Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы 21-ӕм ӕвзарӕн фадыг ӕрбынат кодта астӕуккаг скъолайы бӕстыхайы. Банысангонд рӕстӕгмӕ къамисы уӕнгтӕ алцыдӕр бацӕттӕ кодтой ӕмбӕлон ӕгъдауӕй. Нырма ӕвзӕрстыты райдайынмӕ дзӕвгар рӕстӕг хъуыд, фӕлӕ цӕрджыты иу къорд ӕнхъӕлмӕ кастысты, се ‘мбӕстагон хӕс кӕд сӕххӕст кӕндзысты, уымӕ.

Ацы ӕвзарӕн фадыгмӕ хауынц Къостайыхъӕу, Ход, Тыбылтӕ, Къроз, Дурджын, Багатӕ ӕмӕ Цъӕритты хъӕутӕ. Ӕппӕты раздӕр хъӕлӕс чи радта, уыдон уыдысты Хуыбиаты Мурман, Кокойты Фатимӕ, Бигъуылаты Тамарӕ, Бӕззаты Эдик, ӕмкъӕйттӕ Джиоты Джемал ӕмӕ Хъуылымбегты Маринӕ. Хуссар Ирыстоны ӕфсады йе ‘мбӕстагон хӕс фиды Плиты Аслан, 18-аздзыд ӕвзонг лӕппуйӕн ацы ӕвзӕрстытӕ сты фыццаг ӕмӕ сӕумӕрайсом уымӕн ӕрбацыд хъӕлӕс кӕнынмӕ. Куыддӕр йӕ хӕс ахицӕн кодта ам, афтӕ та атындзыдта йе ‘фсӕддон ӕмбӕлттӕм йӕ ӕрвылбонон хъуыддӕгтӕ бакӕнынмӕ.

Ӕвзарӕн фадыджы къамисы уӕнгтӕ развӕлгъау нымадтой, хъӕлӕс дӕттыны куыст куыд цӕуы, уый ӕмӕ сӕ зӕрдӕ рухс кодта ӕмбӕстӕгты активондзинадӕй. Боны 13 сахатмӕ ӕввахс рабӕрӕг, чи схъӕлӕс кодта, уыдон нымӕц кӕй у 67,5 процентӕй фылдӕр. Ӕвзӕрстыты фӕуды развӕлгъау зонӕнтӕй та рабӕрӕг, ӕппӕты разӕй кӕй цӕуы «Иууон Ирыстон»-ы парти ӕмӕ хицӕн кандидаттӕй та бынӕттон цæрæг Бӕззаты Инал.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.