Хетæгкаты Къостайы преми 2019 азы лæвæрд кæмæн æрцыдис, уыдонæй иу у историон зонæдты кандидат Хъуылымбегты Роберт. Нæ уацхæссæг фембæлд йемæ æмæ ныхас кодтой цы преми райста, уый æмæ йæ алыварс зæгъинæгты тыххæй.

– Роберт, ноджы дæр ма дын мæхи æмæ газет «Хурзæрин»-ы коллективы номæй арфæ кæнын 2019 азы дын Хетæгкаты Къостайы преми лæвæрд кæй æрцыдис, уый тыххæй. Зæгъ ма, ахæм стыр ном æнцон хæссæн у , дæ царды дын исты фæивта?

– Цыфæнды хъуыддаджы дæр адæймаг адæймаджы фарсмæ куы балæууы, иу иннæйы хъуыддæгты йæхи хорзæрдæм куы равдисы, уæд уый æз нымайын æнæмæнгхъæуæгыл. Хатын ме ‘нтыст дæуæн æмæ уæ коллективæн дæр уыд æхсызгон, афтæ ма бирæ æндæр кæмæндæрты. Арфæ мын кæнут æмæ уæхæдæг дæр арфæйаг ут.

Къостайæн цахæм аргъ æмæ кад ис, уый, æрмæст ирон адæм нæ зонынц, фæлæ ма ирон адæмы æнтыст æмæ хорздзинæдтыл чи цин кæны, уыцы æфсымæрон адæмтæ дæр. Ахæм удгоймаджы номыл преми хæссай уый хуымæтæджы хъуыддаг нæу. Уымæн æмæ ахæм преми адæймаджы раз æвæры бирæ æндæр алыгъуызон ахсджиаг хæстæ. Цæвитонæн, уый зæгъдзынæн æмæ преми райсæгæн адæм æрмæст йæ зонындзинæдтæй ма хъуамæ уой райгонд, фæлæ ма йе гъдау æмæ æппæтмæ дæр йæ хорз æмæ раст ахастæй дæр.

Цы хауы фарсты дыккаг хаймæ, уым та ба-нысан кæндзынæн уый, æмæ афтæ зæгъон преми райсыны фæстæ мæ царды бындуро-нæй фæивта, уый раст нæ уыдзæнис, фæлæ Къостайы преми райсæджы ном хæссын кæй райдыдтон, уый у æгæрон стыр кады хъуыд-даг.

– Преми цы чиныджы тыххæй райстай «Южная Осетия от прошлого к настоящему», уый ныффысыны хъуыды дæм кæд фæзынд, æнхъæл уыдтæ æмæ йын ахæм стыр аргъ скæндзысты?

– Алы сфæлдыстадон кусæджы дæр, фæнды, цæмæй йын йæ куыстытæ бауарзой адæм, кæной йын æмбæлон аргъ. Уыцы хъуыдытæ мæнмæ дæр уыдысты æмæ дарддæр дæр уыдзысты. Историон факттæм æвзыгъддæр кæй дæн, тынгдæр мæ кæй цымыдис кæнынц, уый тыххæй æвддæс азы размæ райдыдтон æрмæджытæ æмбырд кæнын. Бацæттæ сæ кодтон, радтон сæ мыхуырмæ æмæ чиныг рацыд 2017 азы. Раст зæгъгæйæ, мæ фысгæ фыссын ахæм зын фæндагыл цæуын бахъæудзæнис уый райдианæй куы зыдтаин уæд, гæнæн ис æмæ йæ фыссын дæр нæ райдыдтаин. Æрмæджытæ æмбырд кæнгæйæ бирæ рæстæг арвыстон архивты, библиотекæты, зонадон уагдæтты. Уымæй дарддæр ма æрмæджыты фылдæр хай уыдысты рагон, цыд сæ бирæ рыг æмæ ма разиан кодтон ме ‘нæниздзинадæн дæр. Куы сæ æрæмбырд кодтон, уæд банкъардтон, мæ разы цы хæс сæвæрдтон уый æнтысгæйæ æххæст кæй æрцыдис, уый. О, фæлæ никуы тырныдтон, цæмæй мын мæ куыстæн скодтаиккой ахæм стыр аргъ.

– Радзур ма  Къостайы преми демæ чи райста уыдон тыххæй, уæдмæ се ‘ппæтимæ дæр зонгæ уыдтæ, кæрæдзимæ уын цахæм ахастытæ ис?

– Æрмæст æз нæ, фæлæ мæм афтæ кæсы æмæ Гаглойты Юри, Дзабиты Зарбег, Дзугаты Къоста, Чехойты Оля æмæ Уалыты Нинæйы Ирыстоны цæрæг адæм æнæзонгæ не сты. Зонынц сæ сæ историон, философон, поэтикон æмæ музыкалон куыстытæ æмæ æнтыстыты фæрцы. Æз семæ зонгæ дæн рагæй. Стыр аргъ æмæ сын кад кæнын куыд сæхицæн, афтæ сæ куыстытæн дæр æмæ уыцы хъуыдыйыл хæст уыдзынæн дарддæр дæр.

– Бирæ кæмæйдæрты фехъусын, зæгъгæ, раст нæу æмæ иу адæймаг Къостайы преми райса цалдæр хатты. Ацы фарсты тыххæй та цахæм у дæ хъуыды?

– Ацы фарсты тыххæй мæ хъуыды уый у æмæ ахæм дзурджытæ не сты раст. Уымæн æмæ преми нæу схъæздыг кæныны, фæлæ у разæнгардгæнæг фæрæз. Кæд æмæ иу ахуыргонд, фыссæг, аивад æмæ культурæйы кусæгæн премийы фæстæ бантыса æндæр ахсджиаг куыст бакæнын, уæд уыцы куыстæн цæмæннæ хъуамæ æрцæуа æмбæлон аргъ.

– Къоста Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæн у иумæййаг. Цæгаты Къостайы преми сæхæдæг хицæнæй дæттынц, Хуссары дæр хицæнæй. Хуыздæр нæ уаид æмæ Ирыстон иу иумæййаг преми куы дæттиккой, уæд уый?

– Абон ирон адæмы, дыууæ Ирыстоны кæрæдзимæ тынгдæр чи æнгом кæны, уыдонæй сæ иу у  Къоста. Йæ архайд æмæ куыстыты уый йæ адæмы дихтæ никуы кодта, сидтис æнгомдзинадмæ. Уый тыххæй æз растыл нымайын, цæмæй Къостайы преми дыууæ Ирыстонæн уа иумæйаг. Иуæй иу фæсарæйнаг бæстæты дæр цæры дзæвгар ирæттæ. Цас раст уыдзæнис æмæ уым дæр Къостайы преми куы дæттиккой, уæд уый. Ирыстоны ма ис æндæр премитæ дæр, фæлæ уыдон лæвæрд цæуынц Иугонд Ирыстоны минæвæрттæн.

– Дæхæдæг загътай, зæгъгæ, Къостайы преми æрмæст кады хъуыддаг нæу, фæлæ йæ райсæджы раз æвæры бирæ æмæ алыгъуызон ахсджиаг æмæ вазыгджын хæстæ. Зæгъ-ма, ныр та цæмæй барухс кæндзынæ ирон, ирыстойнаг чиныгкæсджыты зæрдæтæ?

– Куыд фæзæгъынц, уыйау, цард, дам, цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Абон мæм ног чиныг ныффысыны хъуыды нæма ис. Æххæст кæнын зонадон æмæ мыхуыры куыстытæ. Кæд мæм исты чиныг ныффыссыны хъуыды фæзына, уæд та йæ ныфыссынмæ нæ базивæг кæндзынæн.

                                                     ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.