Кæцыфæнды горæтмæ ма бацу, йæ фыццаг цæсгом сты вокзал æмæ йæ уазæгдон.

Нæ фыдæлтæй нын баззад уазæгæн уæлдай лæггад кæнын. Хæдзары хуыздæр хатæн уазæгæн æфснайдæй дарын, йæ хуыссæнгæрзтæ уæлдай сыгъдæгдæр æмæ хуыздæр хъуамæ уыдаиккой.

Нæ республикæмæ фæстаг азты уæлдай тынгдæр цæуын райдыдтой уазджытæ – бæрзонд ранджы чиновниктæ, аразджытæ, инвестортæ, хуымæтæг адæм…

Алы уазæгæн дæр æндæр бæстыхæйттæй уæлдай йæ цæстæнгас йæ рæсугъддзинадæй йæхимæ хъуамæ æлваса уазæгдон . Æмæ дзы куы æрбынат кæна, уæд та дзы уа æмбæлон уавæртæ, лæггад дзы цæуа уазæгмæ, куыд æмбæлы, афтæ.

Нæ горæты фыццаг сырæзт уазæгдон «Ирыстон». Куыд зæгъынц, афтæмæй ивгъуыд æнусы æмбисы.

Лæггад кодта бынæттон цæрджытæн æмæ ма иу областмæ уазæгуаты чи æрцыд, уыдонæн. Уæд хъæуты бирæ цæрджытæ уыд æмæ-иу горæтмæ базармæ, кæнæ æндæр хъуыддæгты фæдыл æрцæугæйæ, алкæмæн хæстæг хи он нæ цард ам. Уымæ гæсгæ-иу сæ бахъуыд уазæгдоны лæггæдтæй спайда кæнын.

Рæстæг цыд æмæ адæм, нырау, къаддæр нæ, фæлæ фылдæр кодтой. Уазæгдон «Ирыстон» нал æххæссыд уазджытыл æмæ нæ горæты ны-гуылæнырдыгæй, автостанцмæ хæстæг, сырæзт фондзуæладзыгон, уæды царды домæнтæн дзуапп чи лæвæрдта, ахæм уазæгдон «Алан». Афтæмæй нал уыд уазæгдоны æхсæвбынат ссарыны проблемæ.

Афтæ уыд, цалынмæ гуырдзиаг фашизмы аххосæй цард не схæццæ æмæ Ирыстоны зæххыл хæстон архайдтытæ нæ райдыдтой, уæдмæ Кæддæры рæсугъд æмæ аив уазæгдон «Алан» цадæггай раууатмæ цæуын райдыдта… Куыд сæрмагонд хæдзар, афтæ ам дæр, æппынæдзух, хъуыд цыдæртæ, бацалцæг кæнын, ивын сæ      хъуыд, фæлæ ма уыдæттыл чи хъуыды кодта. Уазæгдоны фыццаг уæладзыджы уыд, бæрзонд æмвæзадыл чи лæггад кодта, ахæм ресторан, кафе. Уыдис дзы торне, авиабилеттæ уæйгæнæн лагъз, хилдасæн… Уыдон дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, ныннымæг сты. Пырх кодта бæстыхайы сантехникæ. Гъе, афтæ уазæгдон сабыргай фæстæмæ лæууын райдыдта, уый дæр æвзæрста хæсты æппæт зындзинæдтæ. Æмбæлдысты йыл алыгъуызон нæмгуытæ, снарядтæ æмæ йæ цадæггай хъæдгæмттæ кодтой. 1991-92 азты сæ хъæутæ æмæ хæдзæрттæ кæмæн басыгътой, уыцы лигъдæттæн уазæгдон «Алан» бирæ фæлæггад кодта. Ам чи æрцард, уыдон пайда кодтой, уазæгдоны цы дзаумæттæ уыд, уыдонæй. Къорд азты цы хуыссæнгæрзтæ æмæ дзаумæттæй пайдачындæуыд, уыдон та ихсийын, цъæл зонынц  æнусон ницы ис. Лигъдæттæ цадæггай фæцыдысты, фæлæ уазæгдон дзуапп нал лæвæрдта иу мæгуыр хæдзары домæнтæн дæр. Бирæ дзаумæттæ кæд зæронд баисты, уæд  ма дзы чи баззад, уыдон та бынтондæр æрбатары сты.

Æмæ уæдæ цахæм уавæры ис ныртæккæ та уазæгдон «Алан», уымæ цымыдисгæнгæйæ бацыдыстæм ацы административон уагдонмæ.

Уазæгдоны бæстыхайыл æддейæ цæст ахæсгæйæ дæр зыны, цалцæгкæнинаг кæй у. Йæ директор Мæргъиты Фатимæ ам кусы 1992 азæй фæстæмæ. Цы цалдæр кусæг ма йæм ис, уыдонимæ архайы, йæ уд хъары, цæмæй уазæгдон бынтондæр ма амæла. Катай кæны кæддæры нæргæ уазæгдоны хъысмæт æппындæр кæй никæй æндавы, ууыл. Æцæг сæ  æрæджы бабæрæг кодта  республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Уый лæмбынæг байхъуыста уазæгдоны директормæ, азылд уазæгдоны номыртыл æмæ ныфс бавæрдта, куыддæр «Ирыстон»-ы уазæгдон эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа, афтæ кæй æр-кæсдзысты «Алан»-ы бæстыхаймæ дæр.

Мæргъиты Фатимæ куыд зæгъы, афтæмæй цалдæр азы размæ уазæгдоны агъуыстæн раивтой йе ‘мбæрзт. «Уыцы хъизæмарæй фервæзтыстæм æмæ нæхи тыхтæй нæ бон куыд цыдис, афтæ 10 номыры бæрц сцалцæг кодтам. Кусджытæй хæдзары кæмæ цы мигæнæн уыд, уый æрбахаста. Афтæмæй лæггад кодтам, цы иугай уазджытæ нæм цыд, уыдонæн. Сантехникæйы хæтæлтæ дæр, уазæгдон куы сырæзт 1977 азы, уæдæй нырмæ ивд нæ цыдысты.  Доны хæтæлты згæ бахордта æмæ сæ фæйнæрдыгæй дон хъары. Цы дæс номыры сцалцæг кодтам, уым сæ пластиктæй раивтам, фæлæ фондзуæладзыгон бæстыхай доны æмæ канализацийы хæтæлтæ раивын нæ бон нæ цæуы».

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй уазæгдон бынтон раууатмæ æрцыд 2008 азы фæстæ. Алыгъуызон снарядтæ йыл згъæлдысты, йæ уæлхæдзары æмбæрзт дæр та фегæмттæ æмæ къæвда æддейæ куыд уарыд, афтæ уарын райдыдта мидæгæй дæр. Хæсты фæстæ, Уæрæсейы æххуысæй бавнæлдтой бæстыхай цалцæг кæнынмæ, хъавыдысты ногæй элекрохæххытæ саразын. Уазæгдоны администрацийы кусджыты цинæн кæрон нал уыд. Фæлæ иу афон кусджытæ æрбатары сты, æрдæгыл фæуагътой сæ куыст, æндæр объекттæ аразынмæ фæлыгъдысты. Сæ бон куы базыдтой администрацийы кусджытæ, уæд æм сæхи тыхтæй æрæвнæлдтой рог цалцæг кæнынмæ. Ныртæккæ, æрмæстдæр, дыккаг уæладзыг кусы, ис дзы хъарм дон дæр. Иннæ уæладзгуыты хатæнты дуæрттæ сты æхгæд.

Уазæгдон «Алан»-мæ бахизгæйæ цæст нал схæцы раздæры аив фæлгонц вестибюлыл. Æцæг, сыгъдæгдзинадæй ам рахъастгæнæн нæй, цас сæ бон у, уымæй архайынц кусджытæ сыгъдæгдзинадыл. Мæргъиты Фатимæ куыд зæгъы, афтæмæй фæстаг рæстæг нæ горæты цалдæр амалиуæггæнæджы сæ къахыл слæууын кодтой уазæгдонон бизнес. Уыдон  суткæ иу адæймагæй исынц 1500-2000 сомы. Уазæгдон «Алан»-ы та суткæ у 600 сомы. Уазджытæ сæм бирæ нæ цæуы, фæлæ сæм иу хатт чи вæййы, уыдон та сæ иннæ хатт дæр бацагурынц. Вæййы сæм уазджытæ дæрддаг хъæутæй дæр.

Раст у, ныртæккæ нæ республикæйы къухдариуæгады тыхтæ здæхт сты социалон нысаниуæгджын объекттæ æмæ цæрæнуат сæндидзын кæнынмæ. Фæлæ хорз уаид, кæддæры рæсугъд уазæгдон дæр та ногæй æххæстæй дзуапп куы дæттид йæ нысаниуæгæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.