Хуссар Ирыстоны фæсивæдæн стыр æнтыстытæ ис спорты къабазы. Уымæн æвдисæн сты нæ æвзонг спортсменты уæлахизтæ дунейы æмвæзадыл турнирты, Европæ æмæ дунейы чемпионатты æмæ олимпиадæты.

Армхæстæй Европæ æмæ дунейы æвзонг чемпион Гасситы Сосланы æнтыстытæ иннæ спортсменты æмрæнхъ æнæхъусдард не сты нæ республикæйы къухдариуæгадæй.

Знон цытджын уавæры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Кады грамотæйæ схорзæхджын кодта Гасситы Сосланы.

Тыбылты Леонид æхсызгонæй райста бафæзминаг æмæ цæвиттойнаг кæстæр Сосланы. Зæрдиаг арфæтæ æмæ æнтыстыты фæндиæгтæй ма дарддæр бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта:

«Спорты ахæм хуыз, куыд армхæст  ацы ныхасы равзæрдæн ис ирон бындур, ома, арм. Æмæ йæ Сослан дæр, æвæццæгæн, уымæн æввахс райста йæ зæрдæмæ».

Президент куыд дзырдта, уымæ гæсгæ Ирыстоны фæсивæд хорз фæндагыл лæууыдысты æмæ лæууынц – бирæтæ сæ хъарутæ æвзарынц спорты алы æмæ алы хуызты. Зæрдыл æрлæууын кодта олимпион чемпион Рæмонты Сосланы æнтыстытæ дæр.

«Æхсызгон куыднæ у, дунейы алырæттæй куы æрыхъуысы не ‘мзæххонтæ сызгъæрин, æвзист æмæ бронзæ майданты аккаг куы свæййынц. Фæнды нæ, цæмæй уыцы тыгъдад ноджы уæрæхæй-уæрæхдæр кæна», – дзырдта Тыбылты Леонид.

Сосланмæ ахасты уыцы æгъдау, тых æмæ хъару, Президенты хъуыдымæ гæсгæ, рæсугъдæй дарддæр хъуамæ кæна. Ирыстоны сомбон, зæгъгæ, уæ къухты ис, æмæ йæм аразут фæндаг – уыцы фæндагыл хъуамæ цæуат æнтыстджынæй.

Спортсменты ныййарджытæм ахасты Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, кæстæры хорздзинад уынын ныййарæгæн у иууыл бæрзонддæр хорзæх. Уыцы хорзæхæй хайджын сты Сосланы ныййарджытæ дæр. Бузныджы ныхæстæ загъд æрцыд Сосланы тренер Болататы Владимиры номыл дæр, нæ кæстæр фæ-сивæдыл нын афтæ чи ауды, уыдон дæр, зæгъгæ, сты кады аккаг.

Мадзалы хайадисæг Фæсивæд, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей æмæ Спорты фарстыты фæдыл Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин дæр нæ бавгъау кодтой сæ фæндиæгтæ æвзонг спортсменæн.

Зассеты Сергей лæмбынæг радзырдта, Сослан цы спорты хуызы архайы, уый тыххæй æмæ сæрмагондæй та Сосланы æнтыстыты фæдыл.

Джиоты Руфин дæр æдзух райы æрыгон спортсмены æнтыстытыл:

«Сослан нын нæ зæрдæтæ рухс кæны йе ‘нтыстытæй. Ныртæккæ спортмæ стыр хъусдард ис. Æрдзæй нын цы курдиат лæвæрд ис, уый кæм æмæ куыд равдисæм, ахæм фадæттæ арæзт цæуы паддзахады къухдариуæгады ‘рдыгæй. Паддзахадæн йæ сомбон йæ фæсивæд у – уый хорз æмбары къухдариуæгад æмæ кæддæриддæр æмбаргæ ахаст ис йе ‘рдыгæй».

Куыд зонæм, афтæмæй бакуыст æрцыд физкультурæ æмæ спорт райрæзын кæныны концепци – «Спорт в пошаговой доступности». Уымæ гæсгæ нæ горæты микрорайонты, афтæ районты дæр арæзт цæуы фадæттæ, цæмæй æвзонг фæсивæд æмæ æрмæст уыдон нæ, ал-кæмæн дæр фадат уа тренажерон залты спортæй архайынæн.

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ микрорайонты ‘хсæн æввахс рæстæджы уагъд цæудзæн турниртæ спорты бæрæг хуызтæй. Ацы тренажерон залты байгом бæрæг фæахъаз уыдзæн, цæмæй фæсивæд æнæниз цардыуаг кæна.

Президент Тыбылты Леониды Барамындмæ гæсгæ ма Хуссар Ирыстоны  сгуыхт тренеры ном лæвæрд æрцыд Сосланы тренер Болататы Владимирæн дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.