сын эскизтæ аразын хæрзæвзонгæй райдыдта. Кæд ацы æвзонг лæппумæ курдиат уыдис, уæддæр æй нæ уырныдта, йæ къухы фидæны стыр æнтыс-тытæ кæй бафтдзæн, уый. Фæлæ, абон куыд уынæм, уымæ гæсгæ махæй бирæтæ базонгæ сты, йæ курдиаты руаджы цы диссаджы уæлæдарæсы хуызтæ бахуыдта, уыдонимæ.

Æрыгон дизайнер Бекъойты Хохæн йæ райгуырæн бæстæйы, горæт Цхинвалы 30-æм июны ресторан «Берег»-ы банкетон залы фыццаг хатт æвдыст æрцыд йæ модæты равдыст ахæм номимæ – «Навождение». Йæ коллекцийы бренды ном та хуыйны «BEKOEV collection».

Равдыстмæ æрбацыдысты Бекъойты Хохæн йæ арæхстдзинад æмæ модæйæн табугæнджытæ. Мадзалы цытджын уазджытæ ма уыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, йæ хæдивæг Гаглойты Элиса æмæ æндæртæ. Ацы равдыст æмæ йæ коллекци бацæттæ кæнынæн æвзонг дизайнерæн финансон æххуыс бакодта Президент Бибылты Анатоли.

Бекъойты Хохæн йæ равдыст «Новождение»-йы æвдыст æрцыдысты нырыккон модæйы æппæт фæрæзтæ. Йæ коллекцийы ма сæйраг бынат ахсы национ колорит, ома, йæ хуыд уæлæдарæсы ис ирон орнаменттæ дæр. Æдæппæт равдыст «Навождение»-йы коллекцийы ис 57 уæлæдарæсы. Уыдон сты сылгоймаджы уæлæдарæс: къабатæ, хæлæфтæ, пальтотæ æмæ æндæртæ. Модельер спайда кодта уæлæдарæс хуыйыны рæстæджы алыгъуызон хуыз хъуымæцтæй, афтæ ма сæракæй æмæ хъуындзармæй. Сæ фылдæр хуызтæ уыдысты урс, сырх æмæ тарбын хъуымæцтæ. Йæ коллекцийы цы уæлæдарæс ис, уыдон сты, куыд æрвылбон дарынæн, афтæ ма алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæм æмæ изæртæм кæй скæнай, ахæм къабатæ.

Модæйы изæрмæ æрбацæуджытæ райгондæй баззадысты курдиатджын дизайнеры куыстæй æмæ йын æмдзæгъд кодтой лæугæйæ, афтæ ма йын дзырдтой сæ зæрдæйы фæндиæгтæ æмæ арфæйы ныхæстæ.

Мадзал музыкалон номыртæй барæсугъд кодтой Бететы Алим æмæ Тедеты Татьянæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Бекъойты Хохæн йæ коллекцийы иу хайæн равдыст кæй уыдис ацы аз апрелы мæйы Краснодары.

Хох нын куыд загъта, уымæ гæсгæ йæ ахæм равдыст саразын тынг рагæй фæндыд æмæ ныр йæ къухты кæй бафтыдис, уый йын у æхсызгон.

Ацы професси куыд равзæрста, уый тыххæй та нын загъта, зæгъгæ, мæ ацы дæсныйад агуырдта æмæ мæ ссардта, – дзуапп нын радта худгæбылæй.

Йæ дарддæры фæндты тыххæй та нын загъ-та, кæй йæ фæнды ныр та нæлгоймаджы æмæ сывæллæтты уæлæдарæсы моделтыл бакусын.

Уæдæ, мах, газет «Хурзæрин»-ы коллектив дæр арфæ кæны ацы æвзонг курдиатджын мо-дельер-дизайнерæн æмæ йын нæ зæрдæ зæ-гъы ноджы фылдæр æнтыстытæ йæ дарддæры куысты.

Туаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.