Минералон дон «Аландон»-ы генералон директор Босыкты Олег куыд хъусын кæны, афтæмæй 10-æм июнæй сæ компани йæ куыст сног кодта. Минералон дон кæй нал уагътой, уымæн йæ аххосаг – сæ ифтонгады кæцыдæр хæйттæ базæронд сты.

«Доны рауагъды къуылымпыдзинæдтæ фæзынд, минералон дон цы хаххыл уадзæм, уый кæй базæронд, уый аххосæй. Ныр æй баивтам ногæй, самал сæ кодтам. Канд заводы ифтонггæрзты ивæн хæйттæ нæ, фæлæ дыууæ хатты фæзынаргъдæр сты, дон кæм ныккæнæм, уыцы мигæнæнтæ дæр. Нæ доны аргъыл уый чысыл бандæвта, фæлæ нын æндæр гæнæн нæй. Куыд зонæм, афтæмæй полипропилены хæйттæ иууылдæр ласт цыдысты фæсарæнтæй. Авджы сæрыл цы пробкæтæ ис, уыдон уадзынц Уæрæсейы дæр, фæлæ дзы æгас Уæрæсейы Федерацийы ис æрмæстдæр дыууæ ахæм заводы. Цæмæй уыдонмæ продукци балхæнай, у уый тыххæй сæм рады лæууын хъæуы, иу кæнæ дыууæ мæйы раздæр», – загъта Босыкты Олег.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй заводы уавæр чи не ‘мбары, уыдон арæх фæхъас кæнынц, ома, дам, дон нæхи у, ласгæ йæ нæ кæнут, хардз ыл уадиссаг нæ цæуы æмæ, дам, æй афтæ зынаргъмæ цæмæн уæй кæнут.

Босыкты Олег куыд зæгъы, афтæмæй ныр уыдон боны дæргъы уадздзысты  10 мин иу литруат æмæ æрдæглитруат мигæнæнты минералон дон. Июлы мæйы та æрæвналдзысты æрдæглитр æвгтæ уадзынмæ. Уымæн æмæ уыдон хуыздæр агуры фæлхасгæнæг. Компани «Алтей» дыууæ къуыримæ райдайдзæн экспорт кæнын йæ продукци. Ныридæгæн  сæм ис цалдæр заказы. Зæгъы ма, зæгъгæ, ногæй цы ифтонггæрзтæ балхæдтой, уыдон сты хуыздæр ахъаз, доны цы бактеритæ ис, уыдонæй йæ асыгъдæг кæнынæн. Сентябры мæйæ та «Алтей» уадзын райдайдзæнис дыууæ хуызы лимонадтæ «Тархун» æмæ «Груша». Уыцы продукци уагъд цæудзæн æрмæстдæр бынæттон цæрджыты фаг, экспортмæ æрвыст нæ цæу-дзæнис.

Босыкты Олег ма загъта, зæгъгæ, лимонад та сæ бон уы-дзæн боны мидæг 500 æрдæглитруат мигæнæн рауадзын.

Ныртæккæ заводы кусы 10 адæймаджы, сæ куыст-мыздтæ сты 20 мин сомы. Фæлæ лимонад уадзын куы райдайа, уæд райсдзæн ноджы 10 кусæджы. Продукцийы гуырахст куыд фылдæр кæна, афтæ куыстмызд дæр фылдæр кæндзæнис.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.